რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Гуры "Туаггуыры завод"
2020 азы 8-æм мартъийы Гуры цæрджытæ уынджы федтой иу сылгоймаг, кæцыйы зыдтой, æмæ уый уыд, Италийæ æрцæугæ. Сылгоймаг, социалон хызы, 200-йæ фылдæр пайдагæнæджы "рдыгæй уайдзæфты æмæ агрессийы амæттаг баци. Æмбæстæгтæ уымæн хæдизоляцийы 14 боны æмгъуыды фехалыны тыххæй уайдзæфтæ кодтой.

Низфæзындты Контролы Национ центры Шида Картлийы минæвар ацы гоймаджы уайтагъд дыккаг бон бабæрæг кодта æмæ йæ хæдизоляцимæ рарвыста.

Гуры ацы хабар куы æрцыд, уæд æдыппæт 10 боны аивгъуыдта уыцы бонæй, Гуырдзыстоны коронавирусы фыццаг цау фиксиргонд куы рцыд. Мартъийы мæйы уæд дунейы мидæг пандеми расидтысты. Гуырдзыстон 3-аг мартъийæ арæнæвæрдтæ сфидар кодта. Æхгæд æрцыдысты арæнтæ, тобæгонд æрцыд бæрæг сахатты бынативд.

Æхсæнад тарст уыдис нырма ноджы æнæзонгæ вирусы тыххæй. Активон æмбæстæгтæ нæ урæдтой сæхи æмæ сын адæмы "хсæн уайдзæф кодтой, кæмæдæриддæр сæ зæрдæ "хсайдта, цæмæй инфициргонд уыд, уыдонæн комкоммæ уайдзæф кодтой. Арæх-иу тасы бахаудысты уыцы адæм дæр, чидæриддæр уыцы рæстæджы фæсарæнтæй æрыздæхтис. Ацы рæстæджы, Гуры æфсæддон госпиталь æдæппæт цалдæр боны уыд арæзт ковид-клиникæйæ.

Цы цæуы абон?

10 мæймæ "ввахс рацыди уæдæй фæстæмæ, Гурмæ Италийæ æрыздæхæг сылгоймаджы уайдзæфты бын куы фæкодтой. Бæстæ ныр коронавирусы дыккаг улæнимæ тох кæны. Æрмæст фæстаг æртæ мæйы дæргъы, регионы, коронавирусы 11 264 цау сбæлвырд ис. Октябры, ноябры æмæ декабры мæйты регионы 11 264 адæймаг вирусæй фæрынчын.



Диаграмма: "Инфицирады æвдисæг дыккаг улæн регионы мидæг".

Мæлæты цаутæм та цы хауы, уымæй горæт Гуры уæлмæрды, ноябры æмæ декабры мæйты коронавирусæй инфициргонд 32 адæймаджы баныгæдтой.

Гуры госпиталь – ныфс цæрджытæн

Пандемийы фыццаг боны Гуры госпиталь Гуырдзыстоны иуæй-иу сæйраг ковид-центр сси. Клиника карантинон зонæйæ 2020 азы 1-аг мартъийы расидтысты.



Куыд куыста æмæ куыд кусы абоны онг Гуры госпиталь, цы проблемæтыл æмбæлдис пандемийы рæстæджы, цы хæрдзтæ уыдис госпиталæн, цы медикаменттæ æлхæдта æмæ цы хъæугæдзинæдтыл ныхас кодтой дохтыртæ æмæ цы у "Туаггуыры завод", - уый сбæрæг кæнынæн Шида Картлийы информацион центр Гуры госпиталы директорты "рдыгæй фæлхасы агентадмæ ныффысгæ фыстæджытимæ базонгæ ис.

2020 азы 4-æм мартъийы, госпиталы директор Барлиани Давит туаггуыры 250 медицинон маскæйы балхæнын æркуырдта. Йæ фыстæгæй бæрæггонд цæуы, цæмæй клиникæйы афтечы иуæй-иу хардзгæнæн æрмæджы фæстауæрц фæудгонд уыдис. Афтæ-ма, мартъийы кæронмæ госпиталь уæлдай хъусдард аздæхта дезинфекцион фæрæзтæм – балхæдтой куыд медицинон ифтонгады хъахъхъæнынæн, афтæ, медицинон персоналæн æмæ пациенттæн.

Хосгæнæн хостæм та цы хауы, уымæй, 24-æм мартъийы фыстæджы Барлиани Давит бæлвырд кæны, цæмæй госпиталы, коронавирусæй инфициргондты хоскæнын, Дунеон æнæниздзинады хъахъхъæныны организацийы рекомендацийæ уагъд цыди, сæрмагондæй, медикамент "Пълаквелины" æххуысæй. Барлианы фыстæгæй бæлвырд цæуы, цæмæй сæм фæстауæрцы хуызæй æрмæст 1(иу) къопп кæй уыдис, кæцыйы 60 таблеткæ уыдис. 24-æм мартъийы госпиталь 10 къоппы "Пълаквелин" балхæдта, кæцы уыди 600 таблеткæйы.

31-æм мартъийы госпиталы администраци медицинон персоналы куысты фæхуыздæр кæныны нысанæй, видео-ларингоскоп балхæдта. "Ай фадат ратдзæн дохтырæн дистанционæй сараза пациенты интъубаци, кæцы инфицирады превенци у", - банысан кодта 31-æм мартъийы фыстæджы госпиталы директор.



Интъубаци улæфæн органты сæндидзын кæнын нысан кæны. Мартъийы мæйы кæроны госпиталы фæстауæрцы фæзынди иу ларингоскоп æмæ 2 (дыууæ) вентиляцийы маскæ.

8-æм апрелы зындгонд сси, цæмæй госпиталы "Пълаквелины фæстауæрц кæй фæци. Уæлдæр куыд фыстам, уымæ гæсгæ, дыууæ къуырийы размæ, госпиталæн 600 таблеткæ "Пълаквелин" уыд æлхæд. Госпиталь фæстауæрц скодта 17 къоппы, ома 1020 таблеткæ. Апрелы кæроны ноджы 15 къоппы (900 таблеткæ) балхæдтой. Афтæ-ма сæ апрелы кæроны ноджы бахъуыдис 5 аэрозолон терапийы маскæ æмæ 20 санацийы æхгæд системæ, кæцы пациентты интубацийæн уыдис хъæугæ.

8-æм майы, госпиталы администраци аскъуыддзаг кодта, цæмæй бынатыл сарæзтаиккой "Pჩღ-системæ", кæцыйæ Гуры, коронавирусы рабæрæг кæныны нысанæй, тестир кæнын райдыдтаид.

Госпиталы бюджетæй 128 000 лари рахицæнгонд æрцыд. Пъланмæ гæсгæйæ, системæйы арæзт иу мæймæ хъуамæ фæуыдаит, фæлæ фæстæдæр фæззæджырдæм фендзыстæм, куыд куыста "Pჩღ-системæ":

"Фæстаг дыууæ мæйы дæргъы, æфсæддон госпиталь 500-йы онг стационарон æмæ 100-йы онг амбулаторион пациенты райста, кæцытæ иденитфициргонд уыдысты ჩOVID-19 инфекцийæ гуырысхойаг кæнæ сбæлвырдгонд цаутæй. Уымæ гæсгæйæ, æмæ æфсæддон госпиталь, æмбæстагон контигентæй дарддæр, æххæст кæны патронаж æмæ дзуаппдæттæг у æфсæддон службæгæнджыты, сæ бинонты уæнгты æмæ Хъахъхъæнынады министрады системæйы кусæг гоймæгты æнæниздзинадыл, æнæмæнгхъæугæ у госпиталь ифтонггонд æрцæуа нырыккон PCR-системæйæ, кæцы нын фадат ратдзæн кусæн процесс суа фылдæр арæхстджын, рационалон, афтæ-ма экономи цæудзæн паддзахадон ресурс, анализты транспортирад, госпиталы хуыссæны фæфæстиаты оптимиздзинад", - банысангонд ис 10-æм майы фыстæджы.

Майы мæйы, клиникæйы персонал, уыцы нысанæй, æмæ "госпиталы хосгæнæг пациентты иртасæнтæ фенын кодтой, цæмæй фылдæр цауы пациенттæн рабæрæг витамин D3-йы цухдзинад" клиникæ 60 флаконы къоледаны æртæхтæ балхæдта.

Нырма ноджы майы мæй уыдис, Гуры госпиталы медицинæйы доктор, Чъумбуридзе Нино нын куы загъта, цæмæй вирусы токсикон уæлæндæвды, афтæ-ма æрдзæй рахæсгæ ахасты, зиангæнæг ахуырты, гæнæнуæвæг хроникон низфæзындтæм гæсгæйæ, госпиталы патологон низфæзындты уаг дæттыны къорд арæзт æрцыд.

Патологон, йемæ цæуæг низфæзындтæм гæсгæйæ у сæкæры низ (диабет), улæфæн системæйы, зæрдæйы тугдадзинты, эндокринологон, централон æмæ периферон нервон системæйы, цармы стæг-æрхæгон, онкологион æмæ аутоимунон низтæ. Низфæзындты уаг дæттыны клиникон къорды уæнгтæ сты: терапевттæ, кардиологтæ, эндокринологтæ, токсиколог, гематолог, эпидемиолог, невролог.

"Уымæн æмæ вирусы спецификæмæ гæсгæйæ, пациентты хос кæнын, уыдонæн уæдмæ æнахуыр (изоляцигонд) уавæры цæуы, кæцы уыдонæй бирæтæн психологон æндыгъддзинады зынын кæны, æмæ уый тыххæй къорды психолог дæр ис. Адонæй алкæцымæ гæсгæйæ, нæ паддзахадон рекомендацитæм, нæ мидæгон госпиталон разамонæг дæр бафтыдтам, кæцы патологон низфæзындты лабораторион-инструменталон иртасæнты бафтыды æмæ уыдонæн уаг дæттын нысан кæны хосгæнæн хæлцадимæ иумæ", - загъта нын Чъумбуридзе Нино.



"Фæурæд (улæфт)" дыккаг улæнмæ

Июны æмæ июлы мæйты Гуырдзыстоны коронавирусы сбæлвырды цаутæ цæхгæр фæкъаддæр ис. Байгом мидæгон туризм, фæрогдæр сты регуляцитæ.

"1-аг мартъийæ 1-аг июлмæ госпиталы расидтысты карантинон зæнæйæ. Ацы периоды дæргъы арæзт цыд æрмæст уыцы æнæмæнгхъæугæ медикаментты æлхæд, кæцы æнæмæнгхъæугæ уыдис коронавирусон низфæзындты апырхы превенцийæн", - зæгъы госпиталы директоры хæстæ æххæстгæнæг Чимакъидзе Нодар.

Уый фыстæгæй бæрæггонд цæуы, цæмæй сын лабораторион пробиркæты фæстауæрц (запас) фæцис æмæ 7000 пробиркæйы балхæдтой. Августы кæронмæ госпиталь ахæм исты форс-мажорон ситуацийы нал бахауди.

II уылæн

Гуырдзыстоны коронавирусы дыккаг уылæны райдыд августы фæуды æрцæугæ фæзындтимæ баст у. Батумы, кондитерон амалиуæг "Донайы" фæлхасгæнджытæ æмрæстæджы фæрынчын сты вирусæй. Ачъарайæ æндæр æмæ æндæр регионæй улæфджытæ фæстæмæ здæхын этапонæй райдыдтой.

2020 азы 21-æм августы, госпиталы ног директор, Урткмелидзе Малхаз хъусын кæны, цæмæй клиникæйы æмкусджыты "хсæн, рабæрæг коронавирус. Низфæзындты контролы центры минæвæрттæ журналисттæн загътой, цæмæй хъуыддаг хауди Ачъарайы регионæй æрбаздæхгæ дохтырмæ, кæцы иннæ персоналы инфицирады равзæрæн сси.

"Æфсæддон госпиталы æмкусджыты "хсæн рабæрæггонд ног цауты тыххæй, æмкусджыты иу хайы, се "хсæн, туджы банкы æмкусджыты дæр арвыстой карантинон зонæмæ, цæй тыххæй дæр клиникæйы нал æрцыд туджы донаци æмæ фæцухи туджы уæвыны фæстауæрц. Бахъуыдис дефицитон къорды туджы æвæстиатæй балхæнын", - фыссы 21-æм августы фæлхасы агентады хистæрмæ госпиталы директор.

Ацы фыстæгæй бæрæггонд цæуы, цæмæй госпиталы туджы банкы æмкусджыты массивон хæдизоляци туджы дефицит расайдта, æмæ уæд дефицитон туг "Гормедæй" бахæдтой.

18-æм сентябры госпиталы æмкусджыты иу пациенты уавæр тæссаг хъуыдыты ныппæрста. Терапевтон хайады къухдариуæггæнæг Надирашвили Зураб 53-аздзыд сылгоймаджы тыххæй тагъдæххуысы амæлтты райсын æрдомдта. Администраци рекомендаци профессор Церцвадзе Тенгизæй райста:



Фотойыл: профессор Церцвадзе Тенгиз Гуры

"Нæ хайады хос кæны 53-аздзыд сылгоймаг ахæм диагнозимæ, ног коронавирусæй расайгæ – пневмони, тыхулæфт, анамнезы рæуджыты саркоидоз, йæ уавæр уæззау, улæфæн аппаратыл у иу. Нысангонд пациентæн ауагъд иртасæнæй рабæрæг чырæгон æмæ гуморалон иммунитеты æвдисæджы карз лæмæгъдзинад", - фехъусын кодта терапевтон куыстуаты хистæр директорæн.

Октябры мæйы райдианы госпиталмæ уыцы пациентты истой, кæцытæ уæдмæ æндæр клиникæты хос кодтой, фæлæ уыдонæн сæ уавæр фыддæрæй-фыддæр кодта.

Зæгъæм, 6-æм октябры интенсивон зылды æмæ анестезиологон хайады расæрибар кодтой æмæ дзы сынтæджытæ æрывæрдтой ковид-пациентты райсынæн. Терапевтон куыстуаты хистæры Надирашвили Зурабы зонæнтæм гæсгæ, æндæр æмæ æндæр регионтæй æрбакодтой инфициргонд пациентты, кæцыты уавæр критикон уыдис.

Хос кæнынмæ та цы хауы, уымæй, ацы хатт, ныридæгæн ног протокол архайын райдыдта, кæцымæ гæсгæ, хос кæныны пайда кæнынц медикамент "Солу медрол".

Пациентты ахæм сарæхдзинад госпиталы администрацийæн фæстæдæр ног проблемæтæ фæзынын кодта. 12-æм ноябры госпиталы администрацийы хистæр специалист Махъишвили Ладо эпидситуацимæ гæсгæйæ æмæ пациентты нымæц фæфылдæрмæ гæсгæйæ, уæлæмхас туаггуыры балонтæ æркуырдта. Сæмагондæй, - 10 сæр (штук) 5-литрон мобилон балоны редукторы.

Иу къуырийы фæстæ, 18-æм ноябры госпиталь туаггуыры балонты æлхæнын адарддæр кодта. Балхæдтой 10 сæр (штук) 40-литрон балоны. Ацыран, рабæрæги ахæм медикаментты балхæныны æнæмæнгдзинад, кæцы рæзгæ пациентты "хсæн рыст уромыны эфект дæтты.

24-æм ноябры терапевтон хайады хистæры зонæнтæм гæсгæ, æрмæст ковид-инфициргондты нымæц нæ сырæзти, фæлæ ма, иумæйагæй фæфылдæр ис критикон уавæры уæвæг пациентты нымæц дæр:

"Уымæ гæсгæйæ, сырæзти фынæйгæнæн психотропон медикаментты "Сол мидазоламы" пайдакæнынад, афтæ-ма, сырæзти "Неопан мулти 3-йы" пайдакæнынад.

26-æм ноябры цымыдисаг статистикæ бацæттæ кодта афтечы къухдариуæгад:

"Кæд æмæ цæугæ азы сентябры мæйы "Медазоламы" хардз кæнын уыди 230 ампулæ, уæд октябры мæйы ацы медикаменты хардз кæнын сырæзти 1400 ампулæйы онг, фæлæ 20-23 ноябрæн афтекæй ауæй ис 2980 ампулæ æмæ афтечы нал баззад ацы медикаментæй", - фыссы афтечы къухдариуæггæнæг Хъачъеишвили Тина.

Афтечы директоры хыгъдлæвæрды тынг хорзæй зыны, афтæ-ма "диазепамы" хардз кæныны рæзт. Рыст уромæн хос сентябры мæйы 230 ампулайы радтой, октябры мæйы – 50, фæлæ ноябры мæйы та – 950 ампула.

Туаггуыры завод



Фотойыл: Туаггуыры заводы модел, кæцы компани "Октавус" Гуры госпиталы смонтаж кодта.

2020 азы 9-æм октябры, Гуры госпиталы администраци расидт тендер туаггуыры заводы смонтаж кæныны фæдыл. Ай тыххæй 372 000 лари рахицæнгонд æрцыд. Тендеры уæлахиздзау компани "Октавус" йæхимæ райста уыцы хæсдзинад, цæмæй уый ацы туаггуыры арæзт дыууæ мæйы мидæг смонтаж кодтаид.

2020 азы 27-æм ноябры, администрацийы хистæр специалист Махъишвили Ладо туаггуыры балонты уæлæмхасæй фæстауæрц æркуырдта. Махъишвили директорæн æмбарын кодта, цæмæй цалынмæ туаггуыры завод арæзт æрцыдид, уæдмæ сæ балонтæ æнæмæнгæй кæй хъæуы.

9-æм декабры Махъишвили Ладо ноджы уæлæмхасæй туаггуыры балонтæ æркуырдта, уый тыххæй æмæ туаггуыры пайдакæнынад сырæзтис: "Ныртæккæ, реанимацион хайадмæ цæуæг туаггуыры трубæ не сифтонг кæндзæнис фаг бæрцы туаггуыры рауагъд, цæй тыххæй дæр нысангонд хайады рауадзинаг у хицæн туаггуыры трубæ", - фехъусын кодта Махъишвили клиникæйы директорæн. "

Гуры госпиталы туаггуыры заводы арæзтад 2020 азы 9-æм декабры фæцис.

Госпиталы нын загътой, цæмæй туаггуыры завод кусы, фæлæ нын комментарийыл не сразы сты.

Документацимæ гæсгæйæ, медицинон туаггуыры уадзæг завод бакусдзæн иууыл къаддæр 52 м3/сахаты мидæг. Заводæй туаггуыры бадæттыны æнæкъуылымпыйы цауы (эл. энергийы фескъуыды кæнæ 90%-æй къаддæр туаггуыры концентрацийы цауы), система автоматиконæй ахиздзæн туаггуыры балонтæм.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.