რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« ნოემბერი 2024 »»
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Хроникон пациент вакцинаци куы дома...
Хидистауы хъæуы дыууæ къуырийы размæ æмрæстæджы 30 адæймаг коронавирусæй фæрынчын сты. Аххосаг чындзæхсæв уыд.

Гуры муниципалитеты хъæутæй иу стыр хъæуы ацы факт тынг мæты бафтыдта. Инфицирады тас æндæр адæймæгтæн дæр фæзынд. Чындзæхсæвы сæйрагæйдæр уыдысты æвзонг фæсивæд æмæ нын уый тыххæй, куыд амбулаторийы æмкусæг загъта, хорз уыд æмæ микроапырхæн нæ уыди ницы леталон фæстиуæг, зæгъгæ.

Ацы нысанæй, Гуры æнæниздзинад хъахъхъæды центр бынатыл вакцинацийы центр бакодта. Ай уыцы хъæу у, цыран Къаралеты, Хелтубанийы æмæ Къавтисхеуы хъæутимæ иумæ, вакцинацийы центыртæ æнæниздзинад хъахъхъæды министр байгом кодта

«Уыцы бон 40 адæймагмæ ‘ввахс вакцинаци скодта. Ныр уыдонæн дыккаг дозæ у аразинаг», - зæгъы амбулаторийы дохтыр Гогиашвили Нона. Уый информацимæ гæсгæ, хъæуы амбулаторийы æндæр æмбæстæгтæ нал бафтыд, æниу, хъуыды кæны, æмæ тынг бирæ адæймаг скодта вакцинаци, æрмæст горæты клиникæты. Хидистау æввахс у Гурмæ.

Амбулатори хъæуы клубы фарсмæ ис. Бæстыхай иу бакастæй рæвдзгонд у, фæлæ иу хатæнæй дарддæр, иннæ рæтты алыран дæр уазал у. Къæлидоры бирæ рæстæг уæвын нæ бафæраздзынæ. Фæлæ, нын æндæр амал нæ уыди. Хъуамæ банхъæлмæ кастаиаккам уыцы æмбæстæгты рахызтмæ, кæцытæ дохтырмæ æндæр æмæ æндæр нысанæй консультацийыл уыдысты.



Цалдæр æмбæстаджы бафарстам, визиты нысаны тыххæй. Сæ фылдæр нын загъта, вакцинаци сын арæзт кæй уыдис. Фæлæ, нæ уазæгуаты уæвыны рæстæджы, вакцинаци скæнынмæ ничи æрбацыд.

Чысыл рæстæджы фæстæ, пальто йæ уæхсчытыл кондæй, карджын сылгоймаг æрбахызти къæлидормæ æмæ специалонæй, æмбæстæгтæн æрцæттæгонд тъахтъийыл æрбадтис. Æнхъæлмæ касти дохтыры уатæй æндæр æмбæстаджы рахызтмæ:

«Æз ныр дыууæ хатты дæн вакциниргонд, фæлæ ме ‘мкъайы тыххæй æрбацыдтæн ардæм. Дохтырæй хъуамæ гæххæтт райсон, цæмæй йæ райсом Гурмæ акæнон, анализтæ аразынмæ. Æндæр æмæ æндæр хроникон низтæ йын ис æмæ нæ фæнды цæмæй йын вакцинаци скæной. Махæй тындæр йæхи фæнды вакцинаци саразын. Абон дæр æй хъуамæ акодтаиккам, фæлæ нын нæ бантыстис. Тæрсæм ын, цæмæй йыл рынчындоны мацы низ бахæца. Гормеды дохтыр дæр нын загъта, цæмæй æнæмæнгæй скæна вакцинаци», - зæгъы нын сылгоймаг.



Кæд æмæ, хъæуы вакцинацийы центр дыууæ къуырийы размæ байгом, уæд цæуылнæ бантыст хроникон низты уæвæг пациенты вакцинаци хъæуы мидæг? Ацы фарстæн нын сылгоймаг дзуапп радта:

«Фыццаг бон куы байгом ис, дохтыртæ уыдысты ам. Бамбарын сын кодтон мæ уавæры тыххæй, зæгъын, ме ‘мкъай хроникон пациент у æмæ хæдзары кæй ис. Ныфс нын бавæрдтой, цæмæй иннæ бон кæй æрцыдаиккой. Дохтырты бригадæ уыди, специалон машинæйыл. Фæлæ не ‘рцыдысты. Стæй, амбулаторийы дохтырæн загътон, кæй не ‘рцыдысты уый тыххæй. Уыдон, дам, æввахс рæстæджы нал æрцæудзысты ардæм. Йæхæдæг та йæ ныфс нæ бахаста ме ‘мкъайæн вакцинаци скæнын. Хроникон низфæзындтæ йын ис æмæ дам, бахъуыды рæстæджы не ‘стæм аккаг рæвдзгонд», - зæгъы нын сылгоймаг.



Куы йæ базыдта æмæ журналист дæн, бахудти: - «Ой, цас, дам, дзурын». Фæлæ йын мах дзуапп радтам, цæмæй ууыл кæй хъуыды кæнæм, куыд фæтагъддæр кæной уымæн йе ‘мкъайы вакцинацийы:

«Æнæуи, цæрæнбоны тыххæй тохгæнæг лæг у», - адарддæр кодта йæ ныхас – йæ зæрдæйыл операци арæзт ис дыууæ азæй. Ныртæккæ 71 аздзыд у. Еныр дæр мын афтæ зæгъы: - кæд, дам, мын вакцинаци не скæной, уæд, вирусæй мæхи куыд бахизон уый дам, мæ сахуыр кæндзысты. Бинонтæ иуылдæр вакциниргонд стæм, фæлæ уæддæр тæрсæм, мачи ‘рбахæсса вирус, кæнæ мах нæхæдæгдæр ма уæм низхæссæг».

Йе ‘мкъайы истори нын лыстæггай радзырдта, куыд æй фервæзын кодтой Тбилисы, Аладашвилийы номыл зæрдæйы клиникæйы дохтыр Ратъианы æххуысæй.

«Ныр телевизоры куы фены Ратъианы, уæд ын тынг æхсызгон вæййы. Стыр бузныг стæм ацы лæгæй», - зæгъы сылгоймаг.



Тагъд нæ рад дæр æрхæццæ æмæ бахызтыстæм Нона-дохтырмæ. Фыццаджыдæр уал æй, цæмæй бафарстам, уый уыди, зæгъгæ, 71 аздзыд лæгæн вакцинаци куыд ис гæнæн хæдзары уавæрты скæнын афтæ, цæмæй йæ ма бахъуыдаид Гуры рынчындонмæ ацæуын æмæ æндæр адæймæгтимæ æввахс контакт.

Хидистауы амбулаторийы дохтыр нын загъта, цæмæй æфсæддон госпиталы дохтырты бригадæ хъæумæ 16-æм ноябры æрцæудзæн вакцинацийы дыккаг дозæйы тыххæй æмæ æнæмæнгæй скæндзысты 71 аздзыд лæгæн дæр, кæнæ амбулаторийы, кæнæ хæдзары.

Ацы ныфсимæ ныууагътам Хидистауы хъæуы æмæ Къаралеты амбулаторимæ рацыдыстæм. Ацы хъæу дæр егъау хъæу у æмæ ам дæр вакцинацийы центр æнæниздзинад хъахъхъæды министр байгом кодта.

Хидистауы амбулаторимæ абаргæйæ ам фылдæр комфортон уавæртæ баййæфтам. Къæлидоры хъарм уыд. Ремонтгонд æмæ ифтонг бæстыхайы бирæ кабинет ис, се ‘хсæн, стоматологийы дæр. Къæлидоры кæроны ис кухнæ, цыран тæвд дон цæуы.

«Адон алцыппæтдæр Америкæйы минæварады æххуысæй арæзт сты», - загъта нын амбулаторийы директор къæлидоры ныл куы фембæлд уæд. Æхсызгонæй нæ райста вакцинацийы (æфтауыны) кабинеты, цыран дыууæ карджын æмбæстаг уыдис, дыккаг дозæйæ æфтауынмæ:



«Абон зæгъæм, 12 вакцинаци уагъд æрцыд. Фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы нын ис уагъд 61 вакцинаци», - загъта нын амбулаторийы директор.

Къаралеты дæр вирусы микроапырх социалон мадзæлттæ расайдта – чындзæхсæвтæ, хистытæ сты аххосаг эпидемийы уæрæх апырх кæныны:

«Мах дырысæй нæ зонæм, цал инфициргонд ис конкретонæй нæ хъæуы, фæлæ уæртæ скъолæйы, иу боны мидæг 14 ахуырдзауæн сбæлвырд ис коронавирус æмæ скъолæйы уайтагъд сæхгæдтой. Абон сног кодтой ахуыры процесс дыууæкъуырион дистанцион ахуыры фæстæ», - зæгъы амбулаторийы æмкусæг.

Къаралеты нын куыд загътой уымæ гæсгæ, иттæг стыр нысаниуæг ис уымæн, цас æнцонвадат у вакцинаци кæцыфæнды æмбæстагæн, афтæ-ма уавæртæ дæр.

«Министр куы æрцыдис ардæм, уæд къæлидоры хъармгæнæн нæ уыдис иугонд. Раст нын уæд загъта министр, цæмæй æнæмæнгæй хъармгæнæн сиу кæнæм – адæймаг куы æрбахиза, уæд хъарм къæлидоры хъуамæ банкъара, зæгъгæ. Æмæ æцæгдæр афтæ у», - зæгъы амбулаторийы директор.

Куыд рабæрæг афтæмæй, Къаралеты амбулатори дæлбариуæг кæны Тхъуиауы рынчындонмæ, кæцыйы бюджетæй хъармгæнæны хæрдзтæ æмбæрзт цæуынц. Министры барлæвæрды фæстæ, Тхъуиауы рынчындон рахицæн кодта техникон къорд æмæ къæлидоры газы сæндидзын кæнынæн инжинерон куыстытæ ауагъта.

«Æмбарынад фæивта адæмы ‘хсæн, фæлæ уæддæр уынынц æмбæстæгтæ, кæцыты вакцинацийы æмæ иумæйагæй дæр вирус нæ уырны. Элементарон, медицинон маскæйы дарыны фæтк не ‘ххæст кæнынц. Мах максималонæй бæргæ архайæм, цæмæй цас гæнæн ис, уымæй фылдæр адæймагæн вакцинаци скæнæм. Абоны тыххæй уын куы зæгъын, 12 адæймагæн скодтам вакцинаци æмбисбонмæ. Фæлæ, дыууæ æмбæстаг аздæхтам – иуæн йæ тæвд уыдис бæрзонд æмæ йын загътам, цæмæй Гурмæ ацыдаид. Дыккагæн та йæ туджы æлхъывд (давлени) уыдис бæрзонд æмæ æндæр æмæ æндæр низтæй дæр хъаст кодта. Æмæ йæ уый тыххæй Гурмæ арвыстам, ам уæддæр уый хызæн адæмагæн риск у», - загъта нын амбулаторийы директор.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.