რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
«Хъæумæ æрыздæхтæн мæ мады тыххæй. Мæнæн хуыздæр у ам уæвын» - Халеби
Хашуры «Фаллаг фарс» хонынц уыцы бынаты, кæцы Мткъуарийы цæугæдоны рахиз былгæрон ис. Хохы рæбыны цалдæр хъæуы зыны.

Муниципалитеты центрмæ бацæуынæн Мткъварийы цæугæдоны сæрты ис 2-3 чысыл хид арæзт. Алы хидыл дæр ацæуæн ис æрмæстдæр иу машинæйæн.

«Фаллаг фарсы» хъæутæ ацы хидæй пайда кæнынц, сæйрагæй, уыцы цауы, кæд хъæуæй горæтмæ фистæгæй фæцæуынц. Машинæйы фæндагыл ацæуын ам алыхатт нæ вæййы фадат, уæлдайдæр та митуарды рæстæджы.

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Халебийы хъæу иуæй-иу у, кæцы ис Хашуры фаллаг фарс. Æндæр хъæутимæ абаргæйæ, уый у бирæнымæцон хъæу, кæд ам зымæджы рæстæджы баззайы æрмæстдæр 10-15 хæдзары бинонтæ, уæддæр.



Ихджын фæндаг Мткъварийы былгæронæй уæлæмæ цæуы. Рог хæдтулгæйæн ацы ихджын фæндагыл зын уыд схизын. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтам хъæумæ фистæгæй цæуын.

Æвиппайды фæндагыл куыйты рæйын райхъуыст. Кæцæйдæр комæй фæндаджы ’рдæм згъордта иу куыдз. Мах афтæ æнхъæлдтам, æмæ куыдз æнæзонгæ адæмы фенгæйæ мæстыйæ згъордта мах æрдæм æмæ уый тыххæй нæ цыд фæсындæг кодтам, куыдз комæй фæндагмæ схызти. Куы згъоргæ кодта, куы та къахы фæдтæм смыста æмæ куы та рæйгæ кодта.

Чысыл алæууыдыстæм, фæлæ куыдз, кæцы цуанон куыдз разынд, æрмæст нæм иухатт ракасти, адарддæр кодта йæ рæйын æмæ къахы фæдтæм смудын. Фæндаджы иннæ фарсмæ ахызт æмæ уæлæмæ згъорын байдыдта. Бæрæг уыд, хъæддаг сырды фæдыл кæй цыдис. Цæстæнгасæй йæхи бааууон кодта æмæ йæ рæйын дæр нал хъуыст.



Хъæумæ куы баввахс стæм, уæд хур аныгуылд. Цæрæнуаты та æддейæ ничи зынди. Хъæу афтæ сабыр уыд, æнхъæлдтам, æмæ дзы ничи цæры. Хъæуы астæумæ куы бахæццæ стæм, уæд иу хæдзары цур, фосдарæнмæ хæстæг хосы мæкъуылтæ лæууыд. Ацы хосы бын хуыссыдысты дыууæ куыдз æмæ нæм сабырæй кастысты. Сыстын æмæ нæ размæ рацæуын, сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, куыд фæтк, куыдзы рæйынмæ-иу хæдзарæй фысым рацæуы.

Хъæуы астæумæ куы бацыдыстæм, уæд цалдæр хæдзары уæлхæдзæрттæй фæздæг цыдис. Се ‘хсæн уыд иу хъæдын хæдзар. Нæ фæндаг акодтам ацы хæдзары ’рдæм.

Кæртытæ, цæхæрадæттæ æмæ уæлхæдзæрттæ уыдысты митæй æмбæрзт. Иу кæртæй нæм нæлгоймаг ракасти. Уый уыд Елбакидзе Зураб, кæцыйы кой ракодтам уацы райдианы.




— Æз уын цы зæгъон? Цыппар азы рацыд хъæумæ куы æрцыдтæн уымæй. Мæ мад уыд рынчын, цыдис ыл 92 азмæ ввахс. Æрцыдтæн уый тыххæй, цæмæй йæм фæкæсон. Дыууæ азы йæм фæкастæн, стæй фæзиан. Дыууæ азы рацыд йæ амæлæтæй, фæлæ мæ бон нæу Уæрæсемæ аздæхын. Фæстæмæ ам дæн æмæ æвæццæгæн нал дæр ацæудзынæн. «Мæнæн ам уæвын хуыздæр у» – загъта нын Елбакидзе Зураб.

Хус сугтæ лыгтæ кодта пецæн. Уый фæстæ-иу æфсæйнаг хызыл тыгъд æнгузты æвзæрста, кæцыты фылдæр хай иу мыстытæ бахсыдтой. Зураб нын куыд радзырдта, афтæмæй мыстытæ тынг фæцахуыр сты æнгузты «давынмæ».

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
"Мах тыхсын кæнæм нæ хистæры, уый дæр æндæры тыхсын кæны,
18:21 / 19.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,
ხაშურში ამ სოფლის მცხოვრებლებს ცედნელებს უწოდებენ, მაგალითად, თუ ვინმეზე იტყვიან,
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.