რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Гыццыл хӕрзиуӕггӕнджытӕ Карелӕй
10 аздзыд Гиорги Нахъишашвили арӕх уыны мобилон тилифоны постты, кӕм ӕмбӕстӕгтӕ ӕххуыс курынц.

«Иу бон мын афтӕ — гыцци, ӕри ӕртымбыл кӕнӕм ӕхца, исты, дам, ауӕй кӕнӕм. Зӕгъын, хъӕбул, цы ауӕй кӕнӕм? Уыцы минуты ницӕуыл хъуыды кодтон» — дзуры нын Тедеты Натъо, кӕцы 10 аздзыд Гиорги Нахъишашвилийы мад у.

Уыцы постты фӕстӕ Гиорги райдыдта Карелы чи уыдис зындзинады хауд, уый бӕрӕг кӕнын.



«Бирӕ истори фехъуыстам. Загътой нын, зӕгъгӕ дӕнцӕгӕн, хъӕуты мӕгуыр сывӕллӕттӕ цӕрынц. Ноджы нын радтой информаци ӕмӕ иу сывӕллоны ток ныццӕвта ӕмӕ йӕ фӕсарӕнмӕ акодтой, зӕгъгӕ. Федтам ноджы Карелы къордтӕ дӕр социалон ӕхсанхызы, кӕм дӕр уыдис зындзинады цы бинонтӕ сты, уыдоны фенын.» — йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Тедеты Натъо.

Гиорги ӕрхъуыды кодта ӕмӕ хъӕуы йӕ деду цы тыллӕг ӕркӕны, раст уымӕй хъуамӕ спайда кӕна хӕрзиуӕг хъуыддаджы мидӕг:

«Хъӕуы деду ӕркӕны тынг бирӕ тыллӕг. Ис ӕм алы дыргъ дӕр. Дедуйӕн цы тыллӕг ис, уый, дам, ауӕй кӕнӕм ӕмӕ ӕхца йӕм арвитӕм.» — дзуры Тедеты Натъо.



Ӕцӕгӕй дӕр, хъӕуӕй ӕрластой дыргъ — фӕткъуы, сӕнӕфсир, индзыр; байуӕрстой агуывзӕтӕ ӕмӕ сӕ уӕй кӕнынмӕ рахастой.

«Фыццаг бон куы рахастам, мах дӕр не 'нхъӕлдтам куы сӕ фӕуӕй кодтайккам. 20 лари 'ртымбыл кодтам. Иу агуывзӕ иу лари куы кӕны, мах 20 ларийы ауӕй кодтам ӕмӕ цин кодтой сывӕллӕттӕ.» — Дзуры Натъо.
Дыггаг хатт цалдӕр боны фӕстӕ сарӕзтой базар. Еныр та ӕндӕр дыргътӕ дӕр бафтыдтой:

«Ӕз Гиоргийы ӕмбал дӕн, куы федтон ахӕм цыдӕр арӕзта, ӕз дӕр ын феххуыс кодтон. Ам стӕм ноджы цалдӕр лӕппу, кӕцытӕ баиугонд стӕм ацы хабары» — дзуры Андрия Абашишвили.
Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.