რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« ნოემბერი 2024 »»
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Нана, Никъа Мчъедлидзе ӕмӕ анимаци Никозӕй
Нырид 11-ӕм аз у Никозы хъӕу анимацион фильмты ӕхсӕнадӕмон фестиваль кӕй фысым кӕны. Фестивалмӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕугӕ оскарджын режиссёрты хсӕн равдыстой Никозы хъӕуы цӕрӕг Никъа Мчъедлидзейы анимацион фильм "Мӕн у".

Никъа ацы аз фӕцис Тбилисы аивадон академи ӕмӕ фестивалыл дӕр йӕ дипломон куыстӕй рахызт.



"Мӕ дипломон куыст, 2 минутон тизер, арӕзт ӕрцыд режиссёр Гела Къанделакъийы фыстытӕм гӕсгӕ. Анимаци "Мӕн у" комедийы жанры у, фӕлӕ ис ма дзы хӕсты темӕ дӕр, кӕцы мӕнӕн тынг нысаниуӕгджын у. Фильмы концепци ахӕм у: ӕнӕкӕрон ӕфсӕнвӕндагыл бады дыууӕ халон ӕмӕ ӕнӕбакӕсгӕ уымӕ ӕфсӕнвӕндаг ӕнӕкӕрон кӕй иуы инӕӕйы бынат фӕнды уӕддӕр ӕмӕ уый тыххӕй райдайдзысты мӕлӕтмӕ хӕцын, уыцафон разындзӕнис хӕддзог(поезд) ӕмӕ дыууӕдӕр фесӕфдзысты." — ӕмбарын нын кӕны Никъа.



Никъайы ахуыры адарддӕр кӕнын магистратурӕйы фӕнды ӕмӕ йӕ суинаг пълантӕ дӕр йӕ профессион размӕдзыдимӕ сты баст.

"Аивадон академийы ахуыр кӕныны паралеллонӕй дыууӕ режиссёры анимацийыл бакуыстон, куыд аниматор, ӕмӕ мын уый кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы егъау фӕлтӕрддзинад мын радта. Еныр та хъуамӕ фӕуон ацы тизер ӕмӕ ӕнӕхъӕн фильмыл хъуамӕ бакусон" — дзуры Никъа Мчъедлидзе.



Никъа йӕ профессиуарзӕг адӕймаг у ӕмӕ лӕмбынӕгӕй нын ӕмбарын кӕны пурты ӕрхауыны кадр, сӕрӕй гравитацийы тыххӕй куыд сындӕггай ӕрхауы ӕмӕ стӕй куыд тагъд. Никъа дзуры ӕмӕ ныв кӕны Ньютоны закъонмӕ гӕсгӕ.

"Ӕз ныв кӕнынӕй кӕй бацымыдисджын дӕн, уыцы хъуыддаджы стырдӕр хай цӕуы мӕ нанайыл. Уый хуыйаг у ӕмӕ эскизтӕ куы ныв кодта, ӕз ӕмӕ цымыдисӕй кастӕн. Стӕй мӕнӕн дӕр сахуыр кодта ӕмӕ мӕ бауарзын кодта ныв кӕнын" — йӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Никъа ӕмӕ йӕ нанайӕ куры, цӕмӕй радзура куыд ӕй бауарзын кодта ацы хъуыддаг.



"Кӕрӕдзимӕ ерыстӕ кодтам, чи хуыздӕрӕй сныв кодтаид, пынцылтыл(кърандастыл) хацыдыстӕм ӕмӕ ӕз ӕм кастӕн куыд сныв кодтаид. Ӕз профессийӕ хуыйаг дӕн, Никъайы зӕрдӕмӕ дӕр цыдис мӕ нывтӕ ӕмӕ мын-иу афтӕ загъта: нана, ды куыд рӕсугъдӕй ныв кӕныс" — йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Лейла Мазмишвили.

"Ӕз фӕдӕн пысулы техникум, Карелы район Дирбы хъӕуӕй рацыдтӕн чындзы Никозмӕ. Тынг ӕвзонг уыдтӕн хуыйын куы райдыдтон, хъӕуы астӕу мын хуыйӕн уыдис, ахуырдауттӕ дӕр мын уыдысты. Стӕй мах ӕмӕ Цхинвалы хсӕн тынг ӕвзӕр хабар рцыдис, хӕст райдыдта ӕмӕ нӕ хӕдзарыл бомбӕ ӕрхаудис, мах Тбилисмӕ алыгъдыстӕм, уым цардыстӕм, Никъа дӕр Тбилисы скъоламӕ бацыдис, фӕлӕ иуыл кӕугӕ кодта ӕмӕ та фӕстӕмӕ рыздӕхтыстӕм ӕмӕ ам цӕрӕм"

Нанайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый Никъайы сывӕллондзинадӕй зыдта ныв кӕныны талант ын кӕй уыдис:

"Афтӕ иунӕгӕй-иу цыдис кӕрты ӕмӕ бӕлас уыдис ӕви дидинӕг, афтӕ бирӕ сӕм кастис, стӕй-иу бацыдаид хӕдзармӕ ӕмӕ та ныв кодта. Ӕз ӕвиппайды дӕр зыдтон, уый йӕ зонды мидӕг нывтӕ куы кодта. Махмӕ фыд Исайя куы ӕрбафтыд ӕмӕ нӕ аргъуан кусын куы райдыдта уӕд ам бакодтой сывӕллӕтты культурӕй центр, кӕм ахуыр кӕнынц: анимаци, аууӕтты театр, ныв кӕнын; Никъайы зӕрдӕмӕ дӕр тынг цыдис уым, иу бон нӕ ацыдаид аытӕ, уырдӕм куы нӕ азгъордтаид. Тынг дзӕбӕх лӕппу у Никъа йӕ удыхъӕдӕй" — дзуры Лейла Мазмишвили

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.