Шида Картлийы Информацион Центр
Новости
На школьном балконе в селе Кодавардисубани по утрам стоят и глядят на дорогу трое детей.
05:00 / 02.04.2021
"Почти все сбережения и доход, что у нас были, мы потратили в течение этого одного года.
23:17 / 26.03.2021
Село Земо-Ормоци находится в том месте ущелья Таны, где две реки – Баланисхеви
01:47 / 28.02.2021
Именно в то время, когда им больше всего нужна забота других, некоторые из них одиноки,
01:31 / 23.02.2021
архив
Ног хабæрттæ
Бербукы цæрæнуаты ахуырдзаутæн онлайн курсыты ауадзын плангонд цæуы
Бербукы лигъдæтты цæрæнуаты темон центры, æмбæстагон æхсæнады институты минæвæрттæ скъолæйы ахуырдзаутимæ фембæлдысты. Фембæлды организаторы, Мурадашвили Дакойы ныхасмæ гæсгæ, æмбæстагон æхсæнады институт æрыгон фæсивæды хъæугæдзинæдты ахуыр кæны. Райсгæ информацийы фæстæ æмæ æмбарынады сбæрзонд кæныны нысанæй, сывæллæттимæ аккаг онлайн-курсытæ ауадзын сплан кæндзысты.

Фембæлдыл уыдысты æндæр æмæ æндæр кары ахуырдзаутæ. 15 аздзыд Басишвили Ликъа Бербукы лигъдæтты цæрæнуаты цæры æмæ ацы хъæуы скъолæмæ цæуы ахуыр кæнынмæ. Зæгъы, цæмæй англисаг æвзаг скъолæйы куыд æмбæлы афтæ нæ ахуыр кæны æмæ йæ уæлæмхас уроктæ хъæуы. Уымæ гæсгæ, кæд æмæ цæрæнуаты темы центры специалист фæлтæргай цæудзæн, лигъдон æвзонг фæсивæд хуыздæр сахуыр кæндзысты англисаг æвзаг æмæ сын стæй фæлварæнты рæстæджы æмæ куыст агурыны рæстæджы дæр пайда уыдзæнис.

Темы центры, цалдæр азы размæ, англисаг æвзаджы лæвар курсытæ уыдис, фæлæ проекты фæуды фæстæ, англисаг æвзаг сахуыр кæныны проблемæ лигъдон ахуырдзаутæн ноджы фæзынд.

Ликъа ацы фарстæйы фæдыл темы центры ауагъд фембæлдыл раныхас кодта. Рæзгæ фæлтæры хъуыдымæ гæсгæ, бынæттон хицауады æххуысæй ацы фарстæйы æрбæстон кæнын гæнæн ис.

Ликъайæ дарддæр ма, бынатыл уæвæг проблемæтыл æндæр ахуырдзаутæ дæр раныхас кодтой. Ахуырдзаутæй сæ иу скъолæйы чъизи доны тыххæй дæр загъта æмæ аккаг куыстуæттæн бацымыдис кæнынырдæм басидтис.

Темы центры къухдариуæггæнæг Мариамидзе Лианайы курдиатмæ гæсгæ, æрыгон фæсивæдæн æмбырдгæнæн бынæттæ æмæ спортивон фæзуаттæй ифтонггонд сты, цæмæ гæсгæ дæр ахуырдзауты ‘хсæн интернетылагъуыддзинад уыйас нал у.


Print E-mail
FaceBook Twitter
Другие новости
Новости
В селе Хидистави две недели назад одновременно заразилось
"Поэтому я так настроен, я ещё много дел сделаю", - добавил наш хозяин.
Несмотря на то, что уже два года в мире свирепствует пандемия, на горийском
популярные новости
Кошкеби – село в Горийском муниципалитете, населенное этническими осетинами
"Я здесь родился и вырос, никуда не уезжал, однако у меня нет гражданства Грузии,
00:50 / 17.06.2020
Ткемлована – село, переоформленное по конкордату
Господин Мурад вернулся во двор. Достал сигарету, прикурил и глубоко затянулся.
12:54 / 27.07.2020
Чанчаха
"Я и снов здесь не вижу … в снах я там, где родилась, и где сделала первые шаги, в Грузии.
01:00 / 21.06.2020
Русские военные отметили в лесу т.н. границу красной краской
"Эти отметки мы обнаружили в лесном массиве, расположенном между оккупированным Лопани
00:50 / 25.06.2020