Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
«« ноября 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Коронавирусы тыххæй 28-æм ноябрæй арæнæвæрдтæ уагæвæрд цæуы
28-æм ноябрæй магазинтæ, ресторантæ, фитнес центртæ æмæ найæн цæдтæ æхгæд цæуынц, æхсæнадон æмæ горæттыхсæн транспорт та - йæ куыст уромы. Фæкарздæр кæныны фæдыл уынаффæ ныридæгæн рахаста Уагдæттыхсæны Координацион Совет.

Арæнæвæрдтæ 2 мæйы – 31-æм январы онг сты.

«Гуырдзыстоны уæвæг эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, премьер-министры разамындæй архайæг Уагдæттыхсæны Координацион совет бæстæйы архайгæ ранæй-ран арæнæвæрдты фæкарздæр æмæ рауæрæхдæр кæныны тыххæй уынаффæ рахаста».

Уагдæттыхсæны Координацион советы аскъуыддзагæй, 28-æм ноябрæй – 31-æм январы нымадæй: Бæстæйы масштабæй арæнгонд цæуы:

21:00 сахатæй 05:00 сахатмæ гоймæгты цыд куыд фистæгæй, афтæ транспортон фæрæзæй, афтæ-ма æхсæнадон тыгъдады уæвын; цухгонд уыдзæн Ног азы æхсæв – 31-æм декабры æхсæвы æмæ-ма афтæ ноджы Цыппурсы æхсæв – 6-æм январы æхсæв;

Бæлццæтты регулярон горæттыхсæн ласын, се ‘хсæн – æфсæнвæндагæй, автобусæй, маршрутон таксийæ. Рог автомобилтыл (се ‘хсæн - такситыл) æвæрд нæ цæуы арæнæвæрд;

Ресторантæ æмæ хæлцады объекттæ æнæхъæнæй ахиздзысты ахæссыны сервисмæ. Уагъд цæуы:

продукты ахæссын а.х. takeaway

«Деливери»

«Драйви»

Фитнес залты æмæ найæн цæдты куыст;

Алы хуыз конференцийы, тренингы, культурон, ирхæфсæн мадзæлтты ауадзын – уагъд цæуы æрмæстдæр онлайн форматæй.

Спортивон, аивадон æмæ культурон къордты/студиты архайд.


Стыр горæтты – г. Тбилисы, г. Батумы, г. Кутаисы, г. Рустауы, г. Гуры, г. Поты, г. Зугдиды, г. Телауы – æмæ къахдзоныгътыл бырæн курорттæ – Бакъурианы, Гудауры, Годердзийы æмæ Местъийы улæмхасæй æвæрд цæуы ахæм арæнæвæрдтæ:

г. Тбилисы, г. Телауы, г. Батумы, г. Кутаисы, г. Рустауы, г. Гуры, г. Поты, г. Зугдидийы арæнты муниципалон транспорты куыст;

Базарадон объекттæ (хæлцадон продуктты, цæрæгойты хæлцы, афтекты, ветафтекты, цардуагон химийы æмæ гигиенæйы магазинты æмæ прессæйы киоскты йеддæмæ) кусынц æрмæстдæр дистанцион режимы;

Гом æмæ æхгæд базартæ нæ кусынц. Функционирады дарддæр кæнынц аграрон базартæ;

Скъолæтæ, профессионалон ахуырдæттæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæттæ (медицинон ахуырадон программæтæй дарддæр) бынтондæр хизынц дистанцион режимыл;

Сæрмагонд æмæ æхсæнадон сабиты рæвдауæндæттæ уромынц сæ куысты.

Къахдзоныгътыл бырæн курортыл дæр:

Уазæгдæтты куыст уагъд цæуы æрмæстдæр карантинон тыгъдæтты бацæттæ кæнынæн;

Афтæ-ма, урæд цæуы къахдзоныгътыл бырæн тарссæтæ æмæ къахдзоныгътыл бырæн канатты функционирад.

24-æм декабрь – 2-аг январы периоды цæуы арæнæвæрдты фæрогдæр кæнын:

Бæстæйы масштабæй:

Кусдзысты базарадон центртæ, гом æмæ æхгæд армукъатæ;

Сног уыдзæн куыд муниципалон, афтæ – горæттыхсæны транспорты куыст.

3-аг январь – 15-æм январы периоды

Бæстæйы масштабæй:

Расиддзысты бæрæгбон/улæфты бонтæ;

Сног уыдзæн уыцы арæнæвæрд, кæцы архайдта 28-æм ноябрæй 24-æм декабры онг периодмæ;

Нæ кусы æхсæнадон æмæ хицæн уагдæттæ, банктæ æмæ стратегион нысаниуæджы объекттæ æмæ сервисты йеддæмæ.

16-æм январь – 31-æм январь бæстæйы масштабæй:

Сног уыдзæн муниципалон æмæ горæттыхсæны транспорты куыст, базарадон объектты æмæ гом æмæ æхгæд армукъаты куыст (сабат æмæ хуыцаубоны йеддæмæ).

Сабат æмæ хуыцаубоны транспорт, базарадон объекттæ æмæ армукъатæ уромынц сæ куыст.

Æгас ацы периоды дæргъы арæнæвæрдтæ нæ хауы:

Алы æндæр экономикон куыстмæ, уыдон æхсæн:

Паддзахадон æмæ сæрмагонд арæзтадон-цалцæггæнæн куыстмæ;

Банкы æмæ финансон куыстмæ;

Хæлцадон продуктты, цæрæгойты хæлцы, афтекты, ветафтекты, цардуагон химийы æмæ гигиенæйы магазинты æмæ прессæйы киоскты куыстмæ;

Деливерсмæ æмæ ахæссыны сервисмæ;

Рæсугъддзинады салонтæм æмæ эстетикон медицинæйы центрты куыстмæ;

Автотехникон лæггады æмæ техникон инспектирады сервистæм;

Цардуагон техникæйы цалцæггæнæн сервистæм;

Аграрон базары куыстмæ æмæ æнд.

Арæнгонд нæ цæуы рог автомобилæй (се ‘хсæн - таксийæ) цыд.

Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020