რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Цы у коронавирус?
2019 азы декабры, Китайы фиксиргонд у æнæзонгæ вирусæй расайгæ
пневмонийы цаутæ. Вирусы хонынц 2019 – nCOV вирус. Видеойы уын
бадæттам цыбыр инфомаци ацы вирусы тыххæй.
Уæ зæрдыл бадарут, цæмæй ай ног вирус кæй у æмæ гæнæн ис абоны информаци фидæны фæива.
Коронавирус хауы вирусты стыр бинонтæм, уый конд у генетикон æрмæгæй æмæ æрхъулагонд у мембранæй, кæцыйæн ис урсæгон уырзæджытæ.
Уырзæджытæ уымæн коронæйы бакаст дæттынц.
Коронæ (паддзахы худ) латинагау хуыйны «корона». Раст ардыгæй цæуы ацы вирусы ном дæр – коронавирус.
Ис коронавирусы цалдæр тип, кæцы иуæй-иу хатт расайы куыд респирацион, афтæ гастроэнтералон симптомтæ, Респирацион низ гæнæн ис æвдиса хæрзчысыл узалдзыдæй пневмонимæ.
Уымæ æнæгæсгæйæ, ис коронавирусы иуæй-иу тип, кæцыйæн йæ бон у расайа тынг уæззау низтæ.
Уæззау карз респирацион синдром: (SARS – Severe Acute Respiratory Sindrom), кæцы фыццаг хатт 2003 азы фæзынд Китайы
æмæ Æввахс Скæсæны респираторон синдром (MERS), кæцы фыццаг хатт 2012 азы Сауды Аравийы фиксиргонд у.
2019 азы Китайы фиксиргонд у 2019-nCOV-ы фыццаг цау.
Низы фыццаг цау фиксиргонд у адæймæгты къорды, кæцытæ уыдысты денджызон продуктты æмæ удæгас цæрæгойты уæййаг базары цур, Китайы горæт Уханы цур.
Уыдонæн фæзынд пневмони æмæ уый фæстæ низджынтæй вирусы алæвæрд æрцыд бинонты уæнгтæм æмæ медицинон персоналыл.
Раст афтæ рцыд низфæзынды ахæлиукæнынад Китайы. Стæй та æндæр бæстæты.
Вирус циркуляци кæны цæрæгойты. Иуæй-иу хатт æрцæуы йæ алæвæрд цæрæгойæ адæймагыл. Кæцыйæн вирусы мутаци кæнæ адæймаджы цæрæгойимæ æнгом контакт æххуыс кæны.
Зæгъæм, MERS-cov-ы алæвæрд æрцыд теуайæ, фæлæ SARS-vov гæдыты иуæй-иу бинонтæй. 2019-nCov-ы резервуары нырма зындгонд нæу.
Фылдæр хатт, улæфæн системæты вирусон инфекциты алæвæрд хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы æртæхты амалæй. Кæнæ вирусæй чъизигонд уæлцъаримæ контакты рæстæджы.
Коронавирусæй инфицирады риск-къордтæм хауынц:
цæрæгойтимæ æнгом контакты уæвæг гоймæгтæ, зæгъæм, удæгас цæрæгойты базары кусæг адæймæгтæ;
адæймæгтæ, кæцытæн ис æввахс контакт вирусæй рынчын адæймæгтимæ;
инфициргонд бинонты уæнгтæ æмæ медицинон персонал.
Ацы этапыл зындгонд у, цæмæй низы симптомтæ гæнæн ис æвдыст уой рогæй кæнæ уæззауæй.
Гæнæн ис фæзына тæвдниз, хуыфæг, тыхулæфт æмæ уæззау улæфт.
Ноджы уæззаудæр цауы гæнæн ис æмæ ахиза пневмонимæ, уыргты низмæ æмæ расайа мæлæт.
Цауты сбæлвырд кæнын цæуы полимеразион рæхысон реакцийы методæй, (PCR)
PCR-йæ гæнæн ис нуклейны туаггуырæй спецификон фадыг сбæр кæнын, кæцы вирусы рабæрæг кæныны амал дæтты иртасинаг хуызæджы йæ хæрзчысыл концентрацийы цау дæр.
Спецификон хосгæнæн препарат ацы этапыл нæй; Уагъд цæуы хуымæтæг респирацион инфекцитæн ахастæвдисæг хоскæнынад. Ацы этапыл нæй вакцина. Дыууæ дæр бакусыны стадийы сты.
Хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы амбæрзут фындзыл æмæ дзыхыл иухаттон фындзмæрзæн кæнæ къухы рæмбын.
Уæхи хизут низджын адæймæгтимæ æввахс контактæй.
Спайда кæнут медицинон маскæтæ кæнæ персоналон хъахъхъæды фæрæзтæ. Сæрмагондæй, медицинон процедурæты аразгæйæ.
Арæх ныхсут уæ къухтæ сапонæй æмæ цæугæ дæттæй, кæнæ сæ ныссыгъдæг кæнут спиртæй конд тæнгъæдæй. Кæд дæхи æвзæр хатай, нысаниуæгджын у баззайат хæдзары.
Кæд уын ис тæвд, хуыфæг кæнæ уæззау улæфт, фехъусын кæн дохтырæн. Радзур дохтырæн бæлцуаты истори.

Низ арæх вæййы рог
симптомтимæ.

Кæцæй фæзынд ацы
вирус?
Вирус циркуляци кæны цæрæгойты. Иуæй-иу хатт æрцæуы йæ алæвæрд цæрæгойæ адæймагыл. Кæцыйæн вирусы мутаци кæнæ адæймаджы цæрæгойимæ æнгом контакт æххуыс кæны.
Зæгъæм, MERS-cov-ы алæвæрд æрцыд теуайæ, фæлæ SARS-vov гæдыты иуæй-иу бинонтæй. 2019-nCov-ы резервуары нырма зындгонд нæу.
Куыд лæвæрд цæуы
2019-nCOV?
Фылдæр хатт, улæфæн системæты вирусон инфекциты алæвæрд хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы æртæхты амалæй. Кæнæ вирусæй чъизигонд уæлцъаримæ контакты рæстæджы.
Коронавирусæй инфицирады риск-къордтæм хауынц:
цæрæгойтимæ æнгом контакты уæвæг гоймæгтæ, зæгъæм, удæгас цæрæгойты базары кусæг адæймæгтæ;
адæймæгтæ, кæцытæн ис æввахс контакт вирусæй рынчын адæймæгтимæ;
инфициргонд бинонты уæнгтæ æмæ медицинон персонал.
Куыд фæзынынц низы
симптомтæ?
Ацы этапыл зындгонд у, цæмæй низы симптомтæ гæнæн ис æвдыст уой рогæй кæнæ уæззауæй.
Гæнæн ис фæзына тæвдниз, хуыфæг, тыхулæфт æмæ уæззау улæфт.
Ноджы уæззаудæр цауы гæнæн ис æмæ ахиза пневмонимæ, уыргты низмæ æмæ расайа мæлæт.
Куыд цæуы низы
диагностикæ?
Цауты сбæлвырд кæнын цæуы полимеразион рæхысон реакцийы методæй, (PCR)
PCR-йæ гæнæн ис нуклейны туаггуырæй спецификон фадыг сбæр кæнын, кæцы вирусы рабæрæг кæныны амал дæтты иртасинаг хуызæджы йæ хæрзчысыл концентрацийы цау дæр.
Спецификон хосгæнæн препарат ацы этапыл нæй; Уагъд цæуы хуымæтæг респирацион инфекцитæн ахастæвдисæг хоскæнынад. Ацы этапыл нæй вакцина. Дыууæ дæр бакусыны стадийы сты.
Куыд аиуварс кæнæм вирусы
ахæлиукæнынад?
Хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы амбæрзут фындзыл æмæ дзыхыл иухаттон фындзмæрзæн кæнæ къухы рæмбын.
Уæхи хизут низджын адæймæгтимæ æввахс контактæй.
Спайда кæнут медицинон маскæтæ кæнæ персоналон хъахъхъæды фæрæзтæ. Сæрмагондæй, медицинон процедурæты аразгæйæ.
Арæх ныхсут уæ къухтæ сапонæй æмæ цæугæ дæттæй, кæнæ сæ ныссыгъдæг кæнут спиртæй конд тæнгъæдæй. Кæд дæхи æвзæр хатай, нысаниуæгджын у баззайат хæдзары.
Кæд уын ис тæвд, хуыфæг кæнæ уæззау улæфт, фехъусын кæн дохтырæн. Радзур дохтырæн бæлцуаты истори.
ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ
ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა
თანატოლი ჰყავს.
რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი
ახალგაზრდების გამოცდილება
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები