რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« აპრილი 2025 »»
31 1 2 3 4 5 6
7 8 9 10 11 12 13
14 15 16 17 18 19 20
21 22 23 24 25 26 27
28 29 30 1234
Ног хабæрттæ
Кокойты Маро æмæ Зауыр Имерлианткъарийæ
Хашуры муниципалитеты Църомы хъæуы уæлейæ, уæлмæрдты цур, фæндаг рахизы рдæм фæцæуы. Æввахсæй æрдæг километры фæстæ чысыл цæрæнад райдайы.

Ам еныр æрмæст æртæ хæдзар лæууы. Уыдонæй сæ иуы цæрынц Маро æмæ Зауыр Кокойтæй. Æндæр цæрæг ацы сыхы нæй.

Зауыр нын куыд загъта, уымæ гæсгæ уый 30 азы размæ балхæдта хæдзар йе ‘мкъайимæ, Гурæй куы ралыгъдис. Раджы та йæ сабийы бонтæ сыхаг хъæу Хъелеты арвыста.

1990-æм азты гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы, Хъелетæй Зауыры фсымæр Цæгат Ирыстонмæ алыгъдис. Кокойты Зауыр та хæдзар Хъелетмæ ‘ввахс балхæдта æмæ Гурæй ралыгъдис.

«Ацы цæрæнады раджы Къвахичъамиа хуыдтой. Цæмæн ын уыдис ацы ном абоны йонг нæ зонын. Куыд зыны, æвæццæгæн къвахимæ (насимæ – иронау) уыдис баст. Радзырдтæй зонын æмæ ам цардысты Гоголадзетæ, Тъабатъадзетæ æмæ а.д.» - дзуры нын Кокойты Маро



Лæг æмæ ус еныр 80 аздзыдтæ сты æмæ сæйрагæй хæдзарон хъуыддæгтæ кæнынц.

«Æз Хъелеты райгуырддæн. Уым æсхъомыл дæн. Æфсадæй куы æрцыддæн, кусын райдыдтон Гуры комбинаты. Уым мæ фыдыхо куыста æмæ уыцы рæстæджы базонгæ дæн Мароимæ. Бинонтæ ркодтон æмæ Гуры райдыдтон цæрын. Æхсидæгæй(сварщикæй) куыстон. Тынг дзæбæхæй уыддæн, мызд дæр мын уыдис, хистæртæ дæр мыл æууæндыдысты. Афтæ амондджынæй царддæн 1990 азмæ. Стæй æсхæццæ ис бæстæ.» - зæгъы Кокойты Зауыр (Дауыт).



1990-æм азты ацы бинонтæ тынг зын период бавзарстой. Сæ хъæбултæн исты куы сарæзтайккой, уымæй тæрсгæ Уæрæсемæ, Цæгат Ирыстонмæ арвыстой цæрынмæ. Уым сæ иу фырт низæй амардис. Кокойты Маро дзуры, зæгъгæ, хъæбулты куы нæ арвыстайккой æмæ ныййарджыты цур уыдайккой Гуырдзыстоны, уæд æндæрхуызонæй ацыдаид цард. Фæлæ конфликт ахæм карз уыдис 1990-æм азты æмæ сывæллæтты цард нæ уыдис хызт.

«Кæцы хъæбул мын амардис, уый мын афтæ загъта – нæ мад, Гурæй, дам, ацæуут хъæумæ, уым, дам, уын ничи ницы кæндзæн. Мах дæр балхæдтам ацы хæдзар æмæ рацыдыстæм. Уый фæстæ стæм ам» - дзуры нын Маро.

Абон та карджын адæм æнхъæлмæ кæсынц, кæд сын ныххуыр кæндзысты фæндаг. Хъæуы минæвар дыууæ азы размæ сын радта дзырд, ацы фæндаджы куы ныххуыр кодтайккой, фæлæ абоны йонг фæндаг цъыфæй дзаг у. хъæу та ахæм раны ис æмæ афæдзы фылдæр рæстæджы дæлдзыронджын у.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,
ხაშურში ამ სოფლის მცხოვრებლებს ცედნელებს უწოდებენ, მაგალითად, თუ ვინმეზე იტყვიან,
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.