რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Мидхъуыддæгты министрады 11 æмкусæгæн рабæрæг COVID-19 – уыдонæй 7 радгæс уыди Ларсы уадзæн пунктыл
Мидхъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр уагдоны 11 æмкусæгæн, фæстаг бонты ауагъд иртасæнтæм гæсгæ, COVID-19 лабораторионæй рабæрæг.

11 æмкусæгæй – 7 цау патрулон полицæйы департаменты арæны контролы æмæ координацийы сæйраг уагдоны æмкусджыты "хсæн фиксиргонд æрцыд, авд æмкусæг дæр сæ куыстадон хæс æххæст кодтой Дарьялы арæнон-уадзæн пунктыл.

Иннæ æртæ цау та, рабæрæг – Местъийы муниципалитеты: сæрмагондæй, зынгхуыссынгæнæгæн, хъахъхъæнæг полицæйы кусæгæн æмæ арæнон полицæйы æмкусæгæн.

11-æм цау та, Тбилисы хъахъхъæды полицæйы инспекторæн рабæрæг. Адонæй алкæйдæр акодтой Тбилисы инфекцион рынчындонмæ.

Мидхъуыддæгты министрады ацы æмкусджыты æнæниздзинады уавæр ацы этапыл æвæрццæг у.

Эпидемиологтæ адонæн сæ контактты активонæй бæрæг кæнынц. Контактты уæвджытæй 20-æй фылдæр æмкусæг ныридæгæн карантинон тыгъдадмæ конд æрцыд.

Нысангонд æмкусджыты куыстадон бынæтты уагъд æрцыд дезинфекцион куыстытæ, специалон тæнгъæдæй бакуыстгонд æрцыдысты хицауадон автотранспорт.

Фæнысан кæнын хъæуы уый, цæмæй Мидхъуыддæгты министрады æмкусджытæ кусгæ режимы рæстæджы, æмбæстæгтимæ ныхас кæнгæйæ, карзæй æххæст кæнынц Æнæниздзинады хъахъхъæныны æппæтдунеон организацийы рекомендацитæ æмæ æдасдзинады протоколæй бæрæггонд нормæты.

Низфæзындты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады национ центримæ координацигондæй, коронавирусыл нысанæмраст тестиркæнынад Мидхъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр уагдоны æмкусджытæн æдзухон режимы уагъд цæуы.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.