რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
«Тых иудзинады» бæрæггæнæнмæ гæсгæ оккупацион нысæнттæ Чорчана-Перевы ‘рдæм фæзынд
«Хæрзæввахс рæстæджы сæдæгай гектар хъæд суыдзæн оккупантты контролгонд территори Гуырдзыстоны колаборационист хицауады æххуысæй». – Ай фæдыл курдиат змæлд «Тых иудзинады» уæнгтæ парахат кæнынц.

Йæ лидер Кацарава Давит хъусын кæны, цæмæй хæрзæввахс рæстæджыты специалон презентацион фембæлд дæр уагъд кæй æрцæудзæн. Социалон хызыл ай тыххæй иллюстрацион нывтæ дæр рапарахат кодта.

«Мах хъуамæ ауадзæм презентаци, цыран уын уырыссаг оккупантты ‘рдыгæй байст ахæм территорийы равдисдзыстæм, кæцы Советон социалистон республикæты цæдисы рæстæджы дæр никуы уыдис а.х. Хуссар Ирыстоны автономон облæсты сконды. Ацы хатт оккупанттæ Чорчана-Перевы ‘рдæм сæ методæй хорз пайда кæнынц: хъæды ахорæнтæй æрнысæнттæ кодтой уыцы бынæтты, цыран æвæццæгæн, уалдзæджы, ног оккупацион æмбондтæ райсдзыстæм. Æниу, абон дæр, бынæттон цæрджытæн фактивонæй нæй гæнæндзинад бацæуой уырдæм, цыран цалдæр мæйы размæ æнæпроблемæйæ дыууæрдæм змæлыдысты», - зæгъы Кацарава Давит.

Кацарава Давиты ныхасмæ гæсгæ, фото 2020 азы январы мæйы ист у æмæ ууыл ныридæгæн Перевы ‘рдæм, хъæды банысангонд бынæттæ æвдыст цæуы.

«Оккупацион хаххæй мидæмæ æрбахызт 240 метры бæрц у, фæлæ Чорчана-Перевы оккупацион хахх та цалдæр дæсгай километры дæргъмæ у. Ацы нысæнттæ æмæ æндæр бирæ нысæнттæм æркæсын æмæ превенцийы бæсты, хицауад æрмæст мах æруромыныл кусы, фæлæ, мах Атоцæй рарвитын æмæ нæ оккупацион хахыл змæлын нæ уадзынмæ æнæгæсгæ, нæ къорды уæнгтæ уæддæр дарддæр кæнынц 940 боны размæ райдайгæ æмбæстагон патрулир кæнынад æмæ уын æвдисæм нæхи ист фототæ æмæ видео-æрмæг», - зæгъы Кацарава.

Фактты фæдыл, Паддзахадон æдасдзинады куыстуат нырма комментари нæ сарæзта.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.