Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
Ног хабæрттæ
Димитри Миндиашвили – 23 аздзыд педагог Дицы хъæуæй
Дицы хъæуы скъолайы кæрты, 5 азы размæ, чингуыты уæлвæйнаг куы æрæвæрдтой æмæ официалон бакæныны церемони сарæзтой, ацы скъолайы иуæй-иу сгуыхт, 17 аздзыд ахуырдзау дардæй сæм каст æмæ йæнæ фæндыдис медийы раз йæхи куы равдыстаид.

Еныр Димайыл 23 аз цæуы. Тбилисы Ньютоны сæрибар скъолайы биологийы ахуыргæнæг у. Йæ фейсбучы фарсмæ куы бакæсат, фендзыстут цавæр активон у, уый.

Иу урочы тыххæй уый фейсбукыл дæр ныффыста, йæ ахуырдзæуттæ инкубатор куы сарæзтой. Сывæллæттæ сæхи цæстытæй уыдтой, куыд цæуы царды райгуырд.

"Сывæллæттæ сабаты дæр-иу æрбацыдысты, цæмæй айк афæлдæхтайккой. Ахæм цымыдисон уыдис, нал лæууыдысты афтæ сæ фæндыди кæд райгуырдтаид нæуæг цард…"

Димитри Миндиашвилимæ куы базонгæ уыдаиккам, уый тыххæй Тбилисмæ ныццыдыстæм.
Ацы скъола нæу советон скъолаты хуызæн, ай бынтон æндæр, нæуæг скъола у.

Цалынмæ интервью ныффыстаиккам, уæдмæ нын æрмæст иу фарста уыд – куыд бахаудис ардæм Димитри?

Скъолайы кæрты ныл ныр йæ бындурæвæрæг фембæлдис, стæй дыууæ æмкусæг – æрбахизут æмæ, дам, агъуысты йæм банхъæлмæ кæсут – загътой.

"Мæ цæхъхъæнтæ не сты хъæуы. Ацыдысты иуылдæр…" - дзуры Димитри æмæ тыхсы, йæ хъæуы æрмæст зæрæдтæ æмæ ныллæг къласты ахуырдзæуттæ кæй баззадысты.

Димитри скъола куы фæцис, уæд Иуане Джавахишвилийы номыл Тбилисы Паддзахадон Университетмæ бадæтта æмæ ныр бакалавры студент уыдис Ньютоны скъолайы куы райдыдта кусын ахуыргæнæгæй. Уый куыд дзуры, йæ нана æмæ мад дæр ахуыргæнджытæ уыдысты æмæ сывæллон куы уыд, уый дæр арæх кодта ахуыргæнæджы роль.

Димитри тыхсы ууыл æмæ адæм нæ зонынц куыд хъæуы сыджыты бахъахъхъæнын, куыд æй чъизи кæнынц æмæ нæ зонынц йæ аргъ.

"Судзыны рæстæджы уым бирæ зæйæгой æмæ бактери сæфы, кæцытæ тынг пайдагæнæг сты. Абон куы ныццæуæм хъæумæ æмæ сын зæгъæм ай, æвæццæгæн сæ нæ дæр бауырныдзæн." - дзуры Димитри Миндиашвили.

Йæ сывæллондзинадыл хъуыды гæнгæйæ 2008 азы хæсты рæстæг дæр йæ зæрдыл æрбалæууы. Хæсты рæстæджы сæ хæдзар куы нæ басыгъдтайккой, уый тыххæй йæ дада æмæ нана кæрты фæсте хъæдын чырынтæй гыццыл халагъуыд сарæзтой æмæ уым фынæй кодтой.

Димитри нын куыд дзуры, уымæ гæсгæ йæ сывæллондзинады рæстæджы, хъæуы скъолайы нæ уыдис уыйас фадæттæ æмæ ресурстæ, куыд горæты скъолаты, нæ уыдысты активон зылдæджытæ, кæуыл цыдайккам фæсивæд. Нæ уыдис хорз интернет, цы уыдис уый сын нæ фаг кодта урокыл исты видео-æрмæг куы федтайккой. Уæды сæйраг ресурс уыдис æрмæст чиныг æмæ чиныгдоны æвæрд енциклопедитæ.
Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020