რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Ачъарайаг æмæ Владикавказæй æрыздæхгæ ирон бинонты иумæйаг хæдзар – Гвердзинет (VIDEO)
Назиброла Паксадзе 20 азæй фылдæр йæ бинонтимæ иумæ Гвердзинеты хъæуы цæры. Хæдзæрттæй сæ иуы 1999 азæй бынæттон цæрджытæй барæ райсгæйæ райдыдта уый цæрын. Абон ацы хæдзармæ хорз зылд ис. Йæ къултæ сты æнæхъæн, кæрт хæрзæфснайд, рæсугъд дидинджытæ дидин калынц. Зæгъы, цæмæй уый ацы хæдзары куы байдыдта цæрын, уæд кæрт кæрдæгæй уыд æмбæрзт:

«Хæдзæртты, цыран абон ачъарайæгтæ цæрæм, уыдон иуылдæр уыдысты ирæтты хæдзæрттæ. Конфликты рæстæджы уыдон ацы хъæуæй ацыдысты, сæ фылдæр Цæгат Ирыстонмæ. Зынгонд куыд у афтæмæй, 1989 азы, Ачъарайы, Хулойы районы стыр бæллæх æрцыд. Сыджытзæй рацыды тыххæй нын, нырма Ахалкалакы районы, плангонд цæрæнуаты рæстæджы, раттой хæдзæрттæ. Уый фæстæ нæ иу хай ардæм рацыдис, уымæн æмæ ам бирæ хуыздæр уавæртæ уыд», - зæгъы Назиброла Паксадзе.

Йæ хъæбулты ацы хæдзары схъомыл кодта. Чызджытæ мойгонд сты æмæ ныртæккæ цæрынц Батумы:
«Мæ чызджытæ Батумы сты мойгонд, фæлæ ацы бынат афтæ тынг уарзынц æмæ арæх æрцæуынц ардæм, цæмæй сæ улæфты бонтæ ам арвитой. Ацы хъæуы тынг бирæ уарзынц æмæ сæм афтæ кæсы, цæмæй æнæ ацы хъæу сæ бон нæ бауыдзæн цæрын», - зæгъы Назиброла Паксадзе.




Куыд æрцардысты ачъарайæгтæ Гвердзинеты хъæуы:

Назиброла Паксадзе зæгъы, цæмæй Гвердзинеты æппæты фыццаг нырма иу хæдзары бинонтæ æрцард. Уый фæстæ цалдæрæй бафæзмыдтой уыдоны. Уæлдæр куыд фæнысан кодтам, афтæмæй, экомигранттæн æппæты фыццаг Ахалкалакы районы раттой хæдзæрттæ:

«Уым нæ уыдис ахæм уавæртæ цæрынæн, куыд ам ис. Мæнæн ма æндæр проблемæтæ дæр уыдис. Мæ хъæбултæй сæ иуæн æдзухæй хъуыдис Тбилисы хос кæнын. Ахалкалакæй Тбилис дзæвгар дард у, æмæ уый тыххæй, равзæрстон, цæмæй ацы хъæуы æрцардаин. Уæлдайдæр та ам бирæ хуыздæр уавæртæ уыдис цæрынæн, уый тыххæй æмæ хæдзæрттæн сæ фылдæр афтид уыдис. Кæрдæгæй нал зындысты хæдзæрттæн сæ уынгтæ. Ам ма цы ирон бинонтæ баззад цæргæйæ, уыдонæй бар райсгæйæ æрбацыдыстæм ацы хæдзармæ. Ацы хæдзары чи цардис, уымæн ацы хъæуы баззадис хæстæджытæ», - зæгъы Назиброла Паксадзе.

Цæттæ цард Цæгат Ирыстоны æмæ Ачъарамæ æрбаздæхыныл хъуыды кæнын абон, Назиброла Паксадзе æмæ æндæр ачъарайæгтæ дилеммы раз лæууынц.

Цæгат Ирыстонæй Гвердзинетмæ бирæ бинонтæ фæстæмæ здæхынц. Цалдæр хæдзары бинонтæ та, официалонæй ауæйы амалæй хæдзары сфидар кодта экомигранттæн. Уый сæйрагæйдæр уыцы ирон бинонтæ сарæзтой, кæцытæ Цæгат Ирыстоны (Уæрæсейы Федераци) дзæбæх сæ цард сарæзтой.

«Фæнды мæ зæгъон уын, æмæ алы сæрды дæр мæ хæдзары хицау йæ бинонтимæ иумæ æрцæуы ардæм æмæ йæ хæдзары баулæфы. Тынг стыр бузныг у мæнæй, йæ хæдзар æнæхъæнæй кæй аирвæзтис. Вæййы нæм ныхас хæдзары рауæй кæныныл дæр, фæлæ йæ нæ фæнды ауæй кæна хæдзары. Уарзы йæ хъæу. Æнæгæсгæйæ уымæ æмæ, Цæгат Ирыстоны хорз цæры, уæддæр æй фæнды, цæмæй йын уа ам йæхи артдзæсты бынат. Ныртæккæ æз дæр раст уыцы уавæры дæн, куы йæ уæй кæна, уæддæр æй нæ балхæндзынæн. Æз дæр стыр бузныг дæн, æмæ мæ ацы хæдзары кæй уадзы цæрын», - дзуры нын Назиброла Паксадзе.



Абон, Дзамайы комы (Карелы район) экомигранттæн цæрын æнцон нæу. Ачъарайæгтæ цы ран цæрынц уым фос-хизæнтæ нæй фаг. Зæххы хæйттæ дæр сын цъус ис. Цавæр æмæ цахæм проблемæты раз лæууынц экомигранттæ, уый фæдыл, уæ, фæстæдæр дæргъвæтин æрмæгимæ базонгæ кæндзыстæм.

Исбоны регистрацийы фарстмæ та, цы хауы, уымæй, ачъарайаг бинонтæй иуæй иутæн сæ бон нæу æмæ исбон ирæттæй саформит кæной. Зæгъæм, Хозреванидзе Гулико зæгъы, цæмæй йæ хæдзары хицæуттæ удæгас кæй нал сты, ёмё уымæ гæсгæ йæ бон кёй нæу саформит кæнын.

«Ацы хæдзары раздæр чи цардис уыдон ныртæккæ удæгас нал сты, уыдон конфликты рæстæджы ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ уым цардысты. Фæлæ мах ссардтам хæдзары хицауы хъæбулы хъæбул æмæ нын уый баххуыс кодта хæдзары срегистраци кæнынæн. Фæлæ нын цæхæрадоны уæддæр нæ оформит кæнынц. Архивы не ссардтам зæххы дихы бæлвырдгæнæн документтæ. Ацы хæдзары хицау коммунистты периоды фермæйы куыста æмæ йын приватизацийы рæстæджы раттой зæхх, фæлæ ацы фактты тыххæй архивы ницы ссардтам. Æрмæстдæр уый саразын гæнæн ис æмæ нын цæмæй Карелы сакребулойы къамис зæххы фадыг сфидар кæна», - зæгъы Хозреванидзе Гулико.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.