Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
Ног хабæрттæ
Интервью АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны Келли Дегнанимæ
5-6-æм апрелы АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн дипломатон æмахастыты 30 азы юбилейы снысан кæнынæн минæвар Келли Дегнан Шида Картлийы бабæрæг кодта. Дыууæбонон визиты фæлгæтты фембæлд æндæр æмæ æндæр организацийы минæвæрттимæ, Гуры тæрхондоны тæрхонгæнджытимæ, кæцытæ тæрхондоны реформæты хайад исынц.

Бабæрæг кодта АИШ-ы хицауады æххуысæй рауæрæхгонд амалиуæгты, бабæрæг кодта хъахъхъæнынады Академийы, Сабырады корпусы партнер æхсæнад «Биликъы», дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Куешы хъæуы астæуккаг скъолæйы, Демократийы скъолæйы æмбæстагон активистты, Нато-Евроцæдисы информацион центры.

Визиты рæстæджы минæвар Qartli.ge-ы редакцимæ æрбацыд æмæ нын дæргъвæтин интервью дæр радта.

Qartli.ge: нæ ныхас райдайдзыстæм Украинæйы цаутæй. Уынæм, цæмæй Гуырдзыстоны тынг бирæ адæймаг рацыди украинаг адæмы фарсхæцынадæн, ауагътой акцитæ, гуманитарон процессы хайад исы иттæг бирæ организаци, æгæрыстæмæй скъолæйы ахуырдзаутæ дæр. Æнæгæсгæ ацы æппæтмæ, Гуырдзыстоны хицауад æмæ премьер-министр загъта, цæмæй уый не сиу уыдзæн æхсæнадæмон æмбалады ‘рдыгæй æрæвæрд санкцитæм Уæрæсейы ‘рдæм. Президент Зурабишвили Саломе не сразы ацы позицийыл æмæ банысан кодта, цæмæй уый ахæм фидиуæны нæ сарæзтаид. Сымах цахæм фидиуæнмæ æнхъæлмæ кастыстут Гуырдзыстоны хицауадæй?

Келли Дегнан: стыр бузныг ацы фарстайæн, кæй зæгъын æй хъæуы, иттæг ахсджиаг у. Хъуыды кæнæм æмæ кувæм украинаг адæмы тыххæй. Кæцыйы ныхмæ Уæрæсе сцырын кодта карз æмæ провокацион хæст. Ай æвæццæгæн алкæмæй хуыздæр æмбары ацы регионы цæрджытæ, кæцытæ цалдæр азы размæ, сæхи сæрыл бавзæрстой ацы æппæт цауты.

– Мах райгонд æмæ райгонд стæм Гуырдзыстоны хицауады фидиуæнты тыххæй, афтæ-ма уый позицийы ИНО-йы, ОБСЕ-йы æмæ æндæр бирæнацион платформæтыл. Уый тыххæй, æмæ-ма афтæ иттæг нысаниуæгджын у иууон ныстуаны арвитын Уæрæсемæ, цæмæй неппæт дæр иумæ кæй стæм ай ныхмæ.

– Президент Зурабишвили Саломе иттæг хорзæй равдыста гуырдзиаг адæмы ахастдзинад ацы фарстайы ‘рдæм. Афтæ-ма, æхсæнадон платформæйыл æмæ æцæгæйдæр уыцы æнæпрецедентон æххуыс, кæцы Гуырдзыстонæй ацыди, уыдаид уый æндæр æмæ æндæр организациты ‘рдыгæй æви сæрмагонд инициативтæй, уыди иттæг тыхджын æмæ нысаниуæгджын нысан украинæгтæн, уый тыххæй, цæмæй гуырдзиæгтæ украинаг хоты æмæ æфсымæрты фарсмæ лæууынц æмæ æвдисынц сæ фарсхæцынады.

– Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй æрцæуа санкциты æмбæлгæ уæвынад, уый тыххæй, æмæ санкцитæ сты иттæг фидар инструмент, кæцы саразын кæндзæн Путины, Уæрæсейы, цæмæй æрурома ацы хæст.

– Мах не ппæт дæр хъуамæ баиу уæм ацы санкциты фæсте, цæмæй уый суа ноджы фидардæр механизм ацы хæсты æруромынæн. Ай алцыппæт махæй аразгæ у.

Qartli.ge: Украинæйы цауты тыххæй, ноджы фылдæр ирддæрæй разынд, цæмæй Гуырдзыстоны ис тыхтæ, кæцытæ архайынц бакъуылымпы кæной Гуырдзыстоны тырнындзинадæн ныгуырæнырдæм. Сактивон сты проуырыссаг къордтæ æмæ партитæ. Сымах аргъгондæй, цас уæвы уый тасдзинад, цæмæй бæстæ нæйы зæгъа ныгуылæйнаг курсыл? Цас тыхджын у хицауад, цæмæй ацы уæлæндæвдыл фæтых уа? Проныгуылæйнаг оппозици зæгъы, цæмæй хицауад æнуидæр проуырыссаг у, зæгъгæ. Сымах цы зæгъдзыстут?

Келли Дегнан: иттæг бирæ æхсæнадон иртасæн æвдисы, цæмæй гуырдзиаг адæмы фæнды ныгуылæйнаг интеграци; Евроатлантикон интеграци. Уый алыхаттдæр æвдыст цæуы ацы иртасæнты. Цæрджыты 80%-ы фæндон у, суа Евроцæдисы уæнг; 75% йæ фарс хæцы НАТО-йы уæнгдзинадæн. Уæдæ, афтæ, гуырдзиаг адæмы скъуыддзаг у иттæг бæрæг ацы фарстайы фæдыл.

– Афтæ-ма уыдон хорз æмбарынц уый дæр, цæмæй иттæг бирæ куыст кæй ис сæххæсткæнинаг уый тыххæй, цæмæй бæстæ сфидар кæна Евроатлантикон æхсæнады уæнгдзинады иттæг бæрзонд стандарттæ.

– Цы хауы ултрарахизонты змæлдмæ, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мах тыхсæм ай тыххæй. Уымæн æмæ, адон сты уыцы къордтæ, кæцытæ сидынц тыхмидзинады ‘рдæм; адон сты уыдон, кæцыты фæнды уырыссаг æфсæддон базæтæ Гуырдзыстоны, кæд æмæ ацы рæстæджы иттæг бирæ уырыссаг æфсæддон базæ ис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы. Æмæ адон сты уыцы адæм, кæцы къух аразы дезинформацийы ахæлиу кæнынæн; къух аразы æхсæнады дихтæ кæнынæн уый тыххæй, цæмæй бахæсса пырхдзинад æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ай у тынг тæссаг Гуырдзыстонæн.

– Ног хабæрттимæ зонгæйы рæстæджы, уыди ахæм цау дæр, гуырдзиаг цæрджытæ, иуæй-иу горæты нæ бауагътой уыдонæн офистæ байгом кæнын уым. Ай иттæг хорз æвдисы адæмы ахастдзинады, цæмæй адæмы кæй фæнды, цæрой демократон æхсæнады, лæггад кæной уыцы иумæйаг æргъадтæн, кæцы бындурæн æвæрд у демократон арæзтады, ай у уарзонад сæрибардзинады ‘рдæм; бинонты ‘рдæм уырнынад; æмæ нæу, æхсæнады адихтæ кæнынæн. Амæ гæсгæйæ, æхсæнады иудзинад у ахсджиаг.

Qartli.ge: регионты æмбæстагон активисттæ æмæ медиайы минæвæрттæ, сæхи æдасæй нæ хатынц, æрмæст разæвзарæнты рæстæджы нæ, фæлæ иумæйагæй, ахæм периоды дæр, æвзæрстыты период куы нæ вæййы уæддæр. Фыццаг цæфы растдæр бынæттон журналисттæ райсынц. Цавд цæуы куыд хицауады минæвæртты ‘рдыгæй, афтæ а.х. консерваторон къордты ‘рдыгæй дæр (алт инфо æмæ а.д.). Журналисттæ физикон уæвынады тасы бахауынц. Уыдонмæ амарынæй æртхъирæнтæ кæнынц. Сымахмæ гæсгæ, цы беркет уæвы ай тыххæй, цæмæй бæстæйы медиайы минæвæрттæн æмæ иумæйагæй æмбæстагон æхсæнады минæвæртты æдасдзинады æнкъарынад сырæза.

Келли Дегнан: медиайы минæвæрттæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа амалдзинад, цæмæй æдасæй сæххæст кæной сæ хæслæвæрд, сæххæст кæной сæ куыст æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, уый ифтонгадæн дзуапдæттæг у паддзахад. Хицауад хъуамæ сифтонг кæна уыдонæн æдасдзинад; медиайы сæрибардзинад у Конституцийæ гарантигонд барад. Кæй зæгъын æй хъæуы, журналисттæ дæр бæрндзинадæй хъуамæ æххæст кæной сæ куыстады æмæ бадæттой дырыс информаци цæрджытæн, цæмæй уыдонæн сæ бон уа информацигонд уынаффæйы райсын.

– Уæ сыхаг бæстæйы Уæрæсейы дæнцæгыл уын зæгъдзынæн цы цæуы уый, кæд бæстæйы нæ уæвы сæрибар медиа, уæд цæрджытæн сæ бон нæу райсой информаци. Уæрæсейы цырджыты фылдæрæн раст цæстæнгас нæй уый тыххæй, цы цæуы æцæгæйдæр Украинæйы. Уымæн æмæ, уыдонæн лæвæрд цæуы æрмæст дезинформаци. Ай нæу уыцы информаци, кæцыйы уыдон исынц. Амæ гæсгæйæ, сæрибар медиа, журналистты куыстад иттæг стыр нысаниуæгджын у бæстæйы райрæзтæн.



Qartli.ge: мах ракой кодтам æвзарæнты период, кæцы уæлдай агрессивон фонæй хицæнгонд вæййы. Хицауад сиды, цæмæй æххæст кæны партнер бæстæты минæвæртты рекомендациты, фæлæ йæ уынæм, æмæ уæддæр иттæг карз аргълæвæрдтæ арæзт цæуы цæстдарджыты ‘рдыгæй – куыд бынæттон, афтæ æхсæнадон цæстдарæгон организациты ‘рдыгæй. – Сымах аргъгондæй, куыд уагъд цæуы Гуырдзыстоны æвзæрстытæ? Кæцы рекомендацитæ зайы æнæркастгонд æмæ ныртæккæ, цы фарстаты æрбæстон кæныныл кусут хицауадимæ.

Келли Дегнан: мах минæварад алыхатт дæр йæ цæст дары æвзæрстытæм. Ныр дæр нын Батуммæ ис æрвыст цæстдарæг æмæ амæ гæсгæйæ мах зонæм цæугæ процессты тыххæй, цы цæуы уый.

Хорз-иу вæййы, ОБСЕ-йы цæстдарæгон Миссийы къордтæ куы æрцæуынц Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ, уыдонæн æвзæрстыты фæстæ, сæ бон у рекомендациты раттын уый фæдыл, кæцы бакуыста хорз æмæ кæцы – нæ. Цы хъуамæ рараст уа, цæмæй уый фæстæ æвзæрстытæ ацæуой хуыздæр. Ацы рекомендациты нæ сæххæст кæнын, уыдон нæ райсын – нысан кæны, æмæ фесæфт амалдзинад, цæмæй алкæцы æвзæрстытæ уой хуыздæр, раззагмæ абаргæйæ.

Бæстæ куы вæййы ахæм æвзонг; хæдбардзинад куы райста æдæппæт 32 азы размæ, бирæ цыдæр уыдзæн фæхуыздæр кæнинаг æвзæрстыты процессы æмæ ай тыххæй иттæг ахсджиаг у, æмæ Парламент бакуса оппозицион партитимæ, цæмæй алцыдæр фæхуыздæр кæной æмæ цæрджытæн дæр уыдзæн фылдæр æууæнкдзинад ацы процессты ‘рдæм.

Qartli.ge: регионалон темтыл кусæг журналисттæн æппæтæй фылдæр бынæттон темты цæрæг адæймæгтимæ вæййы æмахастдзинад, цыран адæмимæ ныхæй-ныхмæ æмбæлынц, абтобусы æрлæууæны цур, дзулы рады, кæнæ зæгъæм тыллæг æфснайыны рæстæджы йæ цæхæрадоны: ацы рæстæджы иттæг зын вæййы журналистæн кæнæ æмбæстагон секторы минæварæн уырыссаг наративы хъусын – «Европæ æмæ нын Америкæ гуырдзиагдзинады исынц». Ацы рæстæджы хъуыды кæныс, цымæ-та алцыппæт сæрæй райдаинаг у? Чысыл позитивонæй цæмæй фæуæм нæ ныхас – цæмæн у ахсджиаг бæстæйæн ныгуылæйнаг æхсæнады интеграци æмæ «нæ» уырыссаг хицауаиуæгад?

Келли Дегнан: гуырдзиæгтæ хорз зонынц, Уæрæсейы хицауиуæг кæнынад, куыд тырныдта уыдонæн байстаид се ‘взаг, куыд сын байста чырыстонон аргъуан, куыд ахсы уыдоны территориты 20%-ы; куыд æххæст кæны уый оккупацийы. Æмæ, уæдæ Гуырдзыстон тынг хорз зоны, цы нысан кæны Уæрæсейы хицауиуæг кæнынады бын уæвын.

– Раст уый тыххæй иттæг бирæ гуырдзиаджы фæнды, цæмæй уа ноджы æввахсдæр Европæмæ, уа Евроцæдисы æххæстбарджын уæнг; раст ай тыххæй цæрджыты 80%-ы йæ фарс хæцы Евроцæдисы уæнгдзинадæн, 75%-ы НАТО-йы уæнгдзинадæн.

– Бирæ адæймаг йæ хъæбулты æрвиты фæсарæнтæм, Европæмæ, Америкæмæ ахуырад райсынæн, уый тыххæй, æмæ уыдон уым ахуыр кæнынц æргъдзинæдты, кæцы мах не ппæты, мах æмæ сымах, гуырдзиæгты иу кæны. Æмæ ацы æргъдзинæдтæ сты уарзонад сæрибардзинады, хæдбардзинады, адæймаджы барты хъахъхъæныны æмæ а.д.

– Бæстæйæ рахызтимæ иумæ нæ бастдзинæдтæ дæр рæзынц, ай уыдзæн, зæгъæм экономикон æви æндæр ‘рдыгæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ай парахат кæны æмæ рæзы. Зæгъæм, иттæг бирæ туристы цыдис АИШ-æй æмæ Европæйæ Гуырдзыстонмæ, цæмæй базоной ноджы фылдæр бæстæйы тыххæй; ныфс мæ ис цæмæй раздæхдзæн уыцы раздæры нысанмæ, кæцы уыди пандемийы агъоммæ. Ай у иттæг нысаниуæгджын, цæмæй мах неппæт дæр уæм иугонд.

– Ацы азы 30 азы æххæст кæны Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы дипломатон бастдзинæдты æрфидар кæныны бонæй. 30-æм юбилей сбæрæг кæндзыстæм. Ацы регонты куы вæййын æмæ куы кæсын, цы арæзт æрцыд иумæйагон партнерадæй æмæ æмгуысткæнынадæй, уæд ай иттæг тæлмæндзинад вæййы.

– Мах бирæ æрдæмадæй æмгуыст кодтам. Уыди ай экономикон райрæзт æви æндæр æмæ æндæр æрдæмад. Абон, зæгъæм, мæнæн уыди фембæлд тæрхонгæнджытимæ, кæцытæ кусынц иттæг бирæ уый тыххæй, цæмæй закъоны сæйрагдзинад хъахъхъæд цæуа бæстæйы.

– Уыдон сты иузæрдыг сæ куыстады æххæст кæныны æмæ бирæ æндæр адæймаг, кæцы фæллой кæны уый тыххæй, цæмæй бæстæ ацæуа нысаниуæгон ныгуылæйнаг фæндагыл.

– Гуырдзиæгтæ æрдзæй уæддæр тасынц Европæйы ‘рдæм, европæйаг æргъдзинæдты ‘рдæм, уымæн æмæ, уый ногдзинад нæу Гуырдзыстонæн, адон сты уыцы æргъдзинæдтæ, кæцы гуырдзиаг культурæйы æмæ традициты уæвы.

– Ай у хæдбардзинад, сæрибардзинад, уырнынад, фæндондзинад, цæмæй уыцы алцыппæт бахъахъхъæна. Раст ай у, кæцыйæн аргъ кæнынц америкæйæгтæ гуырдзиæгты æмæ кæцыйы мах уарзæм гуырдзиæгты.

Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020