Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Имерлианткъарийы хъæу - Ног азы къæсæрыл
Имерлианткъарийы хъæу Църомы административон иуæгмæ хауы. Църомы хъæу та Хашуры муниципалитеты иутæй-иу æстырдæр хъæу у.

Ацы хъæумæ куы æссауай даргъ фæндагыл цæуын дæ нæ бахъæудзæн. Църоммæ тынг æввахс у, фæлæ кæмдæр 1-2 км-ы ситуаци хæрзæгæй ивы.

Иу фæкастæй «нырырæстæгон хæдзæрттæй» дзаг хъæуæй тынг мæгуыр цæрæнбынатмæ æссаудзыстут.



Ам æрмæст 3-4 хæдзар цæры æмæ алчидæр мæгуыр уавæры сты.

Куыд нын иу цæрæг Майя Барбакадзе дзуры, Имерлианткъари алцæмæй мæгуырдæр адæмы цæрæнбынат у.

Майяйæн зын у цæуын. Хæдзары пенсионер адæймæгтæм кæсы, фæлæ æнæуый уый йæ сыхаг, 83 аздзыд Циала Махатадземæ дæр хъус дары.



«Мæнæн мæхи цы у, уый куы радтиккой, паддзахад æмæ бæстæйæн цы лæгкад скодтон, æндæр мæ ницы æххуыс хъæуы уыдонæй. Æз æнæивгæ депутат уыддæн районы æмæ сахары советы 20 азы дæргъы; уыддæн райкомы уæнг; уыддæн тæрхонгæнæг; уыддæн 5-азоны æвзонг гвардион; уыддæн Ленины орденджын; уыддæн социалистон ерысты хайадисæг. Ивгъуыды хорз уыддæн, фæлæ еныр ничи дæн» - дзуры Циала Махатадзе.

«Ам иуылдæр 3-4 хæдзар æстæм; мæгуыртæ æмæ донласт адæм чи стæм – иуылдæр ам æстæм. Уыдон сæ мидбылты куы худынц æмæ Антали æмæ Чикаготæм куы цæуынц, мах кæм æснысан кæнæм Ног аз? Цы сараза нæ сæргълæууæг? Гур æмæ йын Тбилис куы ницы радтой, уæд цы сараза мæ сæргълæууæг?» - Майя Барбакадзе.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.