Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
«« ноября 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Лигъдæттæ Пронейы комæй
Ахалсопелы лигъдæтты цæрæнуат ахæм бынаты ис, йæ уæвынад хатгай бирæтæй ферох вæййы. Коттеджтæ сты Агарайы хъæуы цур, автомагистралæй æдæппæт цалдæр километры дæрддзæфмæ, фæлæ сæйраг автомагистралæй цæрæнуат нæ зыны.

Агарæйы хъæуы цур ис фæзилæн æмæ хъуамæ ууылты бахизат Карелы муниципалитеты Ахалсопелы хъæумæ. Цæрæнуат уымæ гæсгæ схуыдтой «Ахалсопелы лигъдæтты цæрæнуат».

Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд æмæ хæдзæрттæ Карелы муниципалитеты территорийыл арæзт сты, уæддæр разамынд йæхимæ исы Тигъвайы муниципалитет. Тигъва ис Пронейы комы, кæцы ныр оккупацигонд у. Муниципалитеты офис та Тбилисы ис.

Тигъвайы муниципалитетæн 2012 азы фæстæ, ома «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауиуæгады æрлæуды фæстæ, губернатор Петриашвили Спартак къухдариуæг кæны. Бынæттонтæ нын куыд загътой, афтæмæй Петриашвили Спартак хъæуы фæзыны æрмæстдæр æвзæрстыты рæстæджы, кæнæ та хъæуы æмбырдты рæстæджы. Стæй дæр алкæимæ нæ фембæлы.

Фæстæдæр, базыдтам, цæмæй уый сæйраджыдæр «Гуырдзиаг Бæллицы» фарсхæцджытимæ фембæлы. Цæрæнбынаты та федтам бирæ оппозиционерты, кæцытæ æргомæй хъусын кæнынц, цæмæй сты оппозицийы фарсхæцджытæ. Хорз хъуыды кæнынц, æмæ коттеджтæ Михаил Саакашвилийы президентон рæстæджы арæзт кæй æрцыдысты; куыд æххуыс кодтой хæринагæй æмæ æндæр фæрæзтæй. 2012 азы фæстæ, хъæуæй уыцы трубæтæ дæр ахастой, кæцытæй донхорыггæнæн дон хъуамæ рауагътаиккой.

Куыд бынæттон цæрджыты иу хай дзурынц, афтæмæй, уыдон «Гуырдзиаг Бæллицы» хицауиуæгады рæстæджы хорзæй ницы хъуыды кæнынц – æрмæст мæгуырдзинад æмæ уæззау куысты аргъæй цæрын.

Цæрæнуаты сæйрагæй цæрынц Къорнисы (раздæры Знауыры) районæй лигъдæттæ. Цалдæр æндæр цæрæнуаты хуызæн ам дæр, зæгъæн ис, æмæ ницы фæивта. Ныр дæр афтæ зыны, куыд уыцы рæстæджы, цыма арæзт æрцыд.



Бæлæстæ сырæзтысты, фæлæ бæрæг у, уыдонæн дæр дон кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй сын рæзын зын кæй у. Иуæй-иу бæлæстæ бахус сты, иуæй-иутæ сты цъæх, фæлæ сæ рæзын кæнын зын у. Иу ныхасæй, дон нæм нæй, зæгъгæ, æппындæр куы ничи зæгъа, уæддæр алчидæр бамбардзæн, ацы цæрæнуат кæй хъизæмар кæны донхорыггæнæн доны цухдзинадæй.

Фæткмæ гæсгæ, куыд æнæдон бынаты хус зæххыл тауынц мæнæу кæнæ хъæбæрхор, ам дæр афтæ у. Алфамбылайы хуымтæ у.

Цæрæнуатмæ сыхы æппæты кæройнаг хайæ бацыдыстæм. Изæрырдæм уыд. Нæлгоймæгтæ дуармæ лæууыдысты æмæ ныхас кодтой. Æнæзонгæ адæймаджы фæзындмæ гæсгæ, сæ ныхас кæнын чысыл рæстæгмæ фескъуыдтой. Фембæлдыстæм куыд журналисттæ.

Уымæ гæсгæ, æмæ æвзæрстыты агъоммæйы рæстæг кæй уыд, уыдон æнхъæлдтой, хъæумæ æвзæрстытæм æрцыдыстæм, зæгъгæ. Раст у, æвзæрстыты фæдыл ныхас кæнынмæ кæй нæ æрцыдыстæм, фæлæ йæ бамбæрстам, ацы темæйы иувæрсты кæй нæ ахызтаиккам. Ацы хатт нæ фысымтæ дис кодтой, кæцы партийæ стæм, зæгъгæ. Диссаг нæу, цæмæй уыдонæн æнæуырнинаг кæй у, абон Гуырдзыстоны кæцыфæнды медиа дæр искæцы политикон партимæ нæ хауы.

Куыд зыны, афтæмæй, ныл фыццаг нæ баууæндыдысты, цæмæй кæй нæ уыдыстæм хицауады фарсхæцæг медиа. Уыдон нæ арвыстой цæрæнуаты центрмæ, цыран нæ бон уыд фенын махæн цымыдиссаг респондет.



Цæрæнуаты центры иу сылгоймаг уынг марзта. Чысыл-ма хъуыд æмæ йæ куыст фæуыдаид, раст уыцы рæстæджы йæм æрбаввахс стæм. Загътам ын, зæгъгæ, нæ уымæ кæй рарвыстой, куыд цымыдисон дзурæг адæймаг, кæцыимæ ныхас кæнын гæнæн ис. Уыимæ ныхасы рæстæджы, нын кæртæй иу лæг дзуапп радта. Бафарста нæ, чи стæм æмæ кæцæй стæм, уымæй. Уымæн дæр бамбарын кодтам, чи уыдыстæм, уый.

Сылгоймаг нын интервью райсыныл не сразы, ацы рæстæджы иу нæлгоймаг нæ цурты рацыд. Уымæй базыдтам, ныртæккæ куыстæй хъæумæ чи æрыздæхт, уыцы сылгоймæгты тыххæй. Сылгоймæгтæ бригадæты кусынц, фермертæ сæ баххуырсынц. Уымæ гæсгæ, нæ бон уыд 20-ы онг адæймаджы къамтæ сисын тыллæг æмбырд кæныны рæстæджы. Бацагуырдтам бригадæйы хистæры. Фембæлдыстæм йемæ æмæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй хуыздæр кæй уыдзæн куысты рæстæджы иумæ куы фембæлдаиккам.

Дыккаг бон райсомæй сылгоймæгты бригадæ ацыд куыстмæ. Лигъдон сылгоймæгтæ куыстой Бебнисы хъæуы, цыран фермертæй сæ иуы зæххы хайыл картоф æмбырд кодтой.

Куыд рабæрæг, афтæмæй бригадæйы уыдысты куыд хицауады фарсхæцджытæ, афтæ оппозиционертæ дæр. Иу фарс афтæ æнхъæлдта, æмæ мах стæм хицауады фарсхæцджытæ, иннæ фарс та афтæ хъуыды кодта, æмæ мах стæм оппозицийы фарсхæцджытæ. Уыцы æнæмбарынад сæвзæрд, лигъдæтты цæрæнбынаты фыццаг цы сылгоймагимæ фембæлдыстæм, уый хъæуы сæргълæууæджы мад кæй уыд, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ сæ иуæй-иутæ афтæ æнхъæлдтой, æмæ уыдонимæ хæстæггонд уыдыстæм.

Æмæ иннæмæй та, бригадæйы раздзог хицауады фарсхæцæг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ хицауады фарсхæцджытæ афтæ æнхъæлдтой, æмæ хъæумæ оппозиционерты куырдиатмæ гæсгæ æрцыдыстæм. Иу дзырдæй, бригадæйы «поляризаци» чысыл-ма бахъуыд æмæ нын фæкъуылымпы кодтаид нæ балц, фæстагмæ, бамбæрстам кæрæдзи æмæ бригадæйы уæнгтæ райдыдтой ныхас кæнын немæ:



«Дохтырмæ ацæуын мæ бон нæ баци, мæ астæу риссы, æмæ мæ тыхсын кæны. Æнæхъæн бон гуыбырæй фæкусын. Куы мæ уыргтæ риссынц, куы цы… Мæ туджы æлхъывдад дæр бæрзонд вæййы, хосы рецепты рафыссынмæ дæр мæ бон нæ бацис ацæуын, чизоны хосы аргъ фæкъаддæр уа рецептмæ гæсгæ», - зæгъы Ахалсопелы лигъдæтты цæрæнуаты цæрджытæй сæ иу.

Цæмæй сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр уой, кæнæ та се ‘нæниздзинадмæ æркæсой, уый тыххæй цæрджыты бахъæуы кредит райсын, кæцы сын уый фæстæ бафидын бынтон зын вæййы сæ æфтиæгтæ чысыл кæй сты, уымæ гæсгæ.
«Махæн æххуыс нæй... 315 лари исæм æмæ уыйдæр хостыл æмæ банкмæ бафидæм». Æнæниздзинады проблемæтæм нæ кæсгæйæ, ацæргæ адæмы мызды бакусынæн бахъæуы зæххы куыст бакæнын. «Рыстуромæн хостай стæм тыппыр, нæхæдæг дæй æй нæ зонм цы ныуазæм, уый. Ничи нын ис махæн æххуысгæнæг.

Цæрæнуаты хицауады рдыгæй æнæхъусдардыл хъаст кæнынц, уыдон ныхасмæ гæсгæ, Тигъвайы муниципалитеты хистæр, Петриашвили Спартак – олимпиаг чемпионы, Петриашвили Генойы фыд уыдон проблемæтæм нæ цымыдис кæны. «Уыцы Петриашвили Спартак немæ ныхас дæр нæ кодта... кæд æрбацæуы, уæддæр дуармæ æрлæууы. Нæ æххуысгæнæг ничи у.

Тигъвайы муниципалитеты уæвæг Ахалсопелы лигъдæтты цæрæнуаты, Пронейы комæй лигъдон цæрджытæ цæры. «Мæ уæлæ конд цы уыд, уыимæ ралыгъдтæн. Æртæ мæйдзыд уыд мæ лæппу, куы ралыгъдыстæм, уæдæй фæстæмæ æз уыцырдæм налдæр акастæн». «Дыууæ хатты сарæзтон хæдзар, фæлæ мын æй ныппырх кодтой... зæхæмвæз æй скодтой, ницыуал дзы ныууагътой, мæ кæрты мын танктæ баурæдтой», - мысынц цæрæнуаты цæрджытæ.

Цæрджытæн радтой картæтæ суг æмбырд кæнынæн, æниу барлæвæрд территори, цыранæй суг ралыггæнæн ис, дард у цæрæнуатæй. Кардзинады æмæ æндæр æнæниздзинады проблемæтæм гæсгæ, цæрджытæн зын вæййы дард рæттæй суг ласын.

«Адæмы тæрсын кæнынц, хæст дам, уæ хъæуы? Хæст дам, уæ хъæуы? Хæст нæдæр стыры хъæуы, нæдæр чысылы æмæ адæмы уымæй тæрсын кæнынц», - зæгъы цæрджытæй сæ иу, фæлæ йæхæдæг нæу разы уыцы хъуыдыимæ, цæмæй хицауады фæивынæй бæстæйы хæст райдайдзæн æмæ хъуыды кæны, цæмæй уый æрмæстдæр хицауады рдыгæй тæрсын кæныны тактикæ кæй у, фылдæр æвзарджытæ райсынæн. «Æрлæууæд ахæм хицауад, цæмæй адæмæн лæггад кæна. Мах сараздзыстæм æвзæрст».

Бакæсут видеомæ Ахалсопелы лигъдæтты цæрæнуаты цæрджытыл, сæ цард æмæ проблемæты тыххæй.
Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020