რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
"Цхинвал æххуыс нæ исы" - Цихелашвили Кетеван
"Цхинвалы "рдæм уавæр стыр катайаг у. Цхинвалы дзуапп дзæвгар деструкцион у. Æххуыс нæ исы", - зæгъы паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, иунæг-иу организаци Сырх Дзуар у, кæцыйы æххуысæй, тырнынц æххæст изоляцийы уавæрты Цхинвалы регионы цæрджытæн сæ уавæр фæрогдæр кæной.

"Ахалгоры цæрджытæ ноджы фыддæр уавæры сты. Ацы æххæст изоляцийы уавæрты æндæр æмæ æндæр пациенттæн дæр сарæнгонд кодтой критиконæй ахсджиаг æнæниздзинад хъахъхъæдыл æнцонвадат скæнын контролгонд территорийыл, кæцы ноджы тынгдæр уæззау кæны уавæры. Нал ныхас кæнын гуырдзиагау фыст уæвæг препаратты сисыныл афтекты хызæй, æнæуи дæр медикаментты дефициты уавæрты. Ныфс нæ ис æмæ ауыл кусæм ноджы нæ партнерты хаххæй, цæмæй ныр уæддæр ахæм тынг карз дунеон пандемийы уавæрты æвæрд æрцæудзæн цъус фылдæр зондджын къахдзæфтæ, кæцытыл баст у адæймæты цæрæнбон æмæ æнæниздзинад. Амæй хуыздæр цымыдиссаг нæй", - зæгъы Цихелашвили Кетеван.

Министр хъусдард здахы Абхазийы уæвæг уавæрмæ:

"Иумæйагæй, дыууæ территорийыл дæр тынг тæссаг уавæр у, раззаг бонты дæргъы сæдæгай адæймаг æрбахызтис Уæрæсейы Федерацийæ. Уымæн æмæ нæм иу сылгоймаг фехъусын кодта, кæцыйæн сбæлвырд COVID-19, ай уый нæ нысан кæны, æмæ уый иунæг-иу у, кæцыйæн коронавирус ис", - банысан кодта министр.

Куыд зындгонд у, уымæ гæсгæ Абхазийæ ракæнгæ иу пациент Зугдиды инфекцион рынчындоны хос кæны.

"Уымæн йæ уавæр у стабилон æмæ ис медицинон цæстдарды бын. Афтæ-ма, дыууæ æнахъом сабийы ракодтой знон æмæ сæ уавæр у нормалон. Уыдон ацы этапыл сты медицинон хъусдарды бын. Уыцы сылгоймаджы цур, кæцыйæн сбæлвырд ис ჩOVID-19, контакты уæвæг гоймæгтæ сты идентифициргонд. Афтæ-ма 7 гоймаг ракондæуыд æмæ контролгонд территорийыл карантинон зонæйы сты. Хъуыды кæнæм, цæмæй ацы сылгоймаджы бæлцуаты историйы æмæ уыимæ контактты фæдыл зæгъæн ис æмæ фылдæр хайæ ист ис мадзæлттæ", - загъта Цихелашвили Кетеван.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.