რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Бобнеу – туризмы перспективæтæ Тъанайы комы
Кердихъошвили Ана æмæ Лонгиноз ныр цалдæр мæйы сæ хæдзары цалцæг кæныныл бахъуыдысты. Ус æмæ лæг куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, æрцыд рæстæг, æмæ Тъанайы комы цæрджытæ, туристты райсыныл хъуамæ райдайой хъуыды кæнын.

«Раздæр тынг зын уыд ууыл хъуыды кæнын, æмæ искæд махмæ дæр туристтæ райдыдтаиккой цæуын, фæлæ ныр æндæрхуызон хъуыды кæнæм. Мах ахæм бынаты цæрæм, цыран турист æдзухæй змæлы. Уыдис нын туристон компаниимæ фембæлд дæр æмæ йæ бамбæрстам, туризмы кæй ис стыр потенциал», - зæгъы Кердихъошвили Лонгиноз.

Бинонты уæнгтæ уазджытæн æрцæттæ кодтой кухнæ, фынæйгæнæн уат, хинайæн (ваннæ). Кæрты назы бæлæстæ, арахъхъ гæнæн ис рауадзай. Анайы хъуыдымæ гæсгæ, кæрты торне дæр сфидаудзæни.

«Нырма уал, нæхи фæрæзтæй аразæм алцыдæр, фæлæ йæ зонын, æмæ алцыппæтыл нæ аххæсдзыстæм. Бахъæудзæн нæ æнæмæнг хицауады ‘рдыгæй хъусдард æмæ æххуыс дæр, цæмæй нын хæрдзтæ фидын тынг зын ма уа. Сæйрагдæр нын дон уæд æдзухæй, æрбауадзæд æрдзон газ. Фæндаг хъæуы онг нормалон у», - зæгъы Кердихъошвили – Шавадзе Ана.

Бобнеуы хъæу Тъанайы комы цæугæдоны былыл ис. Дæрддзæф у алы стыр хъæуæй, Атъенæй 5-7 км-ы бæрц. Фæндагыл дзæвгар котеджтæ (ресторантæ) арæзт цæуы. Бобнеуæгтæ дзурынц, зæгъгæ, иу уый у, æмæ адæймаг улæфынмæ куы рбацæуы, дыккаг та - уый æмæ йын ам баззайынæн бынат куы нæ вæййы.

Ныртæккæ, хæрз цъус адæм цæры Бобнеуы хъæуы. У чысылнымæцон хъæу. Ацы хъæуæй фæндаг цæуы Биисы æхсæрдзæнырдæм æмæ Термулайы дæтты онг.

«Уыдис рæстæг, æмæ ам бирæ бинонтæ цард. Сæ иу хай 90-æм азты фæлыгъдысты, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы. Иннæ хайæн та, сæйрагæйдæр, æрыгæттæн æгуыстдзинад æмæ æнæперспективондзинад ныууадзын кодта хъæу æмæ фæцыдысты фæйнæрдæм хуыздæр цард агурæг», - зæгъы Кердихъошвили – Шавадзе Ана.



Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.