რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Хурвалеты цы лæг æмæ усы æрцахстой уыдон дэ-факто хицауад карантины бакодта
Æвзонг лæг æмæ ус, Ванишвили Малхаз æмæ Адикъашвили Татиа Цхинвалы, карантины бакодтой. Ай фæдыл бинонтæн æнæофициалонæй фехъусын кодтой.

Æрцахст чызджы хо, Адикъашвили Тамта зæгъы, цæмæй комкоммæ контакт бинонтимæ никæмæн уыдис, фæлæ информаци æндæр æмæ æндæр рæттæй райстой.

«Кæд уыдон æцæг ацы аххосагæй акодтой медицинон уагдонмæ карантины, уæд мах бинонтæ фидарæй домæм, цæмæй сæ рауадзой æмæ ам нæхи клиникæйы ацæуой крантины. Куы сæ ‘рцахстой, уæд сæ иуæн дæр нæ уыдис коронавирусы симптомтæ», - зæгъы Адикъашвили Тамта.

Ванишвили Малхаз æмæ Адикъашвили Татиа 5 мæйы размæ 2019 азы декабры мæйы бацардысты. Малхаз Ванишвили Датайы хъæбулы хъæбул у, кæцыйы хæдзар оккупацигонд территоримæ бахауд. Адикъашвили Татиа та, - Хурвалеты хъæуы цардис.

Æвзонг лæг æмæ усы уыцы рæстæджы æрцахстой, раст йæ дадамæ уазæгуаты куы æрбацыдысты хъæбулы хъæбул æмæ чындз. Æхсæвы нырма Малхазы акодтой, райсомæй та, - Татиайы. Информаци æппæты фыццаг Америкæйы хъæлæс ахæлиу кодта.
Америкæйы хъæлæсы журналистимæ ныхас кодта Ванишвили Дата. Малхаз æмæ Татиа кæрæдзиимæ базонгæ сты Хурвалеты хъæуы. Махо (йæ дада йæ афтæ хоны) арæх цыдис йæ дадамæ уазæгуаты. Уый цæры Цæгат Ирыстоны.

Хурвалеты хъæу дихгæнæг хаххмæ хæрзæввахс у. 2008 азы августы хæсты фæстæ, хъæумæ ‘ввахс уырыссаг æфсæддонтæ сындзтелгæрæнтæ ауагътой. Ацы хъæуы цалдæр сыхы ис, уыдон æхсæн, Стыр Хурвалет, Ног Хурвалет (уыцы Бобнеу). Ванишвили Датайы хæдзар раст Ног Хурвалеты ис. Сындзтелгæрæнты саразыны фæстæ, уымæн йæ хæдзар оккупацигонд территорийыл баззад.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.