რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Сырх рæвдуан арæнæй ахызтис
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Эргнеты хъæуы цæрæг Члачидзе Лиа абон сындзтелгæрæны иннæ фарс баззайгæ уæлмæрдмæ бацыдис, куадзæны айк, паска æмæ цырæгътæ бахаста уырдæм æмæ мæрдтæн Чырыстийы куадзæн раарфæ кодта.
Уæлмæрды цурмæ бацæугæйæ йын йæ ныв уырыссаг æфсæддон телефонæй систа.

Члачидзе Лиайы ныхасмæ гæсгæ, уый традицийыл ацы аз дæр нæ рацыд сайдæй æмæ сындзтелгæрæны иннæ фарс баззайгæ уæлмæрдмæ бацыдис.

«Æнахуыр сабыр уыд оккупацион хаххы цур, Covid-19 бынтондæр ныссабыр кодта Эргнеты. Адæм æмбаргæ цæстæй кæсынц ацы уавæрмæ æмæ лæмбынæгæй æххæст кæнынц специалон уагæвæрды рекомендациты. Традицийыл нæдæр ацы аз рацыдтæн сайдæй ... оккупанттæ дæр мæм цымыдисæй, æнæсыбырттæй сæ цæст дардтой Чырысти алкæмæн дæр райгас! Иннæфарсæрдыгæй баззайгæ нæ мæрдты номарæн æнæферохгæнгæ уæд», - фыссы Члачидзе Лиа.

Члачидзе Лиа райгуырдис Цхинвалы горæты. Каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты истори-филологийы факультет. 2004-2008 азты уыди гуырдзиаг-ирон конфликты æрбæстон кæныны æмхæццæ контролон къамисы журналист ОБСЕ-йы эгидæй. 2006-2008 азты Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ администрацийы æмбæстагон интеграцийы уагдоны хистæрæй. Ныртæккæ Члачидзе Лиа Гуры муниципалитеты сакребулойы уæнг у.

Члачидзе Лиайы инициативæй 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны августы хæсты 9 азы сæрмæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Эргнеты хъæуы «2008 азы августы музей» байгомис.

Музейы, кæцы хæсты рæстæджы аирвæзгæ хæдзары ныккæнды ис æмæ цыран хæсты æвдисæг фотоæрмæг æмæ оккупацигонд хъæутæй æрхæсгæ дзаумæттæ ис æвдыст.

2008 азы августы хæсты рæстæджы æппæтæй фылдæр Эргнеты хъæу фæзиан кодта. Цхинвалы фарсмæ уæвæг ацы чысыл хъæутæм æрбацæуæг мородертæ, хæдзæртты 90 %-ы нырма фæдавтой æмæ сæ уый фæстæ басыгътой. Хъæуы баззайгæ цалдæр адæймаг та мæрдтæм барвыстой. Ныппырх ис хъæуы инфраструктурæ æмæ хæсты фæстæ Эргнетмæ ‘рбаздæхгæ цæрджытæ æнæхъæнæй ницыуал æрбаййæфтой.

2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны августы хæст Гуырдзыстоны хихъахъхъæнынады министрады 170 кусæг, Мидхъуыддæгты министрады 14 æмкусæг æмæ 224 æмбæстагон гоймаг бабын кодта.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.