რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« ნოემბერი 2024 »»
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Æхгæд лагерь пандемийы рæстæджы
Гуры муниципалитеты Бобнеуы хъæуы лагерь 2021 азы 6-æм июлы байгом, фæлæ – 10 бонмæ æхгæд æрцыд. Премьер-министр, 17-æм июлы фехъусын кодта, цæмæй лагеры типы æмбырдтæ 19-æм июлæй тобæгонд æрцæудзысты. Бобнеуы лагеры сабитæ æмæ хъомылгæнинæгтæ 18-19-æм июлы ныууагътой.

18-æм июлы, изæры стыр арт скодтой, алчидæр сæ тырныдта, цæмæй максималонæй спайда кодтаид баззайгæ минуттæ. Лагеры лидер Надирадзе Скъипъ (Мамукъа), архайдта, цæмæй ацы изæр уыдонæн уыдаид æнæферохгæнгæ:

«Федтат уæхи цæстæй, нырма цалдæр боны рацыдис лагерь куы байгом уæдæй, æмæ нын фехъусын кодтой, цæмæй лагерон æмбырдтæ тобæгонд кæй æрцæудзысты. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æххæст кæнæм ацы регуляцитæ, сабитæн тынг зын уыдис, фæлæ нын æндæр амал нæ уыдис. Сæрды дæргъы, ардæм хъуамæ цалдæр къорды æркодтаиккам. Сабиты мэриа æвзæрста æмæ сын мах та – хъуамæ фысымиуæг бакодтаиккам», - зæгъы нын лагеры разамонæг.

Лагерь «Тъонтио» Бобнеуы хъæуы ныр цалдæр азы уæвы. Ацы хъæу Тъанайы комы ис, сæрмагондæй, Атъены хъæуы фæстæ ис. Ам æввахс у Бийсы хъæу, цыран тынг рæсугъд æхсæрдзæн ис. Ацы æхсæрдзæнмæ иу уынæг цыдысты.

Хъомылгæнинæгтæ райсомæй 7 сахатыл райдайынц тренировкæ кæнын, стæй аходæн кæнынц æмæ æххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр активтæ. Пълан кæнынц балцытæ. Надирадзе Скъипъ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, хъомылгæнинæгтæ сæ рæстæг, сæйрагæйдæр халагъудты (палаткæты) æдде æрвитынц, гом тыгъдады, кæнæ хъæды, кæнæ историон цыртдзæвæнты уынынмæ цæуынц:

«Зæгъон уын, æмæ стыр тас уæвыди лагеры эпидемийы апырх кæныны, мæнмæ гæсгæ, афтæ нæ уыдис, уымæн æмæ, алы регуляцийы дæр æххæст кодтам, тагъд – тесттæй систематиконæй бæлвырд кодтам лагеры хайадисджыты, æниу нæ уæддæр бахъуыди ситуацийы хыгъдмæ бахæссын», - зæгъы Надирадзе Скъипъ.

Куыд мэриайы 8-æм июлы хъусинаджы у банысангонд, афтæмæй, ацы азы сæрды 400 сабийы хъуамæ баулæфыдаид. Фыццаг къадайы (къорды) рæстæджы, 50 сабийы акодтой.

«Абон æвзонг фæсивæды (50 æвзонг) фыццаг къорд афæндарасти. Уыдон лагеры 5 боны баззайдзысты. Мэриа проекты 36 800 ларийæ финанс кæны. 14 азæй 19 азы онг хъомылгæнинæгтæн лагерь аст этапæй бафысымиуæг кæндзæн. Лагеры бенефициартæ быдырон уавæрты халагъудты (палаткæты) цæрын сахуыр кæндзысты. Афтæ-ма арæзт æрцæудзæн балцытæ, уагъд æрцæудзæн спортивон æмæ культурон мадзæлттæ. «Сæрдыгон лагерь - 2021» Тъанайы комы, Гуры муниципалитеты мэриайы æмæ ассоциаци «Тъонтиойы» æмфинанскæнынадæй байгомис», - нысангонд цæуы Мэриайы 8-æм июлы хъусинаджы.

Мэриайы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, лагерьмæ сабиты æвзаргæйæ, сæ фылдæр æвзæрст æрцыд социалон æнæхъахъхъæд, бирæзæнæгджын, лигъдон бинонты æмæ оккупацигонд территориты æмарæн хъæуты цæрæг æмæ æндæр æмæ æндæр проекты хайадисæг активон æвзонг фæсивæд.

Надирадзе Скъипъ зæгъы, цæмæй 19-æм июлы фæстæ, Гуры мэриамæ фыстæг арвыстой, цæмæй сабиты фæндонмæ сæ хъус æрдарой æмæ лагеры функци сног уа:

«Уыйас халагъудтæ æвæрд æрцыд, уыйас педагог куыста, уыйас саби у фыст, уый тыххæй нæ фæндондзинад у, цæмæй лагеры куыст сног уа. Æххæст кæндзыстæм алыхуыз регуляцийы дæр. Æнхъæлмæ кæсæм дзуаппмæ», - зæгъы лагеры разамонæг.

Уый ныхасмæ гæсгæ, лагеры нæй эпидемийы тасдзинад. Æхсæвы халагъуды æрмæст 4 адæймаг фынæй кæны, æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ дзы 5 адæймаг хъуамæ уа.

«Афтæ-ма, зæгъын хъæуы уый дæр, цæмæй сабитæ фылдæр гом тыгъдады кæй вæййынц. Змæлынц æмæ къаддæр шанс ис, ноджыдæр-ма фæлхатт кæнын, эпидемийы апыркæнынад минимум кæй у, æххæст кæнæм регуляциты. Æддейæ никæй уадзæм. Ис нын медицинон халагъуд. Фенæм, цы уынаффæ рахæсдзысты», - зæгъы Надирадзе.

Бобнеуы лагерь 2008 азы арæзт æрцыд. Уæды премьер-министры уынаффæйæ 4 га фæзуат, хъæдты фондæй рахицæнгонд æрцыд. Уæды онг, банысангонд территорийыл арæзт уыдис Гуры фæлварæн-амонæн хъæдты хæдзарад.

Лагерты арæзты æппæтадæмон фæлтæрддзинад

Сабиты хъахъхъæныны организаци, кæцы Америкæйы педиатрийы институты базæйыл у арæзт, рекомендацитæ уыцы ныййарджытæн бакуыстгонд æрцыд, кæцытæ лагерьмæ сæ хъæбулты арвитын фæнд кæнынц.

Специалисттæ æмбарын кæнынц, цæмæй сæрдыгон лагерьтæ, сабиты æмæ хъомылгæнинæгты ‘хсæн, кæрæдзиимæ схæлардзинады шанс фылдæр кæны, æххуыс кæны райрæзтæн. Бирæ ацы гæнæндзинад COVID-19 пандемийы рæстæджы, не спайда кæндзысты сабитæ.

«Пандемийы райдыдæй иу азæй фылдæр рæстæджы дæргъы, иртасæнтæ фенын кодтой, цæмæй лагерьтæ æдасдзинады æмбæлон мадзæлттæм гæсгæ, гæнæн ис нысаниуæгджынæй фæкъаддæр кæна COVID-19 инфекциты апырхкæнынад.
Сæйраг къахдзæфтæм хауы COVID-19 вакцинацийы, физикон дистанцийы хъахъхъæнынады, чысыл къордты комплекткæнынады, мидæгон тыгъдады медицинон маскæты дарыны, къухты гигиенæйы æмæ сыгъдæгдзинады æмæ дезинфекци кæныны, куыд алыбойнон рутинон хайы», - нысангонд у иртасæны.

Лагеры байгом кæныны цауы, 2 азæй хистæр кары саби æмæ алы æмкусæг хъуамæ дара медицинон маскæ бæстыхайы мидæг, уæлдайдæр уыцы цауы, кæд алчидæр нæ уыдзæнис æфтыд (вакцинацигонд).

Кæд лагерь кусдзæн æххæстæй вакцинацигонд персоналæй æмæ хайадисджытæй, уæд лагеры уæвгæйæ нæу хъæугæ уæлæмхас COVID-19 æдасдзинады мадзæлттæ, цахæм у физикон дистанци.

Куыд баххуыс кæндзæнис лагерь æнахъом сабитæн, цæмæй уыдон бахъахъхъæной коронавирусы æдасдзинады уагæвæрдтæ? Лагерæн хъуамæ уа кармæ гæсгæ æмбæлон фадæттæ, цæмæй баххуыс кæной сабитæн æдасдзинады мадзæлтты хъахъхъæнынæн, цахæм у гигиенæ æмæ æдасон дистанцийы æххæст кæнын гæнæндзинадмæ гæсгæ æмæ практиконæй. Ай гæнæн ис æмæ уа расидт, уæлдайдæрæй æвзонг лагертæн, уымæн æмæ уыдон бахъæудзæн фæлтæрддзинад.

Дуармæ куыст, фылдæр сыгъдæг уæлдæф къаддæр кæны COVID-19-ы апырхы риск æнæвакциниргонд сабиты ‘хсæн. Дуармæ уæвынад-ма ноджы дæтты сабитæн æрдзимæ æввахсдзинады фадатдзинады, кæцы гæнæн ис æмæ фæхуыздæр кæна уыдонæн се ‘нæниздзинад æмæ психологон уавæр дæргъвæтин æмæ уæззау азы фæстæ. Фæлæ, лагерьтæ хъуамæ фæцъусдæр кæной иумæйаг ифтонгад хъазтыты æмæ активты æмæ хъуамæ арæх ссыгъдæг кæной уыдон.

Цы рцæудзæн, кæд уыдонæй исчи фæрынчын уыдзæн? Лагертæн хъуамæ уа пълан арæзт, цы хъуамæ сараза, кæд æмæ хайадисджытæй кæнæ персоналы уæнгтæй искæмæн райдайдзæн COVID-19-ы симптомтæ, кæнæ æндæр исты низфæзынд. Уый хъуамæ бындурæвæрд уа æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæды центры рекомендациты æмæ политикæйы уый тыххæй, кæд æмæ куыд хъуамæ среагир кæна.

Лагеры уæвæг сабитæ гæнæн ис тæрсой хæдзарæй дард уæвынæй æмæ-ма афтæ ноджы, æндæртимæ комкоммæ фембæлынæй. Лагеры кусæг гоймæгтæн, кæцытæн сæ хæс у сабитæм зилын, уыдонæн хъуамæ уа специализацион тренинг рацыд, цæмæй баххуыс кæной сабийæн стрессы аиуварс кæнынæн.

Америкæйы низфæзындты контролы æмæ превенцийы центрмæ (CDC) гæсгæ, лагеры чысыл къорды фæлтæрд персоналимæ, фæкъаддæр кæндзæн COVID-19 риск æнæвакциниргонд сабитæн.

Гуырдзыстоны сабиты ‘хсæн коронавирусы цаутæ фæстаг мæйы дæргъы цæхгæр фæфылдæр сты. Низфæзындты Контролы Национ центры Шида Картлийы организацийы къухдариуæггæнæг, Корчашвили Экъайы ныхасмæ гæсгæ, фæстаг бæрæггæнæнтæй, Шида Картлийы коронавирусæй 59 саби у инфициргонд.

3-аг августы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 827 ног цау ис, сынæниз 1 895 гоймаг, амард 34 пациент.

Абон бæстæйы рабæрæг инфицирады 4 827 ног цаутæй: Тбилисы рабæрæг 2 297 цау, Ачъарайы - 634, Имереты - 494, Квемо Картлийы - 253, Шида Картлийы - 262, Гуриайы - 100, Самегрело – Земо Суанеты - 224, Къахеты - 323, Мцхета-Мтианеты - 156, Самцхе-Джауахеты - 47, Рачъа-Лечхумы æмæ Квемо Суанеты - 37.

Бæстæйы COVID-19-ы пандемийы апырхæй абоны онг рабæрæг сбæлвырдгонд цауты иумæйаг нымæц у 428 670. Фæлæ æдæппæт сынæнизты нымæц та у 388 893-йы онг. Пандемийы апырхæй абоны онг вирусæй æдæппæт 5 910 гоймаг фæзиан.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.