რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Хурвалеты Кацаравайы нады фактыл тæрхондон райдайдзæн кусын
Гуры тæрхондон, Хурвалеты хъæуы, 20-æм августы æрцæугæ факты
иртасæн куыст райдыдта. Раззаг тæрхондоны рабадт 11-æм февралы
уагъд æрцыд, цыран фæрстæ бавдыст бæлвырдгæнæнтимæ базонгæ сты.
Зылынджынтæ сты Кацарава Давит æмæ Хурошвили Хвича. Уыдон дыууæ дæр аххосджын кæнынц тыхмидзинады.
Процесс, кæцыйыл Кацарава Давит, куыд, аххосджын, афтæ зианбаййафæг статусæй у бавдыстгонд, Гуры районон тæрхондоны ныртæккæ уагъд цæуы.
Кацарава Давит тæрхондонмæ бацæуыны хæд размæ загъта, цæмæй уый политизиронгонд тæрхондонæй, фæаххосджыны скъуыддзаг рахæссын æмæ дыууæ азы, ахæстоны бадыны цаумæ дæр кæй æнхъæлмæ кæсы.
Кацарава Давит: «Æртæ азы у ныр антиоккупацион змæлды сæргълæууæг куы дæн. Ацы рæстæджы дæргъы æрмæст сындзтелгæрæнты арæзты тагъдад нæ фæлæууыд, фæлæ ма, адæймæгты скъæфты цаутæ дæр фæкъаддæр сты. Раст, ай тыххæй тох кæнынц мемæ. Уыцы боны æз цыдтæн Дата – дадамæ, хостæ йын хастон. Мæ ацыды хабар зыдта æрмæст пресс-куыстуат. Фехъусын кодтон мидхъуыддæгты министрадæн, раст æрдæг сахатмæ райстон барлæвæрд æмæ ацыдтæн, куыддæр бахæццæ дæн Хурвалеты пункты онг, афтæ мæ æрурæдтой 20 минуты бæрц. Уый фæстæ, полицæйы фæсдзыдимæ араст дæн постыл. Куыддæр бахæццæ дæн Бобнеуы хъæумæ, афтæ федтон урсхуыз микроавтобусы, цыран 5 адæмаджы уыдис. Мæ машинæйы мын куы федтой, уæд мæм агрессивонæй фæдзырдтой, бауром, дам, машинæйы. Чысыл фалдæр баурæдтон машинæ æмæ рахызтæн. Ацы рæстæджы, уыдон цæрдæг къахдзæфтæй æрбацæйцыдысты ме ‘рдæм. Уыдон ‘рдыгæй фиксиргонд цыд агресси. Тынг хъæрæй æмæ мæм агрессивонæй дзырдтой. Куыддæр мæм æрбаввахс сты, афтæ мын æлгъитгæйæ загътой, тагъддæр, дам, ацы бынатæй ацу, уымæн æмæ, дам, нæ провоцир кæныс. Батъон Хвича уыди ацы къорды сæргълæууæг. Æз банымадтон, цæмæй куыддæртæй хъуамæ снейтралон кодтаин ситуацийы. Сабырæй мæ къух бадæттон, нырма мын, зæгъын, дæ бон хорз, зæгъ, зæгъгæ. Дзуаппæн мын мæ къух атъæпп кодта, æмæ мæ ралгъыста. Бамбæрстон æй, æмæ ацы къорд кæй уыдис уыцырдæм здæхт, цæмæй мæ фæнадтаиккой. Сæ иу ацы ситуацийы телефонæй иста. Фæхатыдтæн æй, æмæ мыл дыккаг цæф дæр кæй æрхаудзæн æмæ йæ æз дæр ныццавтон. Активон хыл рауадис æмæ дзы æз дæр зиæнттæ райстон. Ноджы ма иухатт фæлхатт кæнын, ацы конфликтмæ æнæгæсгæйæ, æз ацы адæймæгтæм æппындæр маст нæ хæссын. Хылы рæстæджы эмоцион уыдтæн. Æз æмæ батъон Хвича бафидыдтам», - загъта Кацарава Давит.
Уый фæстæ фарст æрцыд Хурошвили Хвича.
Хурошвили Хвича: «Мæсты уыдтæн. Ай уыцы период уыдис, æмæ мын мæ хæлæртты куы акодтой уырыссæгтæ. Адон куы æрбацæуынц хъæумæ, уæд уырыссæгтæ дæр агрессивонтæ свæййынц, уыдон дæр-иу махæн стæй проблемæтæ кæнынц. Кацарава куы æрбацыд, уæд æм фыццаг æз бацыдтæн. Фыццаг мæ уый ныццавта. Æз ын йæ къух атъæпп кодтон, уый та мæ цæвгæ ныккодта. Стæй хыл йæ тæмæны бацыд. Нал æй хъуыды кæнын, куыд æмæ цы рцыдис».
Тæрхонгæнæг: «Кацарава Давит куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, уый фæхатыдта йæхирдæм тасдзинад æмæ йæхи бахъахъхъæныны нысанæй сымах цæвын райдыдта. Сымах уый фæдыл цы зæгъдзыстут? Уыдис æви нæ сымахæрдыгæй тасдзинад Кацарава Давиты ‘рдæм?»
Хурошвили Хвича: «Нæ».
Тæрхонгæнæг Купреишвили Гога фехъусын кодта, цæмæй йæхæдæг куыд æмбæстагæн кад кæны, афтæ хъуыддаг æвзарын райдайдзæн 2020 азы, 25-æм февралы.

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ
ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა
თანატოლი ჰყავს.
რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი
ახალგაზრდების გამოცდილება
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები