Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Сабитæ коронавирусы тыххæй
«Зоныс цы у коронавирус? Коронавирусы «пупуа» мын рыстис ам æмæ ам, ницыдæр мыл æрцыд. Нæ мыл дардтой медицинон маскæ æмæ нæ цыдтæн магазинмæ. Гыцци мын афтæ загъта, вирус, дам, дыл бахæцдзæн. Кæрты дæр нæ хъазыдтæн никæимæ, иунæгæй уыдтæн хæдзары мæ хоимæ иумæ. Къафеттæ нæ балхæдтон магазины. Баба æппыныдзухæй телевизормæ кастис æмæ мæсты кодта цы дзырдтой ууыл. Мæ хо тынг тарстис, æз нæ тарстæн, нæ тарстæн хуыфынæй дæр», - зæгъы 3 аздзыд Лизо.

«Телевизоры нын дзурынц, корона-вирус, дам, ис æмæ дам, дуармæ ма хизут, мах уæддæр хизæм. Гыцци иу мын балхæны медицинон маскæ æмæ мыл æй бакæны. Къатойы тынг мысыдтæн æмæ Борджоммæ нæ ацыдтæн, уый тыххæй æмæ, корона-вирусæй тарстæн, цæмæй мын тæвд ма радтаид æмæ хуыфын ма райдыдтаин. Хæдзары куы бадтæн, сабидон сыхгæдтой æмæ мын хæдзармæ хастой хæринаг. Йæ ад ын куы федтон хæринагæн, нæ фæцыдис мæ зæрдæмæ æмæ смæсты дæн», - зæгъы 4 аздзыд Элене.

«Корона у тæссаг вирус, кæцы гæнæн ис адæймаджы амара. Æхгæд куы уыдыстæм, уæд æппæтæй тынгдæр скъолæ мысыдтæн, ме мбæлттимæ хъазын æмæ ирхæфсын, фæлæ хæдзары бадтæн æмæ ныв кодтон кæнæ-иу ме мбалимæ тилифоны ныхæстæ кодтон. Мæ хоимæ дæр-иу хъазыдтæн æмæ иу гыццийæн æххуыс кодтон», - зæгъы 9 аздзыд Саба.

«Фыццаг æй фехъуыстон, кæй зæгъын æй хъæуы, телевизорæй æмæ цас фылдæр инфицигондтæ уыдис, уыйас мæн дæр фылдæр уырныдта ацы хабар. О, кæй зæгъын æй хъæуы, тасдзинад уыди, ногæй цы фæзыны, адæймаг тынгдæр тæрсы. Æмæ уый тыххæй алыхатт дæр дардтон медицинон маскæ æмæ архайдтон хæдзарæй æддæмæ ма рахызтаин. Куы мыл бахæцыдаид, уæд æй нæ зыдтон, чизоны йæ зынтæй бавзæрстаин. Гæнæн ис æнцонтæй, фæлæ уæддæр мæ нæ фæндыдис, цæмæй мыл бахæцыдаид вирус. Зын уыдис дуармæ кæй нæ цыдтæн, нæ цыдтæн скъолæмæ æмæ ме мбæлтты кæй нæ уыдтон. Хæдзары арæх телевизормæ кастæн, фарстон чингуытæ æмæ архайдтон, цæмæй мæхи ирхæфстаин. Онлайнæй æмбæлдтæн ме мбæлттыл. Ныр ноджы уæззаудæр уавæры ис ситуаци æмæ хъуыды кæнын, цæмæй хъуамæ æнæмæнгæй æххæст кæнæм уагæвæрдтæ, хъуамæ дарæм медицинон маскæ, вакцинаци скæнæм цæрджыты 100% уый тыххæй, цæмæй не нæниздзинадæн æмæ æндæрты æнæниздзинадæн тæссаг ма уа. Мæн тыхсын кæны уый, цæмæй ахæм ситуаци у æмæ иуæй-иу адæймæгтæ не ххæст кæнынц уагæвæрдты æмæ ситуаци ноджы фыддæр кæны. Амæ гæсгæ, æддæмæ нæ хизын æмæ цы хъуамæ саразон уый аразын мæ бон нæу», - зæгъы 12 аздзыд Цотъне.

Ног Дельта штамм æмæ сабитæ

Ног Дельта штамм, кæцы бæстæйы пандемийы цыппæрæм уылæны рæстæджы апырх ис, æнцонæй бахæцгæ у æмæ сæйрагæй сабиты хсæн циркуляци кæны. Арæх цауы ног штаммæй инфицирогонд саби тыхулæфт кæнын райдайы æмæ йæ госпитализаци æнæнмæнгхъæугæ вæййы.

Уымæй дарддæр-ма, æмæ вирус куыд сабиты физикон æнæниздзинадæн зиан у, афтæ-ма уый уыдонæн сæ физикон уавæрæн дæр зиангæнæг у. 2020 азы мартъийы мæйы райдайгæ пандемион процесстæ æнæхъæнæй фæивта сабиты царды режим. Алыварсуæвæг тас æмæ æбæрæгдзинад уыдонæн сæ удон уавæрыл тынг бандæвта, æмæ сабитæн чысыл ковид-мæт дæр фæзынын кодта.

Уый тыххæй, цæмæй пандемийæ сабитæ къаддæр стесс райсой, психолог Тамар Шецъирули лæмбынæгæй радзырдта сæ индвидуализмы æмæ рæзынады этапты.

«Æппæтæй нысаниуæгджындæр у ныййарджыты хайадист, цы арæхдзинадæй у боны дæргъы æмæ цавæр активтæ дæтты сабийæн. Иуæй-иу хайы куы æруынаффæ кæнæм, уæд алы типы сабийæн пандемийы период вазыгджын уыди. Уæлдайдæр, карз тобæты периоды, алкæмæн фадат куы нæ уал уыдис æддæмæ рахизынæн æмæ хиирхæфсынæн. Зæгъын уыдонæй, кæцытæн сæрмагонд хæдзар нæй æмæ сабийы уынгмæ ракæнын сæ бон нæ уыдис. Сабитæн уæд сæ фылдæр кастысты телевизормæ, кæцы расайдта проблемæтæ, цахæм у уагахастон, ныхасгæнæн æмæ коммуникацийы проблемæтæ. Ацы цауы, карæндæр скъуыддзагæнæг нысаниуæг ис. Чысыл сабиты ‘хсæн пандеми ноджы уæззаудæрæй равдыста йæхи, зæгъæн ис, алы уæлдæр ранымадгонд проблемæ, уагахастон, ныхасгæнæн æмæ коммуникаци кæй уыд. Скъолæйы кары сабиты ‘хсæн экраныл цайдагъдзинадæн уыдис бынат, фæлæ мын иннæ хуыз проблемæтæ практикæйы никуы уыдис. Хъуамæ фæнысан кæнон уый дæр, цæмæй эран агрессийы фылдæр кæнын дæр сайы. Фæлæ пандемийы периодæн уыдис йæхи позитивон фарс дæр. Æгæрыстæмæй уый дæр, æмæ сабитæ сæ бинонты уæнгтимæ фылдæр рæстæг арвыстой, кæцы арæх цауы позитивон зæрдæйы уаг æвзæрын кодта», - æмбарын нын кæны психолог Тамар Шецъирули, стæй йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ пандеми социалон хъæугæдзинæдты уæвæг сабитæн базиан кодта, кæцытæн хъуыдис специалон развæлгъау рæзты терапитæ, кæцыйы специалон центрты цыдысты.

«Хъыгагæн, социалон хъæугæдзинæдты уæвæг сабитæн терапиты онлайн режимыл ракæнын нæ аразы куысты уыцы гъæддзинад, кæцы уыдонæн сæ рæзындзинадæн хъæугæ у. Амæ ноджы æфты уыцы факт дæр, æмæ экранæй пайдакæнынад арæх кæй цыд æмæ ацы сабиты арæх цауты дæр æрцыд компьютертыл æмæ гаджеттыл цайдагъдзинад. Социалон хъæугæдзинæдты уæвæг сабитимæ арæх цауы ныййарджытæн зын вæййы семæ кусын æмæ ацы зын уагахасты тыххæй уыдон экраны æххуысæй æххæст кæнынц», - зæгъы Тамар Шецъирули.

Психолог хъуыды кæны, цæмæй пандемийы негативон фæстиуджытæ сæ фæд фылдæр ныууагътой алы типы сабитыл, позитивонмæ абаргæйæ æмæ йæ ныфс ис, цæмæй сабитæ карз регуляциты æмæ хæдзæртты сæхгæды уавæрмæ кæй нал раздæхдзысты.

«Уыдис мын ахæм цау дæр, сабийæн вирусы рдæм эммоцион ахаст дзæвгар карз куы уыдис. Зæгъæм афтæ, æмæ алцыппæтæн тасы хуыз лæвæрд æрцыд, кæцыйы аххосаг дæр фылдæр хайæ бинонты хсæн уæвæг паника уыдис. Уый тыххæй сабиты цур, уæлдай эмоциты ма вдисут уæвæг ситуацийы тыххæй», - æмбарын нын кæны психолог Тамар Шецъирули.

Мадæлты æмæ сабиты медицинон центры «Иаунана»-йы критикон медицинæйы департаменты æрдæмады разамонæг, Лазарадзе Лиа бæстæйы мидæг скарз эпидемион уавæрмæ гæсгæ, æхсæнадмæ хъавгæдзинады рдæм сиды æмæ зæгъы, цæмæй хъæбулты низфæзындæй бахъахъхъæнынæн ахсджиаг у ковиды ныхмæ вакцинаци скæнын.

«Спайда кæнут индивидуалон хъахъхъæды фæрæз, медицинон маскæ, максималонæй уæхи бауромут социализацийæ. Афтæ-ма тынг нысаниуæгджын у бæстæйы хъомылгонд цæрджытæ скæной ковиды ныхмæ вакцинаци. Амæй сымах уæ хъæбулты, хъæбулы хъæбулты бахъахъхъæндзыстут низфæзындæй. Мадæлты æмæ сабиты медицинон центры «Иаунана» йæ куыст дарддæр кæны алыбойнон режимы. Ардæм æрбацæуæг алы пациентæн уагъд цæуы тестирад ковидинфекцийыл антигены тагъд тестæй, бахъуыды цауы PSR- тест дæр. Æвæрццæг дзуаппы цауы, æххæстгонд цæуы пациенты рефералон протоколмæ гæсгæ ковид-клиникæмæ адзурын кæнæ бинонты дохтырмæ. Ацы хуызæнæй клиника «Иаунана» у ковидæй сæрибар алфæмблай æмæ кæцыфæнды æндæр патологиты цауы нын уæ бон у фехъусын кæнат», - банысан кодта Лазарашвили Лиа.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.