რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Икъоты æмæ Ахалгоры скъолæты директорты ссæрибар кодтой
Оккупацигонд Ахалгоры №1-аг астæуккаг скъолæйы директор Амиранашвили Нино æмæ Икъоты хъæуы астæуккаг скъолæйы директор Псутури Мзиа сæ кусæн бынæттæй сæрибаргонд æрцыдысты. Ай фæдыл информаци Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван парахат кæны.

«Уый, цыдæриддæр цæуы, Ахалгоры, ноджы тынгдæр фылдæр къуындæг кæны ахуырдзауты мотивацийы æмæ гæнæндзинæдты, цæмæй æххæстаргъ ахуырад райсой, æнæуи дæр сафтидгонд Ахалгоры, кæцы абон у бынтон изоляцийы», - зæгъы Цихелашвили Кетеван.

Ацы факт ноджы иу хатт бæлвырд кæны уыцы репресситы, кæцыты оккупацион режим æххæст кæны, уыдон æхсæн ахуырадон системæйы.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй русификацийы процесс активонæй цæуы æмæ 7 гуырдзиаг скъолæйы ныридæгæн 6 азы бæрц ахуыры процесс этапонæй уырыссаг æвзагмæ хизы, кæцы гуырдзиаг ахуырдзауты ахуыры хъæдæн нысаниуæгджынæй зиан кæны, уымæн æмæ сын мадæлон æвзагыл ахуырад райсыны бар арæнгонд цæуы.

Иннæрдыгæй та, 4-æм сентябры Ахалгоры а.х. æрбахизæны сæхгæныны фæстæ, Ахалгоры скъолæты 10 ахуыргæнæджы Гуырдзыстоны контролгонд территорийыл баззадысты æмæ фæстæмæ сæ бон нал баци окупацигонд территоримæ æрбацæуын, кæцы ноджы тынгдæр вазыгджын кæны гуырдзиаг ахуырдзаутæн ахуыры процесс.

Абоны реалондзинадмæ гæсгæ, бæрæг у, цæмæй оккупацигонд территорийыл этниконæй гуырдзиаг директорты куыстæй ссæрибар кæныны процесс кæй райдыдта, кæцы ноджы тынгдæр фæкарздæр кæндзæн уыцы уавæры, кæцыран гуырдзиаг ахуырдзаутæ ахуырад исынц.

Паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван ацы фарстмæ æркæсдзæн иннæ къуырийы Женевæйы æмсæрдартимæ, Тбилисы уыдоны визиты рæстæджы. Ацы фарст, æндæр карз фарстатимæ иумæ æнæмæнгæй уыдзæн æркастгонд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы форматы дæр, кæцы 2020 азы мартъийы кæроны уагъд æрцæудзæни. Афтæ ма ноджы, æвæстиатæй уыдзысты информиргонд уыцы æхсæнадæмон организацитæ, кæцытæ хайад исынц конфликты сабырадæй æрбæстон кæныны процессы.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.