რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Сартхъела – Робайы мысæн
Хæххон цæрæнуæтты, хъæуы фæндагыл кæд искæй фенат æмæ уын уый зæгъдзæн, искæцы хъæуæй ам хæрзæввахс у, зæгъгæ, хъуамæ ахъуыды кæнат, цæмæй уыдонæн у, уый æввахс, фæлæ уазæгæн – æнæфæугæ фæндаджы кæроны.

Афтæ рауади Сартхъелайы цауы. Кърисхеу-Гъарты фæндагыл ныл дзондзолийы тонынмæ рацæуæг хашураг лæг фембæлди. Раст нын уый бамбарын кодта, цæмæй иу хохы фæстæ ис уыцы хъæу. Уыцы хох та æввахсмæ зыны, фæлæ уыцы хохы онг ноджы дыууæ чысыл хохы разынди. Ацы хæхтæм Сартхъелайы онг бацæуæн фæндаг йæ алывæрсты зылди.

Æдæрсгæйæ араст стæм а.х. 3-хидон машинæты змæлдæй хæлд фæндагыл æмæ куыд фæстагмæ бахæццæ стæм хæхты ‘хсæн уæвæг чысыл хъæумæ.

«Исчи дзы вæййы? Кæнæ хæдзæрттæ-ма дзы ис?» - бафарстам дзондзолийы тонынмæ рацæуæг лæджы.

«Нæ зонын, Ноэ-иу вæййы уым, уырдыгон у. Ноджы ма-иу æндæртæ дæр ссæуынц. Дырысæй, йæ нæ зонын», - дзуапп нын радта хашураг лæг æмæ дзондзолийæ едзаг голлаг йе рагъыл баппæрста æмæ фистæгæй араст Хашурырдæм цæугæ уæрмытæ фæндагыл.

Сартхъелайы размæ нырма Гъартайы хъæу ис. Ам дыууæ азы размæ, уыдтæн. Фæндаг уымæй фыддæр разынди, раздæры фæндагмæ абаргæйæ. Æнæхъæн зымæджы дæргъы-иу ацы комы хъæутæм сугæй едзаг машинæтæ бирæ фæцыдис. Уыдоны змæлдæй сырæзгæ арф уæрмыты адæймаг бамбæхсдзæни. Къæвдаджын рæстæджы «Джипъæн» дæр æмæ «Нивайæн» дæр фæзын уыдзæн ацы уæрмытыл ахизын.



Фотойыл: Хъæуы центр

Ацы бынаты онг, цыранмæ интернет ахсы, социалон хызæгты ног хабæрттæм кастыстæм. Федтам, цæмæй нырма Хашуры мэрийы, уый фæстæ регионалон администрацийы веб-фарсыл рапарахатгонд фототæ уый фæдыл, æмæ куыд регулиргонд цæуы инфраструктурæ Сурамы, Куишхеты, Тъашискъары... æмæ се ‘хсæн иунæг æрмæг дæр нæй, цы уавæры сты Хашуры муниципалитеты уыцы хъæутæ, кæцытæ Къуары цæугæдоны рахизфарс былгæроныл сты æмæ сæ Хашуры «Фаллаг» фарс хонынц. Триалеты рагъы бын хъæутæ æмбæрзт сты цъæх æмбæрзæнæй æмæ дардæй алцыдæр æгъдауыл зыны. Æввахсæй та...

Æппæты бæрзонд хохы цъуппыл сау мигътæ райдыдтой тымбыл кæнын. Ай Сартхъелайы къæвда-уарды мигъ нæ разынди. Æрдæг сахаты фæстæ, уый бынтон æндæр ранмæ аивгъуыдта æмæ махæн кусыны фадат «радта».
Гъартийæ Сартхъелайы онг не ‘мбæлццон электроцæджындзтæ уыд. Ацы хъæуы онг рухс уагъд у, уымæн æмæ, фæндаг раст ацы хъæдын цæджындзты æххуысæй ссардтам.

Схызтыстæм хохмæ æмæ нæ цæстыраз айхæлд тыгъдад, цыран нырма нæ зындис хъæу. Уый фæлтау, хорз разынди хъæды кæроны цагъд хъæд æмæ бæлæстæ. Ранæй-рæтты конд зæххытæ дæр.

«Кæмдæр ам æввахс хъуамæ уа хъæу, фæлæ кæм?», - æнцой нын нæ дæтты ацы фарст. Æрхызтыстæм чысыл дæлдæр æмæ дыууæ хохы астæу зындзæуæн хъæдау тар цæрæнуат фæхатыдыстæм. Бæласы къалиуты ‘хсæн, хæдзары сæртæ æндæргау зындысты.

Афтæ æвиппайды не ‘нхъæлмæ кастыстæм хъæуы разындмæ, уый тыххæй æмæ дардæй ницы зындис. Фæлæ хæдзæрттæ куы федтам, уæд нын тыг æхсызгон уыдис.

«Ныр, хъæуы мыййаг, куы ничи уа, баззайдзæн нын æрмæст къадртæ. Сæйраг уый у, æмæ ныл ам арс ма æрбамбæла, æнæдæра-ма къадрты мæт кæй ис», - хынджылæг кодтам фæндагыл.

Хъæуы æдзæм фæндагыл араст стæм. Къæдзтæ-мæдзтæ фæндагыл дардæй, хъæуы тæккæ астæу æнхъæлмæгæсæн разынди. Уым дæсæй фылдæр адæймаг уыдис æмбырд. Хъæуы, цыран иу адæймаг дæр уыдыстæм æнхъæл, уайтагъд, уыййас адæм баййæфтам уым.

Машинæйы змæлды уынæр æрбайхъуысти æмæ Сартхъеламæ «Нивайы» маркæйы автомобиль дæр æрбацыдис. Таксийыл иу хæдзары бинонтæ фондзæй фæстæмæ аздæхти Хашурмæ. Æнхъæлмæгæсæны ма, æрмæст Тъабатъадзе Заза баззад. Мызгъуыр къухтимæ, уыдон дæр хурсыгъд.



Фотойыл: Тъабатъадзе Заза

«Дзæвгар рæстæг рацыд ардæм куы ссыдтæн, Ам вæййын æдзухæй, зæгъæн ис», - æрбадти бандоныл æмæ кæрæдзийы æрфарстам, чи кæцæй уыд æмæ куыд æмæ цæмæн æрбацыдыстæм хъæумæ.

Нæ зæрдæйы уаг нын æваст уыцы мемориал фæивта, кæцы трагикон хабары хъусынгæнæг уыд. Ацы чысыл дур нæ зонгæ кæны, цæмæй æдыппæт цалдæр 4-5 мæйы размæ, хъæдын хъæдзар басыгъди, цыран 40 аздзыд Гелашвили Роба бабын ис.

«Чъиатурæйы-иу куыста, уырдыгæй æрцыдис, 20 аздзыд лæппу уыдис, ардæм куы рцыд уæд. Иунæгæй цардис ам æмæ-иу зымæджы йæ хъус дардта хъæумæ. Кæд-иу фæндаг гом уыдис, уæд-иу ссыдыстæм æмæ-иу æй бабæрæг кодтам, фæлæ сæйрагæй иунæгæй цардис. Ацы мемориал дæр ын йæ хæстæг сарæзта. Æрмæст ын уыцы иу хæстæг уыдис», - зæгъы Тъабатъадзе Заза.

Сартхъела зæгъæн ис æмæ 200 аздзыд у. Дыууæ æнусы размæ, Имеретæй Дзамайыгомырдæм цæуæг адæймæгтæ хорз бынат бафиппайдтой цæрæнуатæн. Темы депутат, Тъабатъадзе Ноэ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, Гелашвилитæ, Тъабатъадзетæ æмæ Гоголадзетæ ардæм Харагаулæй æрцыдысты æмæ ам цæрын байдыдтой. Комы иннæ фарс ноджы иу сых ис – Гобозашвилиты. Уым дæр ма кæд иу дыууæ адæймаг бабарæг кæны йæ фыдæлты бынат.

Тъабатъадзе Ноэйы ныхæстæй базыдтам, æмæ 2 азы размæ, фæндагыл «пост (хъахъхъæнæн бынат)» кæй сарæзтой æмæ комы хъæдмæ машинæты нæ уагътой. Амæй уыдон тырныдтой фервæзын кодтаиккой хъæды дæр æмæ фæндаг дæр. Куыддæр фæндаг зындзæуæн свæййы, афтæ йæм, а.х. 3-хидон машинæйы йеддæмæ, ницыуал цæуы. Ныртæккæ дæр æй раст, уый ныфс ис, цæмæй афтæ рауайдзæн.

«Кæнæ видео-камерæтæ хъуамæ арæзт æрцæуа, кæнæ та, ноджы фæстæмæ «шлагбаум» сараздзыстæм, æндæра нæ тынг тыхсын кæнынц ацы 3-хидон машинæтæ», - зæгъы Тъабатъадзе Ноэ.

Ацы азы, хъæуы центры, рухсытæ смонтаж кæндзысты. Кæд фæндаг дæр цалцæггонд æрцæудзæни, уæд Ноэ æмæ Зазайы хъуыдымæ гæсгæ, зымæджы бирæ адæймæгтæ баззайдзæн хъæуы. Ацы рæстæджы-ма, ноджы рухс æмæ уынæр куы уа, уæд арс нал бахъыдардзæни хъæуы.

«Нартхор нал тауæм. Арс цæуы æмæ йæ хæры», - дзуры нын Тъабатъадзе Заза. Уый Ноэйы фарсмæ цæры æмæ нын уыцы бынатдæр æвдисы, цыран зынджытæ ис тымбылгонд. Æрмæст арс нæ, фæлæ æрыгæттæ дæр уарзынц ардæм ссæуын, æрмæст, цæл кæнынмæ.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,
ხაშურში ამ სოფლის მცხოვრებლებს ცედნელებს უწოდებენ, მაგალითად, თუ ვინმეზე იტყვიან,
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.