რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Лæвæрттæ Дзæуджыхъæуæй
Гаглойты Рима Дзæуджыхъæуы
цæры. Уый Гуырдзыстоны 30 азы размæ ныууагъта æмæ Цæгат Ирыстоны
абон иуæй-иу æнтыстджын сылгоймаг у.
2 азы ныр йæ райгуырæн хъæуы нæ уыдис. Пандемийы фæдыл æрæвæрд арæнæвæрдты тыххæй йын Хашуры муниципалитетмæ æрцæуын нæ бантыст. Æрвылхатт стыр ныфсимæ фенхъæлмæ кæсы ног репортажтæм нæ сайтыл. Репортажтæм, кæцытæ вæййынц йæ райгуырæн бæстæйы цæрæг ирæттыл, уымæн æнæ цæссыгæй йæ бон нæ вæййы сæ кæсын.
Лететаг хоты тыххæй бацæттæгонд репортажы фенды фæстæ, уый йæ хæстæг Гаглойты Ияйæн хоты бабæрæг кæнын æмæ баххуыс кæнын ракуырдта.
Дзæуджыхъæуæй рарвитгæ лæвæрттимæ Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ Гаглошвили (Гаглойты) Венера æмæ Сиранамæ фæуазæг стæм.
Хæдзары баййæфтам Гаглошвили (Гаглойты) Венерайы. Ия Венерайæн загъта, цæмæй Сиранайы дæр æрбакодтаид, кæцы уыцы рæстæджы цæхæрадонмæ ацыдис. Цæхæрадон хъæумæ æввахс уыд. Фæззыгон тыллæг сын дзы уыйбæрц ницы ис, фæлæ цæхæрадонæй æрбаздæхгæ хистæр хо рахъаст кодта, цæмæй арæх фос æмбондыл бахизы æмæ йæ халынц, зæгъгæ:

«Бирæ дзы ницы зайы цæхæрадоны, фæлæ йæ уæддæр арæх абæрæг кæнæм, цæмæй йæ фос ма сафа», - зæгъы Сирана.
Æрвадæлтæ кæрæдзиимæ хорз куы базонгæ сты, уæд райдыдта фембæлды официалон хай. Гаглойты Ия хотæн бамбарын кодта, цæмæй уыдоны тыххæй бацæттæгонд репортажы интернеты уый æмæ йæ фыдыфсымæры чызг кæй федтой. Æмæ уый фæстæ уыдон аскъуыддзаг кодтой, хотæн баххуыс кæнын.
«Æз уæд нырма сюжеты нæ федтон, Рима мæм куы ныффыста тилифоны. Федтай, дам, видео? Куыдта мæ фыдыфсымæры чызг – Рима. Ай, дам, цы федтон. Æнæмæнгæй, ацу æмæ, дам, сæ бабæрæг кæн», - радзырдта нын Ия уыцы эпизоды фæдыл, хоты тыххæй сюжет фыццаг хатт куы федтой.

qartli.ge-йы ‘рдыгæй бацæттæгонд сюжеты ныхас цыдис Гаглошвили (Гаглойты) Венера æмæ Сиранайы царды тыххæй. Сæ ивгъуыд цардыл æмæ ныры цардыл. Хотæ репортажы мысыдысты, куыд зынуавæрты цардысты бирæ азты дæргъы, куыд хорз æнтыстытимæ каст фесты скъолæ, фæлæ сæ ахуыры адарддæр кæнын сæ къухы нæ бафтыд, уæззау цардмæ гæсгæйæ.
Земо (Уæллаг) Лететы уæвыны рæстæджы, Ия Дзæуджыхъæумæ йæ фыдыфсымæры чызгмæ воцапæй адзырдта. Уæлдай зæрдæмæхъаргæ ныхас уыд хоты æмæ Римайы ‘хсæн. Гаглойты Рима ацæргæ хотæн, загъта, цæмæй Дзæуджыхъæумæ рацæуой æмæ уым цæрой. Фæлæ йын хотæ раарфæ кодтой æмæ йын загътой: - «Ма, дам, тыхс, ууыл».

Ия нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, Гаглошвилиты (Гаглойты) мыггаджы минæвæрттæ цæттæ сты байгом кæной хъыгъд, цæмæй Венерайæн æмæ Сиранайæн æрымбырд кæной æхца æмæ сын-иу баххуыс кæной. Абоны бацыд хотæм нæ уыдзæнис иухаттон акци.
Гаглойты Римамæ тæ цы хауы уымæй, уый пандемийы тыххæй, ныр дыууæ азы нæ уыдис Гуырдзыстоны. Уый рацæугæ у Хашуры муниципалитеты Гъартайы хъæуæй.
«Æз дæр уыцы хъæуæй рацæугæ дæн. Мæ фыд фæстаг рæстæджы онг уым цардис. Нырма æрæджы фæзиан. 4 мæйы уыдис рынчын. Цалынмæ йæ бон уыдис, уæдмæ хъæуæй нæ рацыдис мæнмæ. Рима дæр тынг уарзы йæ хъæуы. Æрвыл аз дæр æрцæуы æмæ архайы йæ хъæуы цæрджыты фарсмæ æрлæууа», - дзуры нын Ия.
Æвæццæгæн, иннæ азы Римайæн бантысдзæн æрцæуын ардæм. Махæн та уыцы фадат уыдзæн, цæмæй нæ кæсæджы базонгæ кæнæм Дзæуджыхъæуы цæрæг æнтыстджын сылгоймагимæ, кæцы Гуырдзыстоны райгуырдис æмæ схъомыл.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
ხაშურში ამ სოფლის მცხოვრებლებს ცედნელებს უწოდებენ, მაგალითად, თუ
ვინმეზე იტყვიან,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები