Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
«« ноября 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Инфициргондтæ фыццаг вакцинацийы фæстæ
50 аздзыд Инга цæры Хашуры. Чысыл раздæр æй «Гормедæй» рафыстой, уый тыххæй æмæ фыццаг вакцинацийы фæстæ, коронавирусæй уыди инфициргонд. Ингайы уавæр уыдис рæстæмбис уæззау, уыйхыгъд, йæ хъæбул, кæцы æххæстæй уыдис вакциниргонд, коронавирус æнæсимптомæй бавзæрста:

«Астразенекъайы фыццаг доза 26-æм майы сарæзтон, дыккаг дозæйы хъуамæ сарæзтаин 26-æм июлы. Раст ацы дыууæ периоды хсæн мыл бахæцыд вирус. Амæ гæсгæйæ, дыккаг доза сдзæбæхæй иу мæймæ хъуамæ саразон. Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй фыццаг вакцинæйы фæстæ мæхи хорз хатыдтæн. Мæ хъæбул мæ срегистраци кодта вакцинацийы тыххæй. Тæрсгæ æппындæр нæ кодтон, вакцинаци мын исты цауд фæстиуæг æрхастаид, зæгъгæ. Иунæг-иу цæмæй тарстæн уый уыди, цæмæй дыккаг дозæйы онг æнæ инфицирадæй бахæццæ уыдаин, фæлæ хъыгагæн ацы периоды вирус бæстæйы ахæм цырдæй апырх ис, æмæ æнæгæсгæ рекомендациты æххæстмæ, уæддæр мыл бахæцыд», - зæгъы Инга.

Вирус, кæцыйы кой кæны Инга, коронавирусы Дельта штам у. Уый æрмæст Гуырдзыстоны нæ, фæлæ æгас дунейы мидæг доминантон сси.

Инга æппæты фыццаг, хæдзары хос кодта, фæлæ стæй йæ уавæр фæфыддæр.

«Гормеды схос кодтон. Мæ дохтыртæ уыдысты Мгъебришвили Гия æмæ Масурашвили Нана. Бузныг сæ дæн. Æнæнормалон режимы кусынц, тынг бирæ ковидæй рынчын пациенттæ сын ис. Сæрæй тагъд æххуысмæ куы фехъусын кодтам, уæд мæ нæ хъавыдысты акæнын, дзырдтой мын дзæбæх, дам, дæ, фæлæ йæ æз хатыдтæн, кæй нæ уыдтæн дзæбæх æмæ куырдтон, цæмæй мæ акодтаиккой клиникæмæ. Æнхъæлмæ кастыстæм бынаты ссæрибармæ. Стæй, мæ амондæн бынат разынди «Гормеды» æмæ уым иртасæнтæ фенын кодтой, цæмæй рæстæмбис уæззау рынчын уыдтæн. Уыдис мын рæуджыты базиангонд 16 балы, тугахст», - кой кæны Инга махимæ ныхасгæнгæйæ.

Фæлæ уый клиникæйы бирæ уæззаудæр пациентты федта.

«Сæрæй раст уыдонимæ иумæ хъавыдысты мæн ныууадзын, кæцы мæм тынг бахъардта. Уыдис дзы иу карджын сылгоймаг, кæцы нæ хордта, не змæлыди. Æрмæст бадтис сахатгай цæстытæ бацъындгæнгæйæ æмæ æнæзмæлгæйæ. Иуæй-иу хатт персонал кæрæдзийы ивта. Зæгъæм, федтон медхоты, кæцытæ санитары функцийы дæр æххæст кодтой. Афтæ-ма, уыди санитар дæр, кæцы медхойы æххуысгæнæг уыд. Ныр телевизоры рынчындоны кадртæ куы уынын, уæд тынг фæриссы мæ зæрдæ», - зæгъы Инга.

Инга мæт кæны ууыл, æмæ æххæст дозæйæ кæй не ‘рцыд вакциниргонд, уымæн æмæ йæ нал бахъуыдаид клиникæйы уæвын.

«Чизоны алцы афтæ нæ фæфыддæр уыдаид. Афтæ уый тыххæй хъуыды кæнын, æмæ мæ хъæбул, кæцыйæн арæзт уыдис вакцинæйы æххæст дозæ, ковиды æнæсимптомæй бавзæрста», - дзуры нын Инга.

Вакцинæйы дыккаг дозæйы сарæзтмæ вирус бахæцыд 28 аздзыд хашураг Леуаныл дæр. Уый Синофармæй фыццаг хатт 10-æм июлы вакцинаци скодта æмæ йæ уырныдта, цæмæй пандемийы басæттынæн æппæты хуыздæр амал равзæрста.

«Фыццаг вакцинацийы фæстæ цыдæрхуызон тæссаг фæндагыл хизыс. Хъуыды кæнын, вирусы ахæм апырхы фоныл мын, бантысдзæн æви нæ æнæнизæй дыккаг дозæмæ бахæццæ уон. Аимæ цъус хъæлдзæг дæр уыд, антиваксерон зонгæтæ мæм сæ хъус тынгдæр дардтой, ома, вакцинацийы фæстæ куыд уыдзæнис æмæ-иу мæ раздæрæй арæхдæр æрфарстой. Хъыгагæн, дыккаг дозæмæ иу бон раздæр мын рабæрæг ковид æмæ мæ сæрдыгон пълæнттæ дæр изоляцимæ ахызтысты. Дыккаг вакцинаци дæр арæзт æрцæудзæн сдзæбæхы фæстæ», - дзуры нын Леуан.

Уый хæдзары хос кæны æмæ йын уыйас ницы карз симптомтæ уыди, фæлæ йын уыдис сæрниз, уæрджыты æмæ астæуы рыст.

«Вакцинæйæ нæ фæтарстæн. Æз уымæй тарстæн, мæнæ ныр цы уавæры дæн. Æрцагуырдтон минхуыз информаци вакцинæты тыххæй æмæ аскъуыддзаг кодтон, цæмæй ай иунæг-иу амал кæй уыди. Фæлæ, хорз уыдаид, дыккаг дозæмæ куы бахæццæ уыдаин», - дзуры Леуан.

20-æм августы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны, æдæппæтæй уагъд æрцыд 907 665 вакцинаци. Æххæстæй вакциниргонд у 266 962 адæймаг. 19-æм августы та - 23 986 гоймаг.

Иууыл æввхсдæр бæрæггæнæнтæй, SARS-COV-2-йы «Тыхстдзинады расайæг» Дельта штам Европæйы цырдæй пырх кæны æмæ континенты стырдæр хайы ныридæгæн доминантон сси.

WHO-ы Европæйы регионон офисы æмæ Низфæзындты превенцийы æмæ контролы Европæйаг центры (ECDC) ‘рдыгæй рабæрæггонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2021 азы 28-æм июнæй 11-æм июлмæ Дельта штам доминир кодта бæстæты фылдæры (19 бæстæ), уыцы 28 бæстæйæ, кæцытæ сфыстой æххæст генетикон секвенирады информаци. Ацы 19 бæстæйæ, бынæттонæй секвениргонд вирусы изолятты астæуккаг хайы рабæрæг Дельта штам ис 68,3%. Ацы æвдисæг фылдæр у уæдмæйы доминантон Альфа штамы æвдисæгæй (22,3%) регионы.

Ныртæккæйы тенденцимæ гæсгæйæ, иннæ мæйты Дельта штам глобалон доминантон суыдзæн. Уый ныридæгæн рабæрæг Европæйы алы бæстæйы. Йæ апырхад адарддæр уыдзæн æмæ уый фæивдзæн æндæр штамты бынативд дæр, уыцы цауы, кæд нæ разындзæни ног конкурентхъомджын вирус.

Ганс Генри Клюге, WHO-ы Европæйы регионон офисы директор дзуры: «Пандемийы фæудмæ нырма ноджы дард стæм. Хъыгагæн, бирæ бæстæйы цауты нымæц фылдæр кæны, кæцы бастгонд у Дельта штамы цырд темпæй апырхимæ. Уæнг паддзахæдты ‘рдыгæй цæрджыты вакцинацийы тырнындзинадмæ æнæгæсгæйæ, милуангай адæймаг нырма ноджы нæу вакциниргонд æмæ уыдон госпитализацийы тасдзинады раз лæууынц».

«Хорз хабар у уый, æмæ бæрæггæнæнтæ ирдæй равдисдзысты, цæмæй вакцинацийы æххæст курс нысаниуæгджынæй къаддæр кæны низфæзынды карз формæты æмæ мæлæты рискы. Ай тыххæй, хъуамæ вакцинаци скæнæм, нæ рад куы ‘рлæууа уæд».

«Вирусы апырхы сæрæй аиуварс кæнынæн, хъуамæ уæм сæрхызт æмæ сырæзгæ ситуацийы ныхмæ цæттæ уæм. Ай нысан кæны, цæмæй гæнæндзинадмæ гæсгæ хъæугæ у æххæстæй скæнæм вакцинаци, хъахъхъæнæм кæнæм дистанци, арæх ныхсæм нæ къухтæ, нæхи бахизæм адæмарæх бынæттæй æмæ бахъуыды цауы, дарæм медицинон маскæ. Мах ныридæгæн зонæм, цæмæй ацы мадзæлттæй нæхи æмæ нæ алыварсуæвæг адæймæгты кæй хъахъхъæнæм», - зæгъы Андрей Амони, ECDC директор, - «Ацы мадзæлтты, нæ бон у «Антилокдауны» мадзæлттæ дæр схонæм, уымæн æмæ се ‘ххæст кæнын сайы вирусы превенцийы «Локдауны» æнæмæнгдзинады æдде».

Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020