რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
8-æм августы хæстæй 12 азы рацыд – Къахниашвили Нана
Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, "Хæст алцыппæт дæр сфысдзæн"… реалондзинад уæззау у æмæ тынг риссаг у. Сæфт территоритæ, сæфт цард, сыгъд хæдзар, бынтондæр фæивгæ цардуаг æмæ адæймагæн æппæты сæйрагдæр – байсгæ цæрæнбон. Ацы риссаг фæстиуджыты ферох кæнынæн дзæвгар азтæ хъæуы.

Махæн, гуырдзиæгтæн райгуырæн бæстæйы уарзондзинады, адæймагуарзондзинады æмæ уазæгуарзондзинады ничи бацамондзæн. Уый дæр тынг хорз зонæм æмæ "мбарæм, æмæ райгуырæн бæстæйы кæй никæмæн байсдзыстæм, фæлæ нæ сæрыл æртыхсгæ 8-æм август тыхдзинады, æнæхæлардзинады, æнæсыхагдзинады ирд цæвиттон уыд.

Азтæ цæуынц, лигъдоны статус та, æндæрты æнгæсау, махæн Леуахигомæй лигъдæттæн дæр цыма æнустæй баззад…

Ныхас кæнгæйæ, нæ зонгæйы æмæ хионы, хаттæй-хатт нал дæр фæхонæм тамрашенаг, ачабеттаг, куртæйаг, ередаг, белоттаг, ванаттаг, сацхенеттаг æмæ а.д., нал дæр цинæй æмæ нал дæр хъыгæй фæдзурæм нæ хъуыдытæ кæрæдзийæн:

"Ацы сабаты, дам, Гогидзетæм чындзæхсæв ис, зæгъгæ", "Чъехы къехура-фæткъуы цъупалгай æрзадис, зæгъгæ", "Змæстытæм æнæгæсгæйæ, Куртайы уæддæр бирæ ирон бинонтæ цæры, зæгъгæ", "Хеиты, Хидашелитæ стыр куывд аразынц, зæгъгæ", "Миндианты æмæ дам, Сверы дысон их уыди, зæгъгæ", "Ибонты, дам, Уанаты бирæгъ ноджы федтой, зæгъгæ" æмæ а.д.

Цадæггай мысинæгтæ фæтых сты нæ хъуыды æмæ нæ зондыл. Реалондзинад нын ивгъуыды баззади, нæ хъуыдытæ сæнттимæ схæццæ сты, уымæн æмæ нын уыдис нæхи хæдзæрттæ, нæхи цæхæрæдæттæ, сæндæттæ, дыргъдæттæ, амондджын азтæ, чындзæхсæвтæ, куывдтæ, дзуарыбонтæ… ныр та, æрмæст ма нын хъуыды æмæ фынтæ баззад, фын кæцы нын йæхи не "вдисы... æмæ, æз, зæгъæм, арæх фæуынын, кæмдæр бакæсгæ æви кæмдæр фехъусгæ æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

"Æвзæр фын федтон æмæ мын æнцой нал дæтты ныр дыууæ боны…"

Махæн лигъдæттæн æнæзæгъгæ у нæ мæт, нæ зæгъинаг та – æгæрон у.

Цæй хъыгаг у, æмæ ацы æнæхъуаджы æнхъæлмæкаст дæр, хъуыдытæ дæр æмæ сæнттæ дæр æгæронæй кæй дарддæр кæнынц…

Цыран нын цæрæн уавæртæ скодтой, уыцыран ныл хур раздæрау кæсы, фæлæ – нæхирдыгонау нæ.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.