Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
«« ноября 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Тогойаны хъæу


Хъæу лæууы чысыл къуылдымыл. Самтависæй у æдыппæт 1 км-ы дæрддзæгыл. Ныртæккæ ацы хъæуы цæры 20 хæдзары онг. Сæйрагæй дзы цæрынц Тогошвилитæ. Ацы хъæуæй уыдис зынгæ историк, гуырдзиаг-ирон æмахастыты историйы фыццаг зонадон куысты автортæй сæ иу Тогошвили Гиорги.

«Иуылдæр чингуыты бын уыдис. Студент куы сси, уæд лампæйы рухсмæ ахуыр кодта, æмæ уый фæстæ цыдис университетмæ», - мысынц йæ хæстæджытæ æмæ сæрыстыр сты, сæ мыггаг ахæм зындгонд адæймаг кæй схъомыл кодта.

Тогошвилийы зонадон куыст «Гуырдзиаг-ирон æмахастыты истори» фыццаг хатт 1956 азы мыхуыры рацыд, фæлæ ацы чиныг Советон историографийы ‘рдыгæй тобæгонд æрцыд. Уымæ æнæгæсгæйæ, 60-æм азты, Тогошвили Гиорги гуырдзиаг-ирон æмахастыты фæдыл, зонадон куыстыты мыхуыр кæнын дарддæр кодта. Фæзиан 1989 азы, ацы æмахастытæ конфликтмæ куы ахызтысты.

Нæ фысымтæй иу Зозрашвили Давит у. Уый нын загъта, цæмæй дыууынæм æнусы райдианы, цалдæр мыггаджы Ксаны комæй æрлыгъдысты ардæм цæрынмæ.

«Нæ мыггаг, æппæты фыццаг Ксаны комæй, Къарайæ рацыд, æрцыдысты Лехурайы коммæ, Цъирмæ, стæй Цъирæй – ардæм. 1903-æм азы балхæдтой ам зæххытæ нæ фыдæлтæ æмæ дзы 1910-æм азы æрцардысты», – загъта нын Зозрашвили Давит.
2008 азы августы хæсты агъоммæ, Ксаны коммæ цыдысты, абон сын уый фадат нал ис.



«Цалынмæ фæндæгтæ сæхгæдтой, уæдмæ дæ кусæрттаг хъуыдис, коммæ цыдтæ, исчи дæ фæхуыдтаид – уырдæм цыдтæ, зианы хист уыди, æви æлхины хъуыддаг уыд – иуылдæр уырдæм цыдыстæм. Ныртæккæ æхгæд у, чи-ма нæ уадзы уыцырдæм. Цъиры дæр ничиуал цæры, мах кæцæй рацыдыстæм, уым дæр ничиуал цæры, сафтид бынтондæр. Афтæ бирæ хъæутæ сафтид сты. Ардыгæй иу хæдзары бинонтæ ацыд, æвзонг лæппутæ ацыдысты æмæ Дзæуджыхъæуы цæрынц», – зæгъы Зозрашвили Давит.

Тогойаны хъæуы ныртæккæ донхорыггæнæн дон нæй. Лехурайы цæугæдон дæр хæрзчысыл цæуы, цæмæй дзы спайда кæной донхорыгæн:

«Адæм цы хъуаг сты æмæ сын дон нæй, къæвда нæ уары, дон нæй, цæугæдон дæр ныссури æмæ кæцæй хъуамæ хæссой дон? – Æуый у нæ проблемæ, æндæр цы? Донхорыггæнæн дон, æндæра нуазыны дон – цъайтæ ис, уæртæ уый онг æрбауагътой дон æмæ йæ ардæм дæр æрбауадздзысты æвæццæгæн, æрбауадздзыстæм, дам – загътой нын æмæ нæ зонын...», – загъта нын фысым.

Бынæттон цæрæг, Тогошвили Мариам зæгъы, цæмæй хъæу ныртæккæ тынг мæгуырау кæй цæры. Йæхæдæг Ахалгоры районæй у рацæугæ. Йæ ныййарджытæ дæс азты размæ, Самтависы хъæуы æрцардысты, уый фæстæ Тогойаны хъæумæ смой кодта.
«Раздæр хорз цардыстæм, алчидæр дзæбæх уыди, фæлæ ныр смæгуыр стæм. Ахæм рæстæг æрцыди æмæ мæгуыртæ стæм. Цы сарæзтой? – фæндагыл хуыр ныккалдтой, рухс æрбауагътой, рухс нын ис, фæндаг хорз арæзт у, фæлæ нæ асфальт хъæуы. Кæд асфальтгонд æрцæуа – бынтон хорз уыдзæн. Газ ис, рухс ис, интернет нын ис – алцыдæр нын ис. Уыдоны тыххæй нæ хъаст кæнæм – хорз у», – зæгъы Тогошвили Мариам.

Уый ныхасмæ гæсгæ, хъæуы цæрынц: Тогошвилитæ, Зозрашвилитæ, Габошвилитæ, Кенкадзетæ æмæ Джаджишвилитæ.

1990-æм азты конфликты рæстæджы, тас Тогойаны дæр бавзæрстой:

«Ницы хъыг нæ дардтой, фæлæ нæ тæрсын тынг кодтой. Ардыгæй ничи ацыдис, фæлæ Самтависæй алыгъдысты (ирæттæ), ничиуал баззади уым. Зæгъæм – æз ацыдтæн, мæ хо уым цардис, 1-3 мæй дзы баззадтæн æмæ стæй фæстæмæ рацыдтæн – мæ хъæбултæ мæ нæ уагътой æмæ фæстæмæ мæ хъæбулты цурмæ æрцыдтæн», – зæгъы Тогошвили Мариам.

Мариамы æфсымæртæ Дзæуджыхъæуы цæрынц: «Йæ хо дæр Дзæуджыхъæуы царди. Дыууæ мæйы рацыд, куы фæзиан, уымæй. Фæндæгтæ нæй æмæ куыд ацыдаин? Цалдæр азы æз нæ ацыдтæн, цалдæр азы у, уыдон нæ уыдысты ам æмæ афтæ.... нæ цæуын, æмæ мæм нæ цæуынц, фæци!», – тыхстæй зæгъы Тогошвили Мариам.


Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020