Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
Ног хабæрттæ
"Æз хъæуы куы баззадтаин, гæнæн ис, фылдæр зын фæндагыл ацыдаин."
Никъолоз Джабахидзейыл 19 аз цæуы. Уый Медзырсхеуы хъæуы райгуырдис, цалдæр рæстæджы фæстæ та бинонтæ Гурмæ ацыдысты цæрынмæ.

Ныр студент у æмæ хъæумæ хаттæй-хатт фæцæуы. Æнæбакæсгæ уымæ æмæ хъæуы арæх нæ вæййы, уæддæр æй уарзы, уымæн æмæ ацы хъæуимæ йæ райгуырдæй у баст.

Никъолоз Гуры фæсивæдон центры минæвар у. Ацы къорды уæнгтæ тынг бирæ иновацион проекты автортæ сты. Хъæумæ куы ныццæуы, уæд-иу бамбары сахары фылдæр фадæттæ кæй сты, хъæуимæ абаргæ.

Фæсивæдон проекттæ кæныны рæстæджы йын арæх фæцæуы æмахаст кæнын дихгæнæг хаххы цур æвæрд хъæутæй æрцæугæ ахуырдзауттæ æмæ студенттæй:

"Иу бакастæй сыл нæ зыны дихгæнæг хаххы цур æвæрд хъæуæй кæй сты, фæлæ кæд нын исты активдзинад ис, кæнæ исты проект, уæд-иу æмбæлæм ацы проблемæйыл, фæсивæдæн зын вæййы хайад исын. Медзырсхеуы къаддæрæй, фæлæ æндæр хъæуты фембæлдыстæм-иу цыдæр бастдзинæдтыл – проектты, кæнæ бæстæйы економикон æмæ социалон уæвæрты ныхмæ æмæ уый проблемæ у." - дзуры Никъолоз.

Фæсивæдон центры куыст дæр уый у, цæмæй куыд фæтчы бирæ æвзонг баиу уа æнæформалон ахуырады, æгæрæстæмæй арæнгæрон хъæутæй:

"Афтæ дардæй куы бакæсæм, нæ зыны, фæлæ йæ бынтæм куы ныццæуæм, алкæмæн дæр ис цыдæр фон, бинонты, кæнæ скъолайы æндæвдад. Æнæуый зындæр у, хъæуæй уай ахæм активон, куыд горæты, уымæн æмæ сæйрагæй активдзинæдтæ горæты вæййынц æмæ уый дæр уымæн æмæ горæты фылдæр фадæттæ ис." - Дзуры Никъолоз.



Никъолоз йæ хъус дары ууыл дæр æмæ хъæуы цæрæг фæсивæдæн зын вæййы горæты, кæнæ хъæуы цæхъхъæнтимæ æмахаст кæнын, сæйрагæй транспорты тыххæй:

"Транспорты фарста Медзырсхеуы фылдæр-къаддæр растгонд у, фæлæ изæры сахæтты кæд дæ фæнды де мбæлттимæ баззайай, дæхи фæирхæфсай, стæй кæнæ таксийæ хъуамæ рацæуай, кæнæ та искæмæ баззайай."

Раст ацы ныхасы рæстæджы нын дзуры Никъолоз, Гуры фæсивæдон центры нысан, ахæм æвзæнгтæн ææдæр æвзæнгтæн цы фадæттæ и, ахæтæкуы саразой, уый кæй у.

"Æрдæбон загътон, хъæуы куы баззадтаин, зæгъгæ, гæнæн ис ноджы ацы бынаты уыдаин, фæлæ фылдæр зын фæндагыл ацыдаин. Мах хъæуы, уыцы фæндаг куы фенцондæр кæнæм, куыд мæнæ горæты цæрæг фæсивæдæн у æнцон." - дзуры нын Никъолоз.

Гуры фæсивæдон центры уæнгтæ, фæсивæдо кафе "спейс"-ы уыдысты æмбырд. Ам уыдис Медеа Пъавлиашвили дæр, кæцы ацы организацийы бындурæвæрæг у. Никъолоз дзуры æмæ Медеаимæ куы базонгæ сты æндæр æмбæлттимæ иумæ, аскъуыддзæг кодтой сæхи куыстææ институцион формæ куы радтайккой æмæ организаци сарæзтайккой.

"Сæрæй уыдыстæм æндæр æмæ æндæр активдзинæдты. Хайад истам алфамбылайхъахъхъæнынады фарстаты. Медеайæн уыдис идеи Гуры фæсивæдон центр саразыны. Уымæн æмæ кæд исты аразæм, уæд фæлтау нæ регионы саразæм? Райдыдтам архайын идеиыл æмæ иу азы размæ, 2022 азы сфæлдыстам Гуры фæсивæдон центр æмæ ныридæгæн официалонæй райдыдтам архайын" - дзуры Никъолоз.

Организацийы уæнгтæн ныры рæстæджы сæхи тыгъдад нæй. Æххуыс сын кæнынц æндæр æмæ æндæр æмгар организацитæ тыгъдадæй:

"Фæлæ афтæ нæхи кусæн алфамбылай, кæм кусдзыстæм æдзухæй, нæй нын. Хæдбар стæм. Цыдæр конкретон суаримæ не стæм баст, фæлæ нын ис цалдæр проект, æмæ архайææ хъуыддаг саразæм. Æмбарын уый зын у, фæлæ мах архайæм, цæмæй нын фылдæр æмæ фылдæр проект уæд, фæнды бынæттон, фæнды æхсæнадæмон…" - дзуры Никъолоз.
Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020