რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Цедан – Пъапъийы суадон
Уыцы рæстæджы, быдыры ма фæззæджы хæрздæф куы змæлыд, уæд Цеданы
хъæуы алфæмблайы хъæд митæй æмбæрзт уыд. Цæрæнуат уыцы хъæуы,
Цъаблованайы фарсмæ ис, кæцыйы тыххæй уын раззаг репортажы
радзырдтам. Æрмæст, цæрæнуат Тъилианы комы цæугæдоны арф тыгъдæтты
сæфы.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Хашуры ацы хъæуы цæрджыты цедайнæгтæ хонынц, зæгъæм, кæд искæмæн зæгъой, зæгъгæ уый ацы хъæуæй рацæугæ у, уæд йын бамбарын кæндзысты, цæмæй уый Цеданæй кæй у, кæнæ Цеданы цæрæг у.
Географион номы ахæм формæйæ æрныллæгы бамбарын кæнын мах нæ бафæлвæрдтам. Хуымæтæгæй мах бацымыдис кодта, цæмæн хуыйны ацы хъæу «Цедан», кæцы йæхи рдыгæй æвзæрын кæны ассоциацийы дзырд «цведанимæ», кæцы гуырдзиаг дзырдуатмæ гæсгæ, «цæгъдынимæ» ассоцир кæны.
Нæ иртасæнтæ сбæлвырд кодтой, растдæр, ацы дзырдимæ баст кæй у хъæуы ном, фæлæ ауыл чысыл фæстæдæр зæгъдзыстæм.
Бацыдыстæм Цеданы хъæумæ, фæлæ уынæм, æмæ цæрæнуат иттæг дæргъвæтин кæй у. Иу хæдзары фæстæ иннæ хæдзар лæууы дзæвгар дард дæрддзæфыл. Фæндаг аразинаг у. Бынæттонтæ нын загътой, цæмæй къæвдайы рæстæджы ахизæнтæ нал вæййы. Фæстагмæ разынд хъæуы центр, цыран æнхъæлмæкæсæн бынат уыд арæзт.
Афтæ бахæццæ стæм хъæуы астæумæ æмæ ныл иу адæймаг нæ фембæлдис. Æнхъæлмæкæсæн бынатæй фæндаг цæуы дыууæрдæм. Иу чысыл цæугæдоны былгæрæттыл цæуы, иннæ та уæлæмæ хæрдыл цæуы. Уæлæмæ хæрдыл арæзт ис бетон фæндаг. Уæрх нарæг у, уым æрмæст иу чысыл машинæ гæнæн ис ацæуа. Хæрдыл ссæугæйæ ныхмæцæуæг транспортыл фембæлгæйæ сæ иуы бахъæудзæн фæстæмæ ацæуын. Фæлæ, хъæуы, зæгъæн ис, æмæ ничиуал ис æмæ ныл кæй ничи сæмбæлдзæн, уымæ гæсгæ, ныфсджынæй араст стæм уæлæмæ хæрдыл.
Ахызтыстæм ацы къуылдымыл æмæ бахæццæ стæм тыгъд бынатмæ, кæцыйы æвæццæгæн фæзуат хонынц. Уым лæууы иу тулдз бæлас, арæзт дзы ис кран, цыранæй суадоны дон цæуы, тулдз бæласы бын ис бандон, кæцыйы алыварс у цъыфæйдзаг. Дыууæ къахдзæфмæ хъæд райдайы. Территори чысыл фæзаутгонд у æмæ дзы хæдзæрттæ дæр бирæ ис, сæ фылдæр зæронд хæдзæрттæ, æмæ сты æхгæд. Уым æввахс уыд дыккаг æнхъæлмæкæсæн бынат дæр.
Цалдæр минуты арацу-бацу кодтам фæзуаты алыварс. Кæцæйдæр нæм æрбайхъуыст хъæлæс. Нæлгоймæгтæ ныхас кодтой. Иу чысыл фæзилæнмæ бахызтыстæм æмæ иу хæдзары раз æрлæууыдыстæм, цыран дыууæ кусæг куыстой. Зæронд хæдзары бынатыл ног къултæ амадтой:
- «Мах кусджытæ стæм, Хашурæй. Хæдзары хицау ам нæй. Ам цæры цалдæр бинонтæ, ам чи цæры, уæртæ уыцы фæндагыл ацæут æмæ сæм фæдзурут», - загътой нын кусджытæ.
Хъæуы цæрынц, зæгъгæ, нын куы загътой, уæд уымæ гæсгæ ныр бацархайдтам ахæм бинонтæ ссарыныл.
Ахæм бинонтæ зымæджы æнцон ссарæн у. Хæдзарæй фæздæг куы фенай, уæд уый нысан кæны, хъæуы чидæр кæй цæры. Фæззæг ма кæй уыд, уымæ гæсгæ хæдзæрттæй фæздæг нæ цыд.
Ацы агуырды рæстæджы иу хæдзары къулдуарæй рахызтысты лæг æмæ ус. Сылгоймагæн йæ къухы уыд ведрæ, лæгæн та – къæпи. Фæндаджы иннæ фарсмæ ахызтысты æмæ цæхæрадонмæ бацыдысты. Фæззæджы зæхх бахуым кодтой æмæ ныр тыдтой хъæдындз, цæмæй рагуалдзæджы æрзайа:
Цеданы хъæу Шида Картлийы, Хашуры муниципалитеты ис. 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъæуы 59 адæймаг цæры.
Хъæуæн ис уæззау ивгъуыд. Аргъуанон фыстытæм гæсгæ, хъæу бирæ рæстæджы дæргъы уыд афтид, æдзæрæг, уый фæстæ знаг куы æрбабырста æмæ нæлгоймæгты куы фæцагъта æмæ сылгоймæгты æмæ сывæллæтты уацары куы акодта, уымæ гæсгæ хъæуы ном — Цведани, кæцы нысан кæны пысылмон æвзагыл «цагъд».
1860 азæй фæстæмæ, бæстæйы æфсæнвæндаджы инфраструктурæйы арæзтады рæстæджы, хъæуы æрцардысты ног цæрджытæ.
Хъæуы ныртæккæйы цæрджытæ архайынц хъæууон хæдзарады, уыдон байтауынц мæнæу æмæ нартхор. Цихелашвили Марина «Ацы хъæу дæ нæдæр æххормагæй ныууадздзæн, нæдæр адæймаджы амардзæн», - зæгъы Цихелашвили Марина, хъæуы цæрджытæй иу. Фæлæ хъæуы цæрджытæн нæ фаг кæны хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ финансон фæрæзтæ, цæмæй зæхмæ æмбæлон æгъдауæй базилой.
Уымæй уæлдай ма, хъæуы æндæр радон проблемæтæ дæр тыхсын кæны, уыцы нымæцы æвзæр фæндæгтæ, дон нæй, стæй цæрынæн хъæугæ инфраструктурæйы цухдзинад дæр.
«Хъæу ныртæккæ æдзæрæг у, куыст чи кæм ссардта уырдæм ацыд, чи та – ацырдæм», зæгъы Гогаладзе Наили. Æрыгон фæсивæды бахъæуы хъæуæй ацæуын ахуырад райсыны тыххæй, уый тыххæй æмæ хъæуы ахуырадон уагдæттæ кæй нæй.
Цеданы цæрджытæй иу Гогаладзе Маринайы ныхасмæ гæсгæ, хъæуы донæй кæнæ фæндагæй сифтонг кæныны фæлварæнтæ æнтыстджынæй æххæст нæ цæуынц. «Дон рауагътой, куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй, фæлæ алкæй фаг нæу». Иунæг-иу рæстæг дон бæркадджынæй куы рацæуы, вæййы уæд æрмæстдæр хъæуы къæвда боныгъæд куы æрцæуы, уæд, фæлæ уыцы рæстæджы дон вæййы змæст æмæ хæдзары хъуыддæгтæн æнæпайда вæййы.
Цеданы хъæу æмæ йæ цæрджыты тыххæй фылдæр базондзыстут Kartli.ge видеойы.

ამავე კატეგორიაში
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
"Мах тыхсын кæнæм нæ хистæры, уый дæр æндæры тыхсын кæны,
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
ვიდეორეპორტაჟი
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
ხაშურში ამ სოფლის მცხოვრებლებს ცედნელებს უწოდებენ, მაგალითად, თუ
ვინმეზე იტყვიან,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები