Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Жьҭaaрa 2024 »»
п в с ч п с в
30 1 2 3 4 5 6
7 8 9 10 11 12 13
14 15 16 17 18 19 20
21 22 23 24 25 26 27
28 29 30 31 123
Ног хабæрттæ
Уцълеу
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ ‘ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры. Уцълеуæгтæ сæ райгуырæн хъæумæ æрмæст сæрды мæйты æрцæуынц, уымæн æмæ дзы элементарон цæрæн уавæртæ нæй æмæ уымæ гæсгæ, ам зымæг арвитын иттæг зын у. Дзурынц, зæгъгæ, дам, раздæр йедзаг уыд хъæу цæрджытæй, ныр дзы æрмæст цалдæр ацæргæ адæймаг цæры.

«Транспорт нæй, хъæумæ бацæуæн фæндаг нæ уыдис æмæ уымæ гæсгæ нæ цыд. Ныр ног фæндаг сарæзтой, фæлæ адæм нал ис, цæмæй йыл цæуой. Транспорты скъæрджытæ æртаг хардз кæнынц, æрбацæуынц æмæ фæстæмæ афтидæй аздæхынц. Къуырийы мидæг гæнæн ис, иу адæймаг ацæуа, æмæ уый тыххæй зивæг кæнынц ардæм цæуынмæ», - зæгъы Гелашвили Жужуна, æмæ нæ атъами хæрынмæ хоны.

«Гуйраг стут æмæ уæ атъами дисы нæ бафтаудзæн, фæлæ дзы ахæрут Уцълеуы сæндоны атъами», - мидбылхудгæ зæгъы Гелашвили Жужуна æмæ йæ ныхас адарддæр кодта транспорты проблемæйыл, уый тыххæй æмæ хъæумæ сæрды мæйты æрыздæхгæ цæрджытæн цæуын зын у.



«Микроавтобусыл мæт кæнын, бæргæ нын ныфс бавæрынц, цæудзыстæм, дам, фæлæ адæм нæй æмæ сыл ничи цæуы. Мах куы бахъæуы искуыдæм ацæуын, уæд æнæтранспортæй тынг фыдæбон кæнæм. Еныр иу скъæрæгимæ баныхас кодтам, фæлæ-иу æм хъуамæ тилифонæй адзурæм, æмæ уæд æрбацæудзæн. Æз ам иунæгæй дæн. Мæ хъæбултæ Хашуры сты, уым цæрынц. Фæнды мæ, цæмæй хъæу фидарæй лæууа, æмæ уый тыххæй ардыгæй нæ цæуын. Тæрсын уæд-та къæрных æрбацыд кæнæ... кæд исты фесæфдзæнис мемæ сын уыдзæн хъуыддаг, æз дæн дзуапдæттæг. Афтæ цъус бæргæ нæ уыдыстæм Уцълеуы, дзæвгар уыдыстæм. Егъау æмæ фидар хъæу уыд. Ардыгæй бирæ ацыд эмиграцийы. Иутæ Итъалиамæ ацыдысты, иннæтæ Сабердзнетмæ (Грецимæ) æмæ уым зилджытæй кусынц», - мæт кæны Гелашвили Жужуна



Шубитидзе Инга, кæцы хъæумæ йæ артдзæстмæ æрмæст сæрды æрбацæуы, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ам æнæ куыстæй цæрын иттæг зын уыдзæн. «Иудадзыг куы ницы архайай ам, уæд зын у ам афтæ цæрын. Хъугмæ нæ базилдзынæ, кæнæ хъуамæ хуы дарай кæнæ кæрчытæ, цæмæй истытæ кусай. Æрмæст пенсийыл цæрын тынг зын у. Æз нырма еныр ацыдтæн пенсийы. Пенси дæр куы фæфылдæр кæной, уæддæр ницы уыййас æххуыс уыдзæн, уымæн æмæ продукты æргътæм уыййас бафтаудзысты, æмæ уый дæр ницыуал уыдзæн. Ахæм пенсийы фæфылдæр мæ æппындæр нæ хъæуы. Хъæуы сæйраг проблемæ æнæдон у. Дон кæмæн ис уый хъæу нæ уадзы. Дон кæмæн нæй уый йæ уадзы. Æрмæст 4 хæдзары бинонтæн ис цъай. Ардæм, сывæллæттимæ куы æрбацæуай, куыд сæм хъуамæ базилай?», - зæгъы Шубитидзе Инга.



Уцълеуы нуазыны доны системæйы аразын райдыдтой, цæй тыххæй дæр æппæт хъæугæ æрмæг æрбаластой хъæумæ, фæлæ куыстытæ нæ фесты кæронмæ. Цæрджытæ нæ зонынц, чи сæ хъуамæ бакуса кæронмæ ацы куыстытæ æмæ йæ нæдæр зонынц, нырмæ цæуылнæ бæстонгонд æрцыд нуазыны доны проблемæ.

«Хъуыды йæ кæнæм, хицауад алцыдæр æрбахаста се ‘хсæн, змис дæр, фæлæ дон арæзт не рцыд. Дзырдтой, цæмæй дон алы хæдзармæ кæй бауагътаиккой», - зæгъынц нын Уцълеуы цæрджытæ æмæ домынц дзуапп, цæмæй уыдонæн æнæмбæстгонд кæй у компани донивылæн къанаойы аразынæн, хъæууон-хæдзарадон зæххы хæйтты иу хай æнæхъæн дæргъыл кæй фæцыбыр кодта.

«Иуæрдыгæй зæххы фадгуытæ кæронмæ сты хæлд. Уыцы бынаты чылауитæ æмæ æндæр æмæ æндæр дыргътæ уыдис. Æрбацыдысты, загътой нын компанийы адæм дам, стæм. Иу къуымæй донивылæн къанао сарæзтой кæронмæ, æнæхъæн дæргъыл. Загътой нын, ацы бæлæстæ, дам, хъыг дарынц æмæ уыййас дзондзоли æмæ зæххы фадыг бынтондæр фехæлдтой. Хашуры мэрмæ дæр бахъаст кодтам, фæлæ нын загътой, ницы, дам, уын баххуыс кæндзыстæм. Уыцы компани, дам, махмæ нæ хауы, Гурмæ, дам, хауы», - загътой нын цæрджытæ.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.