რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« ნოემბერი 2024 »»
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Суинаг нейрохирург Карелӕй

Карелы цӕрӕг Темур Къопъадзе Тбилисы Медицинон Университеты ахуыр кӕны ӕмӕ суинаг нейрохирург у. 20 аздзыд студент президенты стипенди исӕг ӕмӕ студентон зонадон иртӕсӕн организаци Eნდეავორ-ы уӕнг у.

Темур нын дзуры йӕ зонадоны статиты тыххӕй, кӕцытӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр медицинон журналты цӕуынц мыхуыры. Уыцы статьяты дзуры уӕззау низтыл, уыдоны аххос ӕмӕ хос кӕнын тыххӕй.

"Туркаг медицинон зонадон журналы мӕхи зонадон стати ӕрцыд мыхуыры, кӕм фыссын миокардийы карз инфарктгонд пациентыл, кӕцы дӕр короналон ангиографийы фӕстӕ амард. Ацы статийы ныхас цыд цы уыд йӕ мӕлӕты аххосаг. Ноджы ма гуырдзыйаг журналы дӕр мыхуыргонд мӕ стати, кӕм дзурын урбанизацийы тыххӕй. Ноджы ма ныффыстон зонадон куыст подагрӕйы тыххӕй, кӕм фыссын куыд йӕ генетикон, афтӕмӕй йӕ биохимикон аххостыл дӕр. Хосгӕныны фӕндӕгтӕ, медикаменттӕ ӕмӕ а.д. ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр продукттӕ кӕцытӕй подагрӕйӕ рынчынгонд адӕймӕгтӕ ма хъуамӕ пайда кӕной." — ӕмбӕрын нын кӕны Темур Къопъадзе.

Темур йӕ сывӕллоны карӕй зыдта дохтыр куы суыдаид. Алыхатт дӕр хъуыды кодта ууыл, йӕ хӕстӕджытӕн ӕнӕниздзинады проблемӕтӕ куыд фӕхуыздӕр кодтаид.
"Гыццылӕй-иу дзырдтон, еныр зӕгъын ӕз дохтыр куы уон, уӕд ӕз мӕхӕдӕг феххуыс кодтаин ацы адӕмӕн, куыд ӕнӕниздзинад, афтӕ царды хъуыддӕгтӕй дӕр." — дзуры Темур Къопъадзе ӕмӕ нын дзуры сомбоны пълантыл дӕр.

"Нейрохирурги, хирургийы хайттӕй сӕ иу у, кӕм операцитӕ сӕры ӕмӕ рагъыстӕджя мӕгъзтыл ӕмӕ уыдонӕй рацӕуӕг нервон системӕйыл цӕуынц. Уай дохтыр уый у цавӕр дӕр романтико. Ам дӕ сӕр ӕрмӕст ахуырӕн хъуамӕ радтай. Куыд технологитӕ афтӕ ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынад дӕр алыбонӕй ног кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕугӕ у цӕмӕй алы ногдзинад дӕр базонай дохтыр, уымӕн ӕмӕ дӕ къухты у адунейыл цы хӕзнатӕ ис, уыдонӕй се 'ппӕты зынаргъдӕр — адӕймаджы цард" — дзуры нын суинаг нейрохирург Темур Къопъадзе.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.