რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Хуыбаты Омары "Нартæ"
Тбилисы, "Артхолы" къаннæг залтæй сæ иуы, кафджытæ æвиппайды раст
слæууыдысты æмæ цалдæрминутон кафты фердæхт (трюк) сæххæст кодтой,
уый фæстæ къухæмдзæгъдимæ æмæ сæрæй ныллæг акувгæйæ залмæ бацæуæг
нæлгоймагæн салам раттой. Ацы жест уый нысан кодта, æмæ залмæ кæй
æрбахызт Хуыбаты Омар.
"Ай у ансамбль, кæцы мæ фæндыд, цæмæй мæн уыдаид", - загъта уый кафджытæн, кæдонæн пандемийы тыххæй, 1 афæдзы дæргъы, репетицитæ уагъд нæ цыдис.
Чысыл аныхасы фæстæ, ансамблы разамонæг кафджыты цæттæдзинадимæ базонгæ ис. Уыдон хæрзæввахс рæстæджы Батуммæ афæндараст уыдзысты æмæ концертмæ сæхи цæттæ кæнынц.
3 кафты афтæ сæххæст кодтой, æмæ Хуыбаты Омар йе "рфыгыл дæр не "схæцыд. Репетитор-хореограф Къаландадзе Давит ансамблы уæнгтимæ кафгæйæ ныхас кодта. Аивадон къухдариуæггæнæг Татулашвили Гогитъа та, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу, организацион фарстæты æрбæстон кæныны тыххæй залæй рахызт. Уыдон ныфс уыдис, цæмæй Хуыбаты Омары цур, кафджытæ репетицийы æнтыстджынæй кæй сæххæст кæндзысты.
"Тынг мæ зæрдæмæ фæцыд кафты сæххæст. Амæй размæ куы уыдтæн ам, уæд æй зæгъгæ дæр кодтон, цахæм хъуамæ рацыдаид. Ныр уынын æмæ кафт мæ куырдиатмæ гæсгæ сæххæст кодтат", - загъта кафджытæн репетицийы фæстæ Хуыбаты Омар.
"Уыййас стыр амонд у залмæ æрбаздæхын, æмæ аскъуыддзаг кодтам, ног кафт сæвæрын", - загъта нын кафæг Джаникъашвили Ана. Уый Чъабукъиани Вахтангы номыл ахуыргæнæндон каст фæци, уый фæстæ театралон университеты хореографион факултетыл сахуыр кодта; 2017 азы та, - ансамбль "Нарты" уæнг сси.
"Ныр кафтыл райдыдтам кусын, кæцы нын сæвæрдта Татулашвили Гиорги. Ныры онг, ацы кафты йæхæдæг дæр æххæст кодта. Ай у кафт – "Мтиелты роква (хохæгты кафт)", æмæ уый тыххæй стыр бæрндзинад у, цæмæй ацы кафт æнтыстджынæй рахæссæм кæсджыты размæ, - загъта нын Джаникъашвили Ана.
"Мтиелты роквайы (хохæгты кафты)" зæгъæн ис æмæ алы кафæг дæр хайад исы. Хореографтæ стыр цырддзинад равдыстой. Нæлгоймагæн дæр æмæ сылгоймагæн дæр ацы рæстæджы стыр физикон цæттæдзинад хъæуы. Аивадон къухдариуæггæнæг, Гогитъа нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, ацы кафты бацæттæ кæнынæн хæрзцыбыр рæстæг бахъуыдысты. Ансамблы администраци кафджыты залмæ 2021 азы майы дыккаг æмбисы æрбахуыдта. 2020 азы мартъийæ та, ахæм æмбырдтæ, пандемийы тыххæй, тобæгонд уыди.
Хохæгты кафты фæстæ Хуыбаты Омар – "Хонгæ" кафт æмæ "Гуырдзиаг" кафты дæр федта. 3 сахатмæ "ввахс се "змæлд нæ фескъуыдтой.
Цас Хуыбаты Омар йæ ансамблы уæнгты кафтмæ сабырæй кастис æмæ йæ райгонддзинад не "мбæхста, уыййас аивадон къухдариуæггæнæгæн бæрæг проблемæтæ уыдис. Æниу нын, ацы проблемæты тыххæй Хуыбаты Омар йæхæдæг дæр радзырдта.
Куыд разынд афтæмæй, "Нртæн" зал арендайæ ист у. Надзаладевы районы та, ахæм залы баххуырсын, нæдæр афтæ аслам у.
"Пандеми нæ бынтондæр рæууатмæ ркодта. Мах фактивонæй хæдбар стæм бюджетæй. Хуссар Ирыстоны администрацийæн цы амал ис, уымæй нын æххуыс кæны, бæрæг суммæ нын рахицæн кодта", - загъта нын Хуыбаты Омар. Ацы иу афæдзы дæргъы иунæг спонсор дæр нæ уыд, гастролтæ дæр æмæ концерт дæр нæ уыдис. Нæдæр æндæр исты æфтиаг райста ансамбль:
"Кафæгæн 200-300 лари куы уа мызд, уæд уый, сымахмæ куыд кæсы? Тынг мæт кæнын ацы уавæры фæдыл. Кафджытæн бинонтæ ис, уыдон та дарын хъæуы", - зæгъы Хуыбаты Омар.
Алцыппæты уый дæр вазыгджын кæны, æмæ ансамбль "Нарты" сконды сты сæйрагæйдæр профессионалон кафджытæ. Æмæ уый тыххæй, уыдонæн æххуыс кæнын у сæйраг хæсдзинад ансамблæн, хъусдаринаг у уыцы уавæр дæр, куыд ахсджиаг у бæстæйæн ацы къорды уæвынад:
"Цæуынц нæм æрыгон фæсивæд дæр, зæрæдтæ ацæуынц, нæуджытæ æрбацæуынц, ардæм профессионалтæ цæуынц, студенттæй – стæм хатт вæййы. Тырнæм, цæмæй ирон ахаст æвдисæм. Кæд нæ фæнды æмæ ирон кафт кæнæм, уæд хъуамæ акафæм иронау. Чысыл исты нюанс æм куы бафтауай, уæд уый ирон нал уыдзæн. Ирон меллодиты кафын, мæнмæ гæсгæ, никуы ис. Мах тырнæм, цæмæй йæ дырысæй сæххæст кæнæм. Ирæттæ йæ куы феной, уæд цæмæй зæгъой, ай у ирон", - зæгъы нын Хуыбаты Омар.
Ансамблы сырæзты идейæ раст ай уыд, цæмæй уый хъуамæ уыдаид гуырдзиаг-ирон ансамбль, цыран иумæ хъуамæ кафой ирон дæр æмæ гуырдзиаг дæр.
Ансамблы сырæзты фыццаг бонæй, къорды уæнг у Кокойты Тамуна, кæцыйы ныййарджытæ Знауыры районæй сты. Тамуна Тбилисы райгуырдис æмæ схъомыл. Сæрыстырæй зæгъы, цæмæй раст ирон уагахастмæ гæсгæ, уый кæй равзæрста ансамбль "Нартæ", цыран йæ фидæны мойаг, Дугладзе Рамазимæ базонгæ ис. Уымæн йæ нысан у, цæмæй карьерæйы фæудмæ Хуыбаты Омары ансамбль "Нарты" баззайа.
"Бынæттон гуйраг дæн. Скъолæйы периоды райдыдтон кафын. Сæрæй инструменттыл уыдтæн – фæндыр æмæ уадындзыл цагътон. Уый фæстæ Гуры чысыл ансамбль фæзынди, æвдæм-æстæм къласæй райдыдтон кафын. Иухатт куы уыдис, уæд Тбилисæй æрхуыдтой стыр Джано Багратионы. Уый уæд уыдис Гуырдзыстоны зарæджы æмæ кафты сгуыхт ансамблы балетмейстер. Нæ ансамблы хъуамæ кæфтытæ сæвæрдтаид. Фарастæм æви дæсæм къласы уыдтæн, федта мæ æмæ тынг йæ зæрдæмæ фæцыдтæн. Акодта мæ йæхимæ", - кой кæны Хуыбаты Омар.
Стæй, 1967 азы, Тбилисы профессионалон кафджыты "хсæн, конкурс уагъд æрцыд.
"Индивидуалон конкурс уагъд æрцыд профессионалты "хсæн. Гуырдзыстоны зарæджы æмæ кафты ансамблы уæнг уыдтæн, лотбар уыди Къавсадзе Анзор, фæндыд мæ, цæмæй хайад райстаин конкурсы. Фæлæ мын цухъхъа нæ радтой. Конкурсы разамонæг, дам, Сухишвили у æмæ дам, дын чи ратдзæни уæлахиздзинад – загъта мын Къавсадзе Анзор. Æз ын загътон, зæгъын, кæд мын ды бар нæ дæттыс, уæд æз ацæудзынæн æмæ æндæр ансамблы номæй рацæудзынæн. Ацыдтæн æмæ трамвай-тролейбусты номыл ансамблы номæй хайад райстон конкурсы", - зæгъы Хуыбаты Омар
Хуыбаты Омар конкурсы хайад райста трамвай-тролебусты куыстуаты ансамблы уæнджы номæй. Цухъхъа дæр ын радтой æмæ йын æмбал дæр равзæрстой, кæцыимæ иумæ кафыны конкурсы хъуамæ рацыдаид:
"Ланчава Верикоимæ иумæ иу боны мидæг сæвæрдтон кафт, æз уый нæдæр зыдтон. Дыккаг боны хъуамæ фыццаг турнир уагъд æрцыдаид. Оперæйы театры уагъд цыдис конкурс. Æппæты уæлдæр аргъкæнынад мæнмæ æрхаудта æмæ ноджы Сулаберидзе Придонмæ. Максималон балтæ (кулатæ) нын ныффыстой. Придон, кæй зæгъын æй хъæуы, алы заманы кафæг у. Хорзæх райсыны рæстæджы схызтæн сценæмæ, Сухишвили мæм радта хорзæх æмæ мын загъта: - æрбацæудзынæ, хъæбул, мæнмæ. Æрбацæудзынæн, уæдæ цы кæндзынæн, зæгъын, æнæмæнгæй æрбацæудзынæн – дзуапп раттон Сухишвилийæн. Иу къуырийы фæстæ бацыдтæн. Уыцы бонæй, 20 азы, Сухишвилимæ арвыстон. Сгуыхтдзинад, алы титул мын ис. Нæ райдайдзынæн нымайын регалиты, мæхæдæг дæр сæ нал хъуыды кæнын, иуæй-иуты. Алкæцы титул (курум, раинд, кады орден æмæ а.д.), цыдæриддæр гæнæн ис уа кафты æмæ культурæйы адæймагæн, алцыдæр мын ис æвæццæгæн. Кавказы адæмты адæмон академийы уæнг-уацхæссæг дæн, бынтон хæрзæрæджы райстон докторы ном", - дзуры Хуыбаты Омар.
Сухишвилиты фæстæ Хуыбаты Омары царды бирæ цыдæртæ фæивта.
"Бахъуыд мæ афтæ цæрын, æмæ Дзæуджыхъæуы бацыдтæн уæлдæр ахуырмæ æмæ ахуыр кæнын байдыдтон. Уым университеты ансамблæн къухдариуæг кодтон, уый фæстæ ныууагътон уыцы ансамблы, сæвæрдтон йæ къахыл ансамблы, дихтæгонд уыдис. Райдыдтон театры ансамблы кусын. Театры ансаблы ном хуындис "Нартæ", синтезон ансамбль уыди, кæцыйы сконды уыдысты – артисттæ æмæ дугъгæнджытæ. Уый фæстæ паддзахадон ансамбль "Аланийы" разамонæг сдæн, куыд ацырдыгæй Хуссар Кавказы уыди Сухишвилийы ансамбль, афтæ уыцырдыгæй, Цæгат Кавказы уыд – "Алани", йæ аивадон къухдариуæггæнæг уыдтæн – 1996-1998 азты. Ацы рæстæджы хъуыды кодтон, кæнæ уыцырдыгæй хъуамæ уыдаин, кæнæ та мæ хæдзармæ æрыздæхтаин. Аскъуыддзаг кодтон, цæмæй мæ хæдзармæ, мæ бинонтæм æрыздæхтаин", - зæгъы Хуыбаты Омар.
2006 азы Гуырдзыстоны арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны администраци, кæцыйы разамонæг æмæ президентæй Санахъоты Димитры сæвзæрстой.
Санахъоты Димитры администрацийы цалдæр министрады арæзт æрцыд, се "хсæн, рухсады, культурæйы æмæ цыртдзæвæнты хъахъхъæды министрад:
"Ацы министрадмæ мæм фæсидтысты, ды, дам, хъуамæ ацæуай администрацимæ культурæйы министрæй. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, нæйы загътон, зæгъын мын уым кусын къух нæ дæтты. Уый тыххæй æмæ мын тынг бирæ зонгæтæ ис уыцырдыгæй æмæ мын хъуамæ æхгæд æрцыдаид алы фæндаг дæр уыцырдæм. Ноджы та мæм дыккаг хатт фæдзырдтой, æрцыдтæн уырдыгæй, бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ, ахъуыды кодтон, кæд мын, зæгъын, сæхгæндзысты фæндаг, уæд хуыздæр уыдзæнис мæнæн мæ хæдзары баззайон, мæ бинонты "хсæн æмæ афтæ райдыдтон кусын культурæйы министрæй. Ацы рæстæджы мæм ахæм хъуыды æрцыд, цæмæй мын ныр ис фадат, бюджеты æхца ис æмæ саразон уыцы ансамблы, кæцы мæ бæллицц уыди, цæмæй мæхи куыд фæнды афтæ йын разамынд кодтаин; мæхи куыд фæнды афтæ йæ кусын кодтаин. 6 мæймæ алцыдæр уыдис цæттæ, цыдæриддæр техникон фарс уыд, æппæтдæр бацæттæ кодтам. Нарты ном ыл æз сæвæрдтон. Структура мæхæдæг сарæзтон: цал лæппуйы, цал чызджы, цал музыканты хъуамæ уыдаид. Мæхæдæг сын уагътон репетицитæ, нæхи сæрмагонд зал нын абоны онг нæй. Дидубейы Сухишвилиты студи куы ис, йæ къухдариуæггæнæг Наврозашвили Джемал, мæ хорз хæлар уыд, æмæ мын уый радта рецетициты зал. Райдыдтам "Симдæй" æмæ "Ерысæй". 2007 азы, фыццаг фестивалыл "Нартæ" гран-при райста. Уыцы рæстæджы, Сухишвилитæй Нанукъа дæр 12 кафæджы ракодта æмæ акафыдысты "Хъазбегури", махуæттæ дæр кафыдысты. Жюри – Мхеидзе Омар, Сулаберидзе, Гогинава Джейран æмæ æндæртæ, "Нартæн" радтой фыццаг приз. Ахæм приз уыди – Аргонавтты нау, Стамбулы йæ саразын кодтой æмæ уый рахастам. Уæд нæ ансамбль Куртайы хъæуы уыдис, Санахъоты Димитры администрацийы æрывæрдтам нæ приз. Хæсты рæстæджы йæ ахастой, чи йæ ахаста, нæ зонын", - зæгъы Хуыбаты Омар.
"Нарты" фыццаг азты ансамблы директорæй снысангонд уыд Гъогъоберидзе Тамаз, фæлæ аивадон къухдариуæггæнæг та – Биртвелишвили Роман.
"Ацы дыууæ адæймаг лæууыдысты ансамблы сæргъы. Стæй афтæ рауад æмæ уыдон ацыдысты. Ансамбль лæвæрд æрцыд Татулашвили Гогитъамæ, уый нæ репетитор уыдис. Йæ бæсты репетиторæй снысан кодтам Къаландадзе Давиты. Тынг райгонд дæн алцæмæй, дисциплинæ ис ансамблы. Ноджы-ма йæ фæлхатт кæнын, нæхи кухфыст нын ис æмæ ма хъуамæ уа æндæры æнгæс. Ахæм кæфтытæ хъуамæ æвæрд æрцæуа, цæмæй ма зæгъа кæсæг, æмæ ахæм кæфтытæ ис. Ерисион дæр ис, Сухишвилитæ дæр ис. Фæлæ мах фæнды, цæмæй хицæнгонд уа. Мæнмæ гæсгæ, ахæм райдайæн иунæг ансамблæн дæр нæ уыдис. Цал равдыст нын уыдис, æмæ кæнæ гран-при райстам, кæнæ фыццаг бынат. Прибалтикæйы куы уыдыстæм, хъуыды йæ кæнын, æмæ гран-при райстам, телеуынынады приз дæр ма немæ рахастам æмæ ма ноджы æндæр призтæ. Æгæрыстæмæй ма уæд загътам, искæцы приз куы ныууагътаиккам бынаты, зæгъгæ".
Абон нæ ныфс нæ сæттæм, цæмæй пандемийы фæстæ алцыдæр кæй фæхуыздæр уыдзæн. Нæ экономикæ дæр размæ кæй рацæудзæн, чизоны исчи разына ахæм, кæцы нын экономиконæй баххуыс кæндзæн", - бафтыдта йæ ныхасмæ Хуыбаты Омар.

Сухишвилитæм

Дзæуджыхъæуы

"Нарты" райгуырд

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ
ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა
თანატოლი ჰყავს.
რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი
ახალგაზრდების გამოცდილება
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები