Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
Ног хабæрттæ
Турманты Валийа – Суканатубанæй
Хъæуы мидæггаг уынгтæ ногæссæугæ бæлæстæй у æмбæрзт. Сыхæгтæ кæрæдзиимæ ацы уынгтæй цæдис кæнынц. Æмбæндтæ хæлд æсты.

«Мæнæй рæсугъддæр кæрт кæмæн ис?» - загъта нын Турманты Валийа, Суканатубаны хъæуы уынгтыл куы ахызтыстæм æмæ йæ хæдзары цур куы балæууыдыстæм уæд.

«Ай у мæ хæдзары уынг, фæлæ иуыл цъыфæйдзаг у. Алы аз дæр дзурынц, фæндæгтæ, дам, хуыргонд æрцæуынц, фæлæ ацы уынгыл хуыр ничи кæлы. Дæлейæ Лерийы раз-иу кæлынц, фæлæ уым цæмæн хъæугæ у хуыр. Уым уæддæр хуыргонд фæндаг у» - дзуры Валийа.
Ныхасгæнгæ гом кæны кулдуары. Бацыдыстæм кæртмæ. Кæсæм æмæ хæдзармæ уал æстыр кæртыл ис ацæуæн, кæцы дзы къуылдымыл ис æсконд.

Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр бынатыл лæууы. Ардыгæй иуварс Дзамагомы аив тыгъдад зыны, иннæварс – Хъинцисы аргъуаны хæхтæ. Хуссарварс та – нартхоры тыгъд хуымтæ.

«Ам-иу алыхуызон тыллæг æрзадис, алыхуызон хæлсæртæ – уырыдзы, цæхæра… байуæрстой ма-иу хæдзæртты. Мæнæу æрзадис уый бæрц, æмæ-иу æй куы байуæрстой, уæд хæдзæртты иугай уаттæ дзы байдзаг кодтой» - дзуры нæ фысым.
Раджы Валийайы хæдзары 80-мæ æввахс фосы уд дардтой. Абон æскъæттæ афтид æсты, кæрты æрмæст цалдæр карк цæуы, æртæ гæды æмæ иу куыдз.

«Махæн нæ хæдзары æввахсæй-æввахсмæ алыцыдæр уыдис. Тынг æстыр хæдзарад нын уыд, фæлæ кæм ма ис. Мæнæн мæ бон нæу, æрмæст ацы гæдытæм æмæ куыйтæм дзурын.» - дзуры Валийа.

Уый ацы хъæуы райгуырдис, цæй ном дæр Суканатубан у. Бирæ тыллæг сæм куы æрзадис, уый тыххæй комы адæм ацы хъæуыл ахæм ном сæвæрдтой. Валийа уæлдæр ахуырады каст фæцис. Æстæй æсмой кодта Харагаулы район, Вертхъвичъалайы хъæумæ. Азты дæргъы та бухгалтерæй куыста Хашуры.



Йæ райгуырæн Суканатубаны хъæуы, 1990-æм азты æвзæр хабæрттæ æрцыдысты. Гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы, ирон цæрджытæ тыхфæлгъуыд фесты æмæ Цæгат Ирыстонмæ алыгъдысты. Хъæу равдæлон ис.

Ацы тыхбын миграци Турманты сыхмæ дæр бахауд.

1995 азы фæстæ комы дингæнджытæ разындысты. Афтид хæдзæртты æрцардысты. Сабыр рæстæджы та цæрджытæ дæр фæстæмæ æрæздæхын байдыдтой, фæлæ Цæгат Ирыстонмæ цы бинонтæ ацыдысты, уыдонæн дзæвгар рæстæг сæ бон нæ уыд фæстæмæ æрæздæхын.

Турманты Валийа æсфæнд кодта йæ фыды хъæуы фыдæлтыккон хæдзары бахъахъхъæнын æмæ ам æрцæрын æскъуыддзаг кодта, фæлæ куыд нысан кæны, уымæ гæсгæ йæ фаг зын уæвæрты цæры:

«Мæн фæнды цæмæй мын нуазыны дон уæд; фæнды мæ куы уæд фæндаг. Таксийыл куы æссауын, хæдзармæ æссауын мын зын вæййы хæдтулгæйæ. Мæн хъæуы æддерухс куы уæд. Мах дæр уæм рухс хъæуы, æвзæрæй дзы цы кæнæм?» - дзуры Валийа.

Ныхас куы кодта, уæд æм йæ фыдыфсымæры чызг Турманты Мери æссыд уазæгуаты. Мери æмæ Валийа сыхы удæгас кæнынц. Хъуыды кæнынц, зæгъгæ, ацы зымæг дæр зын уыдзæн, куыд фарон, уымæн æмæ бирæ ницы фæивта, нæ дæр газ, нæ дæр фæндаг…
«Фарон алыбон дæр бадтыстæм æмæ салд бæлæстæм кастыстæм. Фæнды нæ фæсивæд куы æрцæуой æмæ ам уой.»


Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020