რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Цъанцъаха - Ӕнӕсӕххӕстгонд фын Ӕрыдоны
"Уыцы рæстæг куы рыздæхид фæстæмæ æмæ мын куы зæгъиккой,
"Ацу, дам, ардыгæй!" никуыдæмуал ацæуин уырдыгæй", - зæгъы Саулохты
Валенæ, кæцы Цæгат Ирыстоны Æрыдоны горæты ныр 30 азæй фылдæр цæры.
Уый тыххæй репортаж Дзæуджыхъæуы телеуынынад "Iryston
TV" бацæттæ кодта.
«Фынтæ дæр ам нæ уынын… Фынты дæр уым вæййын, цыран райгуырдтæн æмæ цыран фыццаг къахдзæфтæ авæрдтон – Гуырдзыстоны. Æндæр ран фынтæ нæ фæуынын…», - Валенæйы ацы эмоцион ныхæстæ мах баразæнгард кодта, цæмæй бабæрæг кодтаиккам ацы хъæу æмæ йын йæ фынтæ сыгас кодтаиккам нæ кæсджытæн.
Сюжеты Саулохты Валенæ хъæуы номы кой нæ кæны, фæлæ Qartli.ge-йæн бантыст йе ‘сбæрæг кæнын. Ныхас цæуы Чъанчъахайы (Цъанцъаха) хъæуыл. Ацы хъæу денджызы æмвæзадæй 1680 м бæрзæндыл ис, уым цыран, цæугæдон
Тедзамимæ Тхинала иу кæны.
Уæдмæ та уал хъуамæ фæнысан кæнон, æмæ æппæты фæстаг цæрæг, кæцы ныууагъта Чъанчъахайы (Цъанцъаха) хъæу, уыди – Валенæйы æфсымæр. Уый дæр, йæ мады зæнæгтау æмæ Гуырдзыстоны цæрæг этникон ирæтты фылдæр
хайы æнгæсау, ныууагъта Гуырдзыстон æмæ Цæгат Ирыстонмæ фæлыгъди цæрынмæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ та ацы хъæу сыдзæрæг ис… .
Нæ бавзæрæнтæй дзаг балцы цыд Чъанчъахайы (Цъанцъаха) хъæуы онг, цыппорæй райдыдта. Цæуæм фæндагыл æмæ йæ хатæм, цæмæй дуртæ æмæ «уæрмыты» гуырахст æмæ нымæц фылдæрæй фылдæр кæй кæны. Уыцы хуырджын фæндаг, кæцы сæрæй куыддæр фæндаг байдыдта, афтæ нæм сюжетæн цымыдисон фæкаст æмæ дзы иу цалдæр кадры исгæ дæр скодтам, фæлæ куыд фæстагмæ фæндаг зындзæуæн сси.
Цæуæм GPS-йы æвдыст: дурджын, цъыфбын, арф уæрмытæджын фæндагыл… Нæ зонæм цы уыдзæн разæй… .
Фæндаг йедзаг у стыр дуртæй, къалиутæй, цæугæдоны къахыргонд донвæдтæй, цыран ныллæг машинæ нæ ахызтаид, фæлæ махæн уый бантысти æмæ дзы куыддæрты ахызтыстæм. Фæндагыл машинæйы фæд æппындæр нæ уыдис.
Æвæццæгæн дзæвгар рæстæджы дæргъы ацы фæндагыл машинæ нæ ацыдис. Ай бæлвырд кæны нæ фыццаг фембæлджы фæдисгæнæг цæстæнгас дæр – Тхиналайы хъæуы, кæцы дисгæнгæйæ каст нæ машинæмæ æмæ фырдисæй йе ‘уæхсчытыл
схæцыд.
Тилифон дæр ахицæн æмæ фактивонæй афтæ рауад, æмæ нын æддаг дунеимæбастдзинад нал уыдис.
Цас ноджы мидæмæ арфдæр цыдыстæм комы, уыйас пейзаж ноджы рæсугъддæр кодта. Бæрзонд хæхтæ, цъæхадаргæ алфæмблай æмæ сыгъдæг уæлдæф – ай уыцы бынат у, кæцыйы Валенæ алы æхсæв йæ фыны фæуыны. Агурæм крамитæй (агуыри) æмбæрзт хæдзары, кæцы фотойыл ис æвдыст. Уыцы хæдзары райгуырди æмæ схъомылис Саулохты Валенæ, уым цардис йæ хо æмæ йе ‘фсымæртимæ иумæ… Оркъапъа хох зыны, кæцы хъæумæ фæлгæсы, фæлæ хæдзар нæ зыны … .
Чъанчъахайы (Цъанцъаха) фермæ лæууы.
«Дыууæ къуырийы бæрц у, ам куы дæн. Паджеройыл (машинæйы маркæ) цыдыстæм ардæм æмæ нын фæндагыл афæлдæхтис», - зæгъы фыййау махимæ ныхасгæнгæйæ.
- «Крамитæй (агуыри) æмбæрзт хæдзар ам иу уыдис æмæ ныппырх, æндæр хæдзар ам нал ис, иуылдæр пырхытæ сты».
Ныртæккæ ацы бынæттæ сæрвæттæ (хизæнуæттæ) систы. 2002 æмæ 2014 азты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæуы ничи цæры.
Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй - Гуры районы Цъедисы хъæуы цæры Валенæйы хо – Русикъо, йæ мой – Бедошвили Лентъоимæ иумæ.
Махимæ ныхасгæнгæйæ, Русикъо æрымысыд Чъанчъахайы царды азты: «Уым ницы хъуаг уыдыстæм. Иу уый уыди æмæ дард уыдис æмæ фæндаг нæ бæззыди æндæр… . Фæллой кодтам, фос дардтам, алцыдæр нын уыд…».
Йæ цæстытæ доны зилгæ мысы 90-æм азты: - «Фыдæбоны йеддæмæ мæ адæм ницы федтой. Ацы змæст рæстæджы стыр æнамондзинад бавзæрстой. Иуыл хохы цардысты. Быдыры дæр дзы бирæ цардис, фæлæ уынгæджы уыдысты. Тыхсырд сæ акодтой сæ цæрæн хæдзæрттæй», - зæгъы Русикъо интервью дæтгæйæ.
Йæ хо æмæ йæ йе ‘фсымæрты тынг мысы, тынг æй фæнды сæ фенын. «Лæгъстæ мын кодтой: «Рацу, дам, рацу!». Фæлæ мæ мой никуыдæм ацыд æмæ æз кæдæм ацыдаин? Мæ тиутæ никæдæм ацыдысты æмæ мæ мой дæр нæ ацыдис, стæй махмæ цæугæ дæр ничи æрбакодта æмæ нæ ничидæр бахъыг дардта, æндæра мæ фæндыдис ацæуын: - дæхиуæттæ кæм сты, ды дæр уым хъуамæ уай! Мæхиуæттæй ам ничиуал баззадис, иуылдæр сæ асырдтой … . Куы амæлон, уæд мыл цæссыг дæр ничи æрæппардзæн».
WhatsApp-ы æххуысæй адзырдтам Валенæмæ Æрыдоны горæтмæ. Хотæ кæрæдзийы фенгæйæ тынг фæцин кодтой, æрфарстой кæрæдзийы.
Махимæ ныхасгæнгæйæ нын Валенæ загъта, куыд тынг æй фæнды Гуырдзыстонмæ æрцæуын: - «Цæрæм нæ райгуырæн бæстæйы мысгæйæ æмæ уый иттæг зын у – мысай йæ æмæ дæ бон ацæуын ма уæд, зын у… . Уыдис рæстæг æмæ-иу уыдыстæм, фæлæ ныр, куы цы проблемæ вæййы, куы цы. 1998 азы уыдтæн фæстаг хатт, уый фæстæ нал, æмæ мæ тынг фæнды, кæд-ма мæ бон суаид иу хатт æрцæуын. Æрыгон нал дæн, азтæ сæхион кæнынц, 70 азы мыл сæххæстис æмæ-ма мын бантысдзæн æви нæ æрцæуын, уый, нæ зонын, фæлæ мæ фæндгæ тынг кæны!».
Шавлохашвили Русикъо, ныр цалдæр азы у, йæ цæхæрæдæтты йæхæдæг иунæгæй фæкусы:
- «Райсомæй цыппар сахатыл сыстын, кæд мын исты вæййы цæхæрадоны бакусинаг, уæд æй бакусын, стæй фосмæ хъуамæ базилон, уый фæстæ та цæхæрадонмæ ацæуын, иуылдæр æй мæхæдæг иунæгæй байтыдтон, Лентъойæн йæ бон нал у кусын æмæ… . Донхорыггæнæн дон нын нæй. Уыцыфарс нын дыууын сотих ис, мæхæдæг æй иунæгæй байтыдтон, ныссагътон картоф, хъæдур, фæлæ дон нæй æмæ бахус сты æнæдонæй».
1990-æм азты конфликт хоты, æфсымæрты æмæ хæстæджыты кæрæдзийæ адард кодта. Ардыгæй ацæугæ ирæтты фылдæр Цæгат Иры æрцардысты: «Уыцы рæстæджы цард тынг зындзард уыди. Нæдæр хæдзар уыди æмæ нæдæр дуар. 10 азы ме ‘фсымæрмæ фæцардыстæм, афтæ фыдæбæттæ кæнгæйæ… . Мæ хъæбултæ куы рахъомыл сты, уæд мæ хоимæ иумæ цъусгай-цъусгай раразмæ стæм.
Хæдзар дæр нын уыдис, алцыппæт дæр, фæлæ æпиппайды афтæ гом арвы бын аззадыстæм – амæй зындæр-ма æндæр цы хъуамæ уа?», - зæгъы Саулохты Валенæ ,,Iryston TV“-йæн интервью дæтгæйæ.
Валенæ æмæ Русикойы ныхас:
- Куыдтæ стут, Вален?
- Ницы нын у. Сымах куыдтæ стут, цы хабæрттæ уæм ис?
- Цы хабæрттæ æмæ æнæхицауæй баззадыстæм, Лерийы сæндоны дæр сæгътæ бахордтой.
- Лентъо, куыд у?
- Уый дæр, рацу-бацу кæны, йæ къæхтæ тынг риссынц.
- Къæхтæ алкæмæн дæр риссынц, æрмæст уымæн нæ риссынц. Сывæллæттæ уым сты?
- Майа ам уыди, фæлæ йæм фæдзырдтой æмæ ацыдис.
- Лентъо, хуысгæ кæны?
- Куы хуысгæ фæкæны, куы сысты, ныртæккæ бады.
- Равдис ма мын æй, уæдæ!
- Кæм ис Лери?
- Ам нæй, судзин аразынмæ ацыдис.
- Кетино та, куыдтæ у?
- Ницы йын у. Кусы æмæ цæры… . Мах куыд стæм, сымах дæр афтæ куы
уаиккат, уæд бæргæ хорз уыдаид!
- Ех, махæн дæр ницы у, сымах мын не стут ам, æндæра мах дæр ницы хъуаг стæм.
- Афтæ у, афтæ цард! Куыд уын лæгъстæ кодтон – ды дæр, рацу, зæгъын, рацу?
- «Нæ, йæ къух дæр, дам, мæм ничи фæкæндзæн», - ныр лæуут уым!
- Мах ничи бахъыг дардта æмæ уый тыххæй, стæй ничи нæ цыди æмæ мæнæн
цы мæ бон уыдис?
– Цæхæрæдæтты бакусут, радзур-ма мын, их исты разнаггад кодта?
- Нæ, нæ, ацы аз нæ.
- Цы уын ис, уæдæ, бал уын ис?
- Бал бирæ ис, фæлæ донхорыг не ‘рцыд æмæ махæн лыстæгæй баззад.
Иннæтæ йæ 3 ларийыл уæй кæнынц. Махуæттæн дон дæр нæ уыдис æмæ йæ чи
балхæндзæнис? Æртæ ларимæ йæ уæй кæны алчи. Æнæуи бирæ ис бал.
- Нæ зонын, кæд фæндæгтæ байгом уой, уæд гæнæн ис æмæ æрцæуон.
- Кæд æрцæудзыстут, нывæрдзынæн уын дзы, кæннод дзы исты сараздзынæн.
- Кæд не ‘рцæудзынæн, уæд-иу урс балы мураба сараз.
- О, хорз, уый æнцон у, фароны арæзт дæр мæм бирæ ис.

Визит
Чъанчъахамæ (Цъанцъаха).
Фотойыл: фæндаг
Чъанчъахайы (Цъанцъаха) ‘рдæм.

Валенæйы хæстæджытæ –
Цъедис.
Фотойыл: Шавлохашвили
Русикъо æмæ Бедошвили Лентъо.
Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй - Гуры районы Цъедисы хъæуы цæры Валенæйы хо – Русикъо, йæ мой – Бедошвили Лентъоимæ иумæ.
Махимæ ныхасгæнгæйæ, Русикъо æрымысыд Чъанчъахайы царды азты: «Уым ницы хъуаг уыдыстæм. Иу уый уыди æмæ дард уыдис æмæ фæндаг нæ бæззыди æндæр… . Фæллой кодтам, фос дардтам, алцыдæр нын уыд…».
Йæ цæстытæ доны зилгæ мысы 90-æм азты: - «Фыдæбоны йеддæмæ мæ адæм ницы федтой. Ацы змæст рæстæджы стыр æнамондзинад бавзæрстой. Иуыл хохы цардысты. Быдыры дæр дзы бирæ цардис, фæлæ уынгæджы уыдысты. Тыхсырд сæ акодтой сæ цæрæн хæдзæрттæй», - зæгъы Русикъо интервью дæтгæйæ.
Йæ хо æмæ йæ йе ‘фсымæрты тынг мысы, тынг æй фæнды сæ фенын. «Лæгъстæ мын кодтой: «Рацу, дам, рацу!». Фæлæ мæ мой никуыдæм ацыд æмæ æз кæдæм ацыдаин? Мæ тиутæ никæдæм ацыдысты æмæ мæ мой дæр нæ ацыдис, стæй махмæ цæугæ дæр ничи æрбакодта æмæ нæ ничидæр бахъыг дардта, æндæра мæ фæндыдис ацæуын: - дæхиуæттæ кæм сты, ды дæр уым хъуамæ уай! Мæхиуæттæй ам ничиуал баззадис, иуылдæр сæ асырдтой … . Куы амæлон, уæд мыл цæссыг дæр ничи æрæппардзæн».
WhatsApp-ы æххуысæй адзырдтам Валенæмæ Æрыдоны горæтмæ. Хотæ кæрæдзийы фенгæйæ тынг фæцин кодтой, æрфарстой кæрæдзийы.
Фотойыл: Саулохты Валенæ
Æрыдоны.
Махимæ ныхасгæнгæйæ нын Валенæ загъта, куыд тынг æй фæнды Гуырдзыстонмæ æрцæуын: - «Цæрæм нæ райгуырæн бæстæйы мысгæйæ æмæ уый иттæг зын у – мысай йæ æмæ дæ бон ацæуын ма уæд, зын у… . Уыдис рæстæг æмæ-иу уыдыстæм, фæлæ ныр, куы цы проблемæ вæййы, куы цы. 1998 азы уыдтæн фæстаг хатт, уый фæстæ нал, æмæ мæ тынг фæнды, кæд-ма мæ бон суаид иу хатт æрцæуын. Æрыгон нал дæн, азтæ сæхион кæнынц, 70 азы мыл сæххæстис æмæ-ма мын бантысдзæн æви нæ æрцæуын, уый, нæ зонын, фæлæ мæ фæндгæ тынг кæны!».
Шавлохашвили Русикъо, ныр цалдæр азы у, йæ цæхæрæдæтты йæхæдæг иунæгæй фæкусы:
- «Райсомæй цыппар сахатыл сыстын, кæд мын исты вæййы цæхæрадоны бакусинаг, уæд æй бакусын, стæй фосмæ хъуамæ базилон, уый фæстæ та цæхæрадонмæ ацæуын, иуылдæр æй мæхæдæг иунæгæй байтыдтон, Лентъойæн йæ бон нал у кусын æмæ… . Донхорыггæнæн дон нын нæй. Уыцыфарс нын дыууын сотих ис, мæхæдæг æй иунæгæй байтыдтон, ныссагътон картоф, хъæдур, фæлæ дон нæй æмæ бахус сты æнæдонæй».
1990-æм азты конфликт хоты, æфсымæрты æмæ хæстæджыты кæрæдзийæ адард кодта. Ардыгæй ацæугæ ирæтты фылдæр Цæгат Иры æрцардысты: «Уыцы рæстæджы цард тынг зындзард уыди. Нæдæр хæдзар уыди æмæ нæдæр дуар. 10 азы ме ‘фсымæрмæ фæцардыстæм, афтæ фыдæбæттæ кæнгæйæ… . Мæ хъæбултæ куы рахъомыл сты, уæд мæ хоимæ иумæ цъусгай-цъусгай раразмæ стæм.
Хæдзар дæр нын уыдис, алцыппæт дæр, фæлæ æпиппайды афтæ гом арвы бын аззадыстæм – амæй зындæр-ма æндæр цы хъуамæ уа?», - зæгъы Саулохты Валенæ ,,Iryston TV“-йæн интервью дæтгæйæ.
Валенæ æмæ Русикойы ныхас:
- Куыдтæ стут, Вален?
- Ницы нын у. Сымах куыдтæ стут, цы хабæрттæ уæм ис?
- Цы хабæрттæ æмæ æнæхицауæй баззадыстæм, Лерийы сæндоны дæр сæгътæ бахордтой.
- Лентъо, куыд у?
- Уый дæр, рацу-бацу кæны, йæ къæхтæ тынг риссынц.
- Къæхтæ алкæмæн дæр риссынц, æрмæст уымæн нæ риссынц. Сывæллæттæ уым сты?
- Майа ам уыди, фæлæ йæм фæдзырдтой æмæ ацыдис.
- Лентъо, хуысгæ кæны?
- Куы хуысгæ фæкæны, куы сысты, ныртæккæ бады.
- Равдис ма мын æй, уæдæ!
- Кæм ис Лери?
- Ам нæй, судзин аразынмæ ацыдис.
- Кетино та, куыдтæ у?
- Ницы йын у. Кусы æмæ цæры… . Мах куыд стæм, сымах дæр афтæ куы
уаиккат, уæд бæргæ хорз уыдаид!
- Ех, махæн дæр ницы у, сымах мын не стут ам, æндæра мах дæр ницы хъуаг стæм.
- Афтæ у, афтæ цард! Куыд уын лæгъстæ кодтон – ды дæр, рацу, зæгъын, рацу?
- «Нæ, йæ къух дæр, дам, мæм ничи фæкæндзæн», - ныр лæуут уым!
- Мах ничи бахъыг дардта æмæ уый тыххæй, стæй ничи нæ цыди æмæ мæнæн
цы мæ бон уыдис?
– Цæхæрæдæтты бакусут, радзур-ма мын, их исты разнаггад кодта?
- Нæ, нæ, ацы аз нæ.
- Цы уын ис, уæдæ, бал уын ис?
- Бал бирæ ис, фæлæ донхорыг не ‘рцыд æмæ махæн лыстæгæй баззад.
Иннæтæ йæ 3 ларийыл уæй кæнынц. Махуæттæн дон дæр нæ уыдис æмæ йæ чи
балхæндзæнис? Æртæ ларимæ йæ уæй кæны алчи. Æнæуи бирæ ис бал.
- Нæ зонын, кæд фæндæгтæ байгом уой, уæд гæнæн ис æмæ æрцæуон.
- Кæд æрцæудзыстут, нывæрдзынæн уын дзы, кæннод дзы исты сараздзынæн.
- Кæд не ‘рцæудзынæн, уæд-иу урс балы мураба сараз.
- О, хорз, уый æнцон у, фароны арæзт дæр мæм бирæ ис.
ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ
ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა
თანატოლი ჰყავს.
რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი
ახალგაზრდების გამოცდილება
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები