Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Ахалгойрæгты æнтæф сæрд
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны,
25-æм июны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, коронавирусы 13 активон цау ис
хыгъдмæ хастгонд. Æдæппæт пандемийы периоды сбæлвырдгонд ис
инфицирады 3 451 цау, сынæниз 3383 адæймаг, 68 адæймаг та - мæлгæ
акодта.
«Ахалгоры ныртæккæ стабилон уавæр у. Зæгъæн ис æмæ нæм коронавирусы иунæг цау дæр нæй», - зæгъы районы легитимон уагдоны хистæр Тиникъашвили Нугзар. Уый ныхасмæ гæсгæ, июны мæйы, районы масштабæй, æдæппæт 12 æмбæстаг уыдис инфициргонд, кæцытæ ныр æнæниз сты.
«Тынгдæр уæззау период уыди фæззæджы: уæлдайдæр ноябры мæйы æмæ уæззау уавæр уыдис декабры дæр. Районы вирусы 600 цау фиксирогонд æрцыд. Ныр алцыдæр стабилон у. Цæрджытæн æнæниздзинад хъахъхъæды сервис æнцон райсæн у, уымæн æмæ нын ис Ахалгоры клиникæ, медицинон амбулатори. Цъилкъаны æмæ Фрезеты дæр ис медицинон амбулатори. Куртайы рынчындон ис Цъерованы, дыууæ тагъд медицинон æххуысы бригадæ Мцхетæйы рынчындæтты ис– æдæппæт 5 километры дæрддзæгмæ у махæй æмæ æмæ нын ай ‘рдыгæй нæй проблемæ. Афтæ-ма нæм ис дыууæ пункт, цыран цæуы цæрджыты ковиды ныхмæ вакцинæйы аразын. Ай у Куртайы рынчындон æмæ Ахалгоры æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæды центр. Хъыгагæн нæм мæлæты цаутæ дæр уыдис, кæй зæгъын æй хъæуы. Амæлджыты ‘хсæн уыдис, дыууæ æвзонг нæлгоймаг», - зæгъы Тиникъашвили Нугзар. Уымæн йæ резиденци ис Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты.
Раст у, районы легитимон уагдоны хистæр сервисты æнцонæй райсты тыххæй ныхас кæны, фæлæ мах бацымыдис кодта, цас æнцон райсæн у ацы сервисты райст районы цæрджытæн, кæцытæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны Республикæйы контролгонд территорийыл цæрынц.
Нæ респондент у уыцы мингай æмбæстæгтæй сæ иу, кæцыйæн Ахалгоры уадзæн пункты сыхгæды фæстæ, бынативды (дыууæрдæм цæуыны) бар арæнгонд æрцыд. Уымæн уый дæр зындгонд у, цæмæй сыхгæды аххосаг 2019 азы, Цънелисы æрывæрд гуырдзиаг посты кæй хонынц.
«Ахалгоры/Ленингоры районы сæйраг æмæ актуалон проблемæ абоны бонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ зайы æхгæд фæндаг Гуырдзыстонимæ æмæ официалон бынативды арæнгонд. 2019 азы 4-æм сентябрæй сæрибарæй бынативды сæхгæд, тынг негативонæй сархайдта иумæйагæйдæр адæмы æхсæнадон цардыл. Нæ районы цæрджыты фылдæрæн уым ис æввахс æмæ дæрддаг хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, афтæ бинонты уæнгтæ дæр. Бинонты нысаниуæгджын хай хъыгагæн ныххицæнтæ сты арæны дыууæ фарсырдыгæй. Адæм, бинонты уæнгтæ, хæстæджытæ æмæ æввахс хиуæттæ, зæгъæн ис æмæ, дыууæ азы дæргъы кæрæдзийы нæ федтой. Ахæм цард кæнын махæн тынг зын у. Ахæстоны бадынæй фыддæр уавæрты стæм мах, æниу ахæстоны ахæстæттæн сæ хæстæджыты уыныны бар уæддæр ис...», - фыссы нæм Ахалгоры цæрæг.
«Махмæ вирус састы баззайгæ у. Иунæг-иу къахдзæф ма зайы - вакцинаци», - зæгъынц дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады минæвæрттæ, æниу пандемийы агъоммæ дæр æмæ ныртæккæ «састы баззайæг» вирусы рæстæджы дæр, Ахалгоры районы цæрджытæн сæ фылдæр хайæн сæйраг проблемæ уæддæр Тбилисимæ æхгæд фæндаг у.
Æмбæстагон активист, Меарахъишвили Тамар, ацы факты «Бибиловы цæсгом бахъахъхъæнын» хоны. «Ойы, ай уыди Бибиловы цæсгомы бахъахъхъæнын, уымæн проблемæтæ фæзынд Цънелисы, гуырдзиаг полицæйы посты æрывæрыны тыххæй æмæ уымæ гæсгæ, банымадта æппæтæй хуыздæр амал Ахалгоры сыхгæнын кæй уыдзæн, уымæн æмæ хъуыды кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад, махæн æхгæд фæндаджы бæсты, сразы уыдаид Бибиловы домæнтыл æмæ систаид Цънелисы æвæрд посты», - зæгъы махимæ ныхасгæнгæйæ Меарахъишвили Тамар. Уый ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, æрмæст цалдæр хатты сфæлхатт кодта ацы цауы, зæгъгæ, Ахалгоры гуманитарон кризис у æмæ цæрджытæ зын уавæры сты, реалонæй та, ницы аразы ацы проблемæйы скуынæг кæнынæн.
«Цæрджытæ уыдыстæм æдзæттæ æмæ фæндаджы æбæрæг æмгъуыдмæ сыхгæд махæн æнæнхъæлæджы уыд. Уæдмæ дæр адæмы ‘хсæн кой цыд æмæ хъæуты дæр, адæм сæхæдæг кæрæдзийы фæдзæхстой, цæмæй сæм кæд исты зынаргъ дзаумайæ ис, уæд æй рахастаиккой семæ æмæ рацыдаиккой... Адæм лыгъдысты фактивонæй æмæ дыууæ бонмæ ‘ввахс 400-йы онг адæймаг рахызти Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ; фæлæ мах уæддæр нæ уырныдта, уый тыххæй æмæ расидтысты, æрмæст ахуыры райдыды фæдыл арæнгонд кæй цæуы бынативд (дыууæрдæм цыд), фæлæ ныр тагъд дыууæ азы сæххæст уыдзæн, мах ацы уавæры куы стæм», - зæгъы нын Тамар.
Кæрæдзийы уынынмæ бæллынц, хæстæджытæ мæ сæм ахæм фарст гуыры – æцæгдæр афтæ тынг хъæуы Гуырдзыстоны хицауады Цънелисы пост?! Кæнæ Хуссар Ирыстоны – æдзухæй уый фæлхатт кæнын, цæмæй сæ бартæ хæлд цæуынц, зæгъгæ?!
Меарахъишвили Тамар иунæг-иу у Ахалгоры æмæ æвæццæгæн æнæхъæн дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæр, кæцы ахæм æргомæй æмæ æнæмбæхсгæйæ ныхас кæны Цхинвалы æнæрæстдзинады фæдыл æмæ фыдракæндон архæйдтытыл; коррупцийы æмæ фæлитойдзинады ныгъуылд хицауады гæстыл, афтæ-ма официалон Тбилисы æнæкомпетентон æмæ шаблонон, трафаретон хъусинæгтыл, кæцы реалонæй ницы æххуыс кæны, Гуырдзыстоны æмбæстæгты цардæн, кæцытæ ныр дыууæ азы мидæг «резервацийы» сты æхгæд.
«Чизоны нæм байхъусат, чизоны уын цы хъуамæ зæгъæм, цæуылнæ уæ цымыдис кæны? Байхъусут нæм, базонут æй цы нæ тыхсын кæны æмæ нын æй бамбарын кæнут цы нын уæ бон у баххуыс кæнын, ам баззайæг, æнæхъахъхъæд адæмæн?» - зæгъы Меарахъишвили Тамар Гуырдзыстоны хицауадæн.
Нæ респонденттæ куыд хъусын кæнынц, дэ-факто хицауад, æмбæстондзинады æнæуæвæг гоймæгтæн æнцонвадат скодта паспорты райсын, уæлдайдæр та, Ахалгоры районы цæрджытæн, кæцыты фылдæрæн Гуырдзыстоны æмбæстондзинад ис. Ай иуæрдыгæй фæрогдæр кодта уыдонæн сæ уавæры, уымæн æмæ ныр сæ бон у пенсийы æмæ æндæр социалон æххуысы райсын Цхинвалæй. Æнæ гæсгæ ахæм уæлбартæм, кæцытæ æрмæст уыцырдæм сты арæзт, цæмæй Ахалгоры цæрджыты ‘хсæн æнæразыдзинады стъæлфæн ма фæзына, æнæ гæсгæ цхинвайлаг чиновникты æнæбафæллайгæ фæлхатты, цæмæй Цхинвалы дæр хорз æмæ бæрзонд æмвæзадыл у райрæзт медицинæ, Ахалгоры уадзæн пункты сыхгæды бонæй районы 35-æй фылдæр адæймаг фæзиан, æрмæст уый тыххæй, æмæ нæ райстой аккаг медицинон æххуыс æмæ айдæр, æрмæст уый тыххæй, æмæ сæ акæнын Тбилисмæ рæстæгыл нæ бантыст.
Куыд махимæ интервьюйы Меарахъишвили Тамар загъта, афтæмæй, - «цæрджытæ фæразынц тынг фæзынаргъ продукттæ, дзаумæттæ; фæлæ иунæг-иу, кæцыйы фæразын йæ бон нæу у æнæниздзинад». Ахалгоры районы цæрджытæ та фактивонæй нормалон медицинон æххуысы æдде баззадысты. Куыд Меарахъишвили Тамар зæгъы, уымæ гæсгæ, сæ стоматологмæ дæр Тбилисмæ фæхъæуы цæуын, уый тыххæй æмæ, уыййас хæццæ у Ахалгоры æнæниздзинад хъахъхъæды системæ, æмæ фиксиргонд цæуы ахæм факт, цæмæй тагъд æххуыс бахъæуæг адæймаг фæзиан, уымæн æмæ йæм рæстæгыл не ‘рбацыд тагъд æххуыс, æрмæст уый тыххæй æмæ, радгæс дохтыр хæдзары фынæй кодта æмæ йæ нæ райхъал кодтой.
Тамар уый кой дæр ракодта, тилифоны йæ ныхас Цоциты Аллæимæ (дэ-факто æнæниздзинад хъахъхъæды министры хæсты æххæстгæнæг) кæцымæ уый паркисоны низæй рынчын æмбæстаджы æнæниздзинады тыххæй фæдзырдта. Пациенты хъуыдис æвæстиатæй Тбилисмæ транспортирад:
«Ссардтон мæ тилифоны Цоциты Аллæйы номыр æмæ йæм адзырдтон. Сæрæй йын тынг лæмбынæгæй бамбарын кодтон ситуацийы, загътон ын, цæмæй кæй дæн Меарахъишвили Тамар Ленингорæй æмæ йын æмбарæн æвзагæй загътон, цæмæй ацы адæймаг кæй уыдис тынг уæззау уавæры. «Æркæнут, дам, æй Цхинвалмæ!» - уыди йæ дзуапп, тынг уазалзæрдæйæ. Зæгъын, сымах дохтыр нæ, фæлæ адæймаг дæр куынæ стут, куы уын æй æмбарын кæнын адæймаджы уæззау уавæр, сымахæй æвзонгдæр сылгоймаг тынг уæззау уавæры кæй ис, зæгъын, фæлæ ницы. Уый нæ, фæлæ-ма тынг бирæ дзыллон информацийæ дæр спайда кодтам, социалон хызæгыл фыстам ай тыххæй, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад æппындæр ницы сарæзта, æнæуи тæвд хаххæй дæр не спайда кодта», - зæгъы Меарахъишвили Тамар йæ интервьюйы.
Пандемимæ æмæ вакцинацийы процессмæ цы хауы, уымæй – «Фыццаг æртæ сбæлвырдгонд цауæй, кæцы Хуссар Ирыстоны рабæрæг, дыууæ уыдис нæ районы æмбæстаг, фæлæ сын цалынмæ сбæлвырд ис уæдмæ дæр æмæ сбæлвырды фæстæ дæр, Ахалгоры цæрджыты актуалон проблемæ алыхатт дæр уыдис æхгæд фæндаг æмæ æнæгæсгæйæ уымæ, цалдæр адæймаджы куы фæзиан ацы вирусæй, уæддæр сæ хъуыды нæ фæивтой», - зæгъы Тамар.
Ноджы нын иу респондент Ахалгорæй дзуры, цæмæй районы пандемийæ тасдзинад нал ис, фæлæ ис ног штамты апырхы риск:
«Хуссар Ирыстоны практиконæй ныридæгæн нал ис ницыхуызæн арæнæвæрд, зæгъæн ис æмæ ницыуал тасдзинад ис ацы инфекцийæ. Ныр та тасдзинад æвдисы коронавирусы бритайнаг æмæ индийаг штамтæ, кæцытæ нырма не сбæлвырд ис регионы, æниу тæрсынц, цæмæй фидæны гæнæн ис æмæ уыдон ныхмæ бахъæуа тох кæнын. Алкæцы официалон равзæрæн æмæ æмбæстæгтæ дæр хъусын кæнынц, цæмæй коронавирусы тасдзинад аивгъуыдта æмæ ныр хъæуы вакцинаци, фæлæ куыд æппæт дунейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр ис æмбæстæгтæ, кæцытæ пессимистон ахаст æвдисынц, нæ сæ уырны эпидемийы æмæ иумæйагæдæр нæ нымайынц хъæугæйыл вирусы ныхмæ æфтауын. Хуссар Ирыстоны вакцинацийы процесс райдыдта: нырма уырдыгæй райдайæм, æмæ пандемийы райдыдæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты 15%-мæ ‘ввахс рынчын уыдысты коронавирусæй. Амæ гæсгæйæ, иуæй-иутæ æнцонæй фæтых сты ацы низыл, иуæй-иутæ чысыл уæззаудæрæй, уæдайдæр та 65 азæй фылдæр кæуыл цыдис ахæмтæ. Ай тыххæй цæрджыты нысаниуæгджын хаймæ фæзындис æмæ йын ис бæллицц, цæмæй вакцинаци скæна коронавирусы ныхмæ. Адæм æмбарынц уый, цæмæй гæнæн ис æмæ коронавирус алыхатт нæ фарсмæ баззайа æмæ ай тыххæй у нысаниуæгджын вакцинацийы фæрцы коллективон иммунитеты бакусын. Ай тыххæй хъæуы цæмæй цæрджыты 70-75% уæддæр хъуамæ скæна вакцинаци».
Фарстæн, хъавы уый æви нæ йæхæдæг æфтауын (низы ныхмæ), дзуапп нын радта: - «Ацы фарстæн нырма мæ бон нæу конкретон дзуапп радтын. Нырма хъуыды кæнын æмæ нæма ницы аскъуыддзаг кодтон. Афтæ-ма мæ хъус дарын вакцинацийы процессмæ. Кæд алцыппæт кæронмæ хорз уыдзæнис, уæд æвæццæгæн, тагъд рæстæджы æз дæр скæндзынæн вакцинаци. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæды министрад асламæй æмæ æнцонæй райста Уæрæсейы вакцина «Спутник V», æнæгæсгæйæ уымæ, цæмæй Уæрæсейы йæхи мидæг иуæй-иу регионты нырма нæ сарæзтой вакцинаци адæм».
Нæ фарстæн нын Меарахъишвили Тамар дзуапп радта, зæгъгæ, кæд аскъуыддзаг кæндзæнис вакцинаци скæныны, уæд æнæмæнгæй уырыссаг вакцинæ кæй не скæндзæнис æмæ уæлбар, æууæнкджын æмæ эффективон вакцинæйæн кæй дæтты.
Ахалгоры районы нырма иу вакцинаци дæр уагъд не рцыд, уый тыххæй нæ æмæ уырыссаг вакцина у, фæлæ нын Тамар куыд зæгъы уымæ гæсгæ адæмы ‘хсæн къаддæр информаци кæй ис уый тыххæй. Ахалгойрæгтæ ныртæккæ дæр скептиконæй кæсынц пандемимæ дæр æмæ вакцинацимæ дæр.
Фарсты бын лæууы уыцы æмбæстæгты фарста, кæцытæн абоны онг нæй Хуссар ирыстоны æмбæстондзинад, фæлæ куыд нысан кæнынц – «нæй ын ницы нысаниуæг æмбæстондзинадæн, зæгъгæ, сæйраг у кæй фæнды уый хъуамæ бынæттон цæрæг уа, уый йеддæмæ æхгæды рæстæджы, фактивонæй, нал баззади адæймаг, кæцыйæн Хуссар Ирыстоны æмбæстондзинад ма уа райст».
Коронавирусы ныхмæ вакцинацийы тыххæй Тбилисы лæвæрд æххуысы дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад фарисейон (цæстмæми) рахуыдта. Информацийы «Риа новости» парахат кæны.
«Хъусинаг Хуссар Ирыстоны цæрджыты ‘хсæн дискæнынад расайдта. Уæлдайдæр та циниконæй хъуысы Гуырдзыстоны хицауады стыр мæтдзинад Хуссар Ирыстоны цæрджыты æнæниздзинады фæдыл. Фаг у цæстмæ митæ кæнын!», - дзырдæуы дэ-факто Хуссар Ирыстоны æддæагон бæрнады хъусинаджы.
Ацы хъусинаджы фæдыл регионы цæрджыты ‘хсæн дзæвгар комментаритæ расайдта. Цхинвайлæгтæ дзурынц, цæмæй уыдон тынг хорз хъуыды кæнынц куыд «аудыдта» Гуырдзыстоны хицауад уыдоныл 90-æм азтæй 2008 азмæ æмæ ацы хъусинагмæ дæр æнæууæнкæй æмæ иронийæ кæсынц.
«Ацы хъусинаг мæнæн зындгонд у гуырдзиаг информацитæй. Фæлæ йæ æз куыд зонын уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хицауад ацы æххуысыл нæйы загъта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ай политикон фарст у, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад фæрсгæ дæр нæ бакодта уый, æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты фæнды æви нæ рацæуой вакцинацийы процессы Гуырдзыстоны. Афтæ-ма, æз куыд зонын уымæй, лæвæрд æнхъарæны махмæ серьезонæй ничи райста. Фыццаджыдæр æз мæхæдæг», - зæгъы Ахалгоры бынæттон цæрджытæй сæ иу.
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Ахалгоры районы хъæуты сæрды рæстæджы доны проблемæ тыхсын кæны. Дэ-факто Республикæйы агентады «Ресы» информацийæ, уæлдай уæззау уавæры Цъинагары æмæ Абреуы цæрджытæ сты. Ацы хъæутæ Гуры æмæ Къаспы муниципалитеты хъæутимæ æмарæн сты.
Цалдæр боны размæ, ацы хъæуы Ахалгоры/Ленингоры районы администрацийы хистæр Гулиты Владимир ныццыди æмæ цæрджыты проблемæтæм байхъуыста.
Куыд администрацийы пресс-нымæрдары Кокойты Анжелæйы хъусинаджы у нысангонд – ацы хъæуты цæрджыты сæйраг проблемæ у нуазыны дон, фæндæгтæ æмæ уынгты рухсытæ.
Нуазыны доны проблемæйы тыххæй Гулиты фыртæн Абреуы хъæуы цæрджытæ загътой.
Куыд Абреуы уагдоны хистæр Хозиты Алан бамбарын кодта, «зæгъгæ, хъуыддаг уый мидæг ис æмæ, цæрджыты иу хай нуазыны доны пайда кæны цæхæрæдæттæ донхæрæг кæнынæн, иннæ хайæн та хæринаг цæттæ кæнынæн дæр нæ фаг кæны».
Цъинагары уыдис афтæ-ма дэ-факто Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан дæр.
«Дыууæ кæнæ æртæ къуырийы мидæг мах арвитдзыстæм ног хъæууон-хæдзарадон техникæйы Цъинагары зонæмæ, сæрмагондæй æртæ иуæг тауинаг æмæ иу комбайны, гутон трактортæн, култиватортæ æмæ пресгæнæны», - загъта Мæргъиты Алан.
Гулиты фырт цæрджытæн дзырд ратта, цæмæй Цъинагары, йæ куырдиатæй, Цхинвалы дзулфыцæн комбинат байгом кæндзæн магазин, кæцы хъæуы сифтонг кæндзæнис дзулæй æмæ æндæр продуктæй.
Къуырийы мидæг цалдæр хатты компанийы машинæ хъæуты дæр бабæрæг кæндзæнис.
Куыд Гулиты Владимир бамбарын кодта, афтæмæй районы хæдзарон æиæ коммуналон куыстуат балхæндзæн специалон машинæ æмæ тæнгъæд-газ æрбаласдзысты районмæ, цæмæй цæрджытæн гæнæн уа бынатыл газы балонты байдзаг кæнын.
Фиппаинаг редакцийæ: æрмæджы гæнæн ис уа терминтæ, кæцыты Хуссар Ирыстоны дэ-факто Республикæйы пайда кæнынц.

Фото: Ахалгоры афтид
автовагзал

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |